08 майя 2024

ЛÆГДЗИНАД ХЪОМЫСДЖЫН ХЪУЫДДÆГТÆЙ РАБÆРÆГ ВÆЙЙЫ

15.07.2023 | 21:28

Нæ республикæйы цыдæриддæр газеттæ æмæ журналтæ уагъд цæуы, уыдон се ’ппæт дæр мах нæ хæдзармæ исæм. Æмæ дзы алкæй тыххæй дæр мæ бон у зæгъын бæлвырд хъуыдытæ. Фæлæ абон мæ ныхас у газет «Дигорæ»-йы тыххæй. Цæмæн – уый тыххæй та бæлвырддæрæй зæгъдзынæн мæ раныхасы кæронбæттæны.

Ныр та уый зæгъын, æма нæ газетты ’хсæн цы йæ уындæй, цы йæ мидисæй, зæрдæ æппæтæй тынгдæр барухс вæййы газет «Дигорæ»-йæ. Куы йæ райсын, уæд тынг зæрдиагæй бацин кæнын, суанг йæ фиццаг фарс куыд фæлгонцгонд вæййы, ууыл. Тынг дисы мæ бафтауы, цы рагон къамтæ, цы аллыхузон нывгæнджыты æнахуыр нывтæй йæ сфæлгонц кæнынц, уыдон редакцийы кусджытæ, фыццаджыдæр та, æвæццæгæн, йæ сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус кæм ссарынц, ууыл. Цæст сæм кæсынæй нæ фефсæды. Газеты иннæ фæрстæ куы рафæлдахай, уæд дзы сæмбæлдзынæ, нæ иннæ газеттæй чи ферох, ахæм фарстатыл фыст æрмæджытыл.

Мæнмæ гæсгæ газеты коллективæн уæлдай арфæ кæнын хъæуы, Ирыстонæн кæддæры азты бирæ хæрзты чи бацыд, уыцы кады аккаг адæймæгты рухс нæмттæ æмæ арфиаг хъуыддæгтæ нын рох кæнын кæй нæ уадзы, уый тыххæй. Æппæт уыдæттæ æнæмæнг зонын хъæуы не ’ппæты дæр, уæлдайдæр та кæстæрты, цæмæй сын уой дæнцæн, фæзмой сæ рæстзæрдæй сæ хъысмæт аразыны хъуыддаджы, уыдоны хуызæн æнувыд уой нæ райгуырæн Ирыстоныл, нæ Фыдыбæстæйыл, цæттæ уой сæ сæрвæлтау хъазуатонæй балæггад кæнынмæ.

Уæлдай æхсызгон та уый у, æма газет тынг æнувыдæй архайы нæ адæмы удварны хæзнатæ бахъахъхъæныныл – цæмæй æнустæмæ цæрæццаг уой, цæмæй нæ рæзгæ фæлтæртæн уой хион æмæ зæрдтагон. Уый фæдыл бирæ ахсджиаг æрмæджытæ мыхуыргонд цæуы газеты фæрстыл. Æвдисæнæн дзы æрхæсдзынæн æрмæстдæр уый, æмæ дзы æрæджы бакастæн зындгонд поэт Багъæраты Созыры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæджытæ. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд Скъодтаты Эльбрусы уац. Автор тынг зæрдæмæхъаргæ фыст ныккодта Созыры цард æмæ сфæлдыстадыл. Бирæ цымыдисаг хабæрттæ дзы базыдтон.

Йæ цæрæнбон бирæ уæд нæ зындгонд фыссæгæн, æгайтма нæ газеткæсджытæн ахæм бирæвæрсыг æрмæг сæ размæ рахаста.

Созыры тыххæй мæхæдæг дæр бирæ зонын . Мæ мадыл цыдис нæуæдз æхсæз азы, æртæ азы размæ йæ уæлзæнхон цардæй ахицæн. Йæ рæстæджы, Хуымæллæджы скъолайы куы ахуыр кодта, уæд уым дыгурон æвзаг дæр ахуыр кодтой. Созыры æмдзæвгæтæй тынг бирæ зыдта æмæ мын сæ иу арæх касти. Ам, Беслæныхъæуы, не ’мкъул бирæ азты фæцардис Созыры чызджытæй иу – Симæ, Дулаты чындз. Нæ сыхæгтæ йын стыр аргъ кодтой. Уыдис тынг уæздан, аив, куырыхон адæймаг. Уый-иу арæх дзырдта йæ курдиатджын фыды хабæрттæ. Симæйæн йæ мад, Созыры бинойнаг дæр-иу ам йæ чызгмæ уыдис, мах æй бирæ уарзтам, уæздан, хæрзаив сылгоймаг. Тынг арæх-иу хъæрæй куыдта… Æз Симæйы бафарстон, цæмæн афтæ кæны, зæгъгæ, æмæ мын радзырдта: къамтæм, дам, фæкæсы, æмæ йæ зæрдыл æрлæууынц, цæгатæй дæр ын кæй ничиуал ис, стæй йæ сæрыхицауы фыдæбæттæ, йæ тыхст æмæ мæгуыр царды хабæрттæ. Æмæ уæд афтæ фæкæуы.

Симæимæ, куыд сыхæгтæ, афтæ цардыстæм хæларæй. Хъуыды ма йæ кæнын, кæддæр йемæ Чырыстоныхъæумæ дæр ацыдыстæм, æмæ Созыры ингæнмæ базылдыстæм. Иухатт ма йæ зæгъын, газет «Дигорæ»-йы редакци тынг хорз бакодта, Багъæраты Созыры афтæ лæмбынæгæй кæй æрымысыдысты, уымæй.

Цымыдисаг æрмæджытæ ацы газеты фæрстыл бирæ вæййы. Мæ зæрдæмæ тынг цæуы, æцæгæй кады аккаг адæймæгты тыххæй дзы бæстон æмæ аив æрмæг, суанг газеты цалдæр фарсыл куы вæййы, уый дæр.

Иу рæстæджы газеты бакастæн æрмæг зындгонд нывгæнæг Тугъанты Махарбеджы тыххæй æмæ йын йе ’сфæлдыстад хуыздæр базонон, зæгъгæ, суанг Дур-Дурмæ дæр ма мæ цардæмбалимæ ацыдыстæм йæ музей фенынмæ. Æцæг, уыцы бон æхгæд разынд, фæлæ йæ иу бон æнæ бабæрæг кæнгæ нæй.

Æрæджы бакастæн нæ курдиатджын фыссæг Будайты Милусяйы чиныг «Уыды суадон». Мæ хъуыдытæ ацы чиныджы тыххæй ныффыстон газеттæ «Рæстдзинад» æма «Дигорæ»-мæ, тынг мæ фæндыди, ме ’рмæг фыссæджы чиныджы презентацийы бонмæ куы рацыдаид, уый.

Мæ фæнд сæххæст ис Эльбрусы зæрдиаг узæлды руаджы. Ахæм диссаджы хорз æй бацæттæ кодта, сфæлгонц æй кодта фыссæгæн йæхи æмæ чиныджы къамтæй, æрмæг чи ныффыста, уый къамæй дæр, суанг ма чиныджы цы радзыртæ ис, уыдонæй ист скъуыддзæгтæй дæр. Æппæтæй диссагдæр æмæ æхсызгондæр та мын уыд, æмæ афонадыл мыхуыргонд кæй æрцыд, уый.

Ацы хабары кой уымæ гæсгæ кæнын, æма хорзæн бафæзминаг у иннæ газетты редакцитæн дæр.

Стæй мын æхсызгон уыди уый дæр, æмæ адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдис ме ’рмæг. Милуся йæхæдæг, нæ национ культурæйы номдзыд архайджытæ Кокайты Тотрадз, Дзбойты Мишæ, Езеты Марклен, стæй ма бирæтæ мын зæрдиаг арфæтæ фæкодтой.

Æз та стыр арфæ кæнын, бирæ аргъ кæмæн кæнын, уыцы газеты редакцийы коллективæн, уæлдайдæр та йæ разамонæг Сакъиты Эльбрусæн. Æз æй нымайын курдиадджындæр журналист æмæ редакторыл. Уымæн æвдисæн у уый дæр, æмæ редакцийы коллектив, цыма  иу бинонтæ сты, афтæ кæрæдзийы æмбарынц, æмвæнд-æмзондæй архайынц сæ куысты хъуыддæгты.

Мæ цæст сын уарзы æнæниздзинад, ног сфæлдыстадон уæлахизтæ.

Ныр та мæ ныхасы кæронбæттæны зæгъинаг дæн уый, æма абон сæрмагондæй цæмæн дзурын газет «Дигорæ»-йы. Фыццаджыдæр зæгъинаг дæн: Хуыцауы зæрдæйы нын уыди хорз ракæнын æмæ нын балæвар кодта газет «Дигорæ». Уыйимæ та нын, æвæццæгæн, бафæдзæхста: «Мæнæ уын, рагæй-æрæгмæ кæмæ бæллыдыстут, мæ уыцы лæвар, æрмæст бацархайут йæ бахъахъхъæныныл, разынæд уæм, йæ хъысмæт амондджын, йæ  сомбон та куыд рауайа, уый тыххæй лæгдзинад!..» Хуыцауы лæвар нæ дзыллæ йæ рæстæджы бæргæ æхсызгонæй райстой, фæлæ йæ лæварыл аудыны фæдзæхст сæххæст кæныны тыххæй та ныронг уадиссагæй ницы ма сарæзтой. Æндæр уый куыд у, æма ахæм диссаджы газетæн йæ тираж, зæгъынæн дæр æфсæрмиаг чи у, ахæм гыццыл рауайы – хæдбарæй йæ чи рафыссы, уыдоны бæрц свæййы… 250-300 адæймаджы. Æма тираж цæмæй иуцасдæр фæхуызæнондæр уа, уый тыххæй редакцийы кусджыты бахъæуы мæгуыргурæгау зилын, уæддæр сын чи феххуыс кæна, уыдоныл. Уый худинаджы хабар нæу?!.   Æмæ æз абон афтæ зæгъын: йæхи дыгурон чи хоны æма йæ мадæлон æвзаг зынаргъ кæмæн у, уыдон хъуамæ æнæмæнгæй газет «Дигорæ» алы аз дæр фыссой. Стæй æрмæст дыгурæттæ нæ – газеты фæрстыл иудадзыгдæр мыхуыргонд цæуынц æрмæджытæ ирон æвзагыл дæр, æмæ йæ уæд ирæттæ дæр цæуылнæ хъуамæ рафыссой!..

Нæ фыдæлтæ афтæ-иу дзырдтой: «Лæгдзинад хъомысджын хъуыддæгтæй рабæрæг вæййы!..» Цæй æма мах дæр нæ лæгдзинад бавдисæм æмæ саразæм нæ адæмæн фарнхæссæг хъомысджын хъуыддæгтæй иу: дзыллонæй рафыссæм æмæ кæсæм газет «Дигорæ». Мæхи тыххæй та афтæ зæгъын, æмæ: мах хæдзарвæндаг Сакъиты Эльбрус разамынд цы газет «Дигорæ»-йæн дæтты, ууыл нæ зæрдæ никуы сивдзыстæм.

 

ХЪАРИАТЫ Фатимæ,
Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Беслæны центрон библиотекæйы специалист.