26 декабря 2024

ЛЕНИНОН ПРЕМИЙ ЛАУРЕАТ

17.03.2021 | 15:58

Советон доги номдзуд хӕдзарадон ӕма паддзахадон архайӕг ТӔКЪОТИ Авсимайхой фурт Дзандари райгурдбӕл исӕнхӕст ӕй фондз ӕма фондзинсӕй анзи.

Раздӕри Киристонгъӕу – абони сахар Дигора Иристони адӕмӕн берӕ хуарз лӕгтӕ балӕвар кодта. Зунд ӕма ӕгъдауӕй, хъаурӕ ӕма бӕгъатӕрдзийнадӕй сӕ кой райгъустӕй сауӕнгӕ фӕсарӕйнаг бӕститӕмӕ. Нимайӕ ӕма нимайӕ ӕскъуӕлхт инженерти, дохтирти, ахургӕнгути, ӕфсади инӕлӕртти, Советон Цӕдеси Бӕгъатӕрти, финсгути, хузӕгӕнгути…

Ӕрдзӕ равардта Киристонгъӕуӕн уойбӕрцӕ курухон номдзуд лӕгтӕ, абони сӕрустур кӕмӕй ан, ке зунд ӕма уодигъӕдӕбӕл ахур кӕнӕн нӕ кӕстӕр фӕлтӕрти, уони. Хонӕн сӕ адӕймаги меддуйней рӕсугъддӕр менеугутӕй равзургӕ лӕгтӕ, рабарӕн сӕ стъалути хӕццӕ. Дзорӕ ӕма дзорӕ, сӕ уарзон адӕмӕн ци берӕ хуӕрзти бацудӕнцӕ, уонӕбӕл. Сӕ еугуребӕл кӕми ес рахъӕртӕн, кӕд ӕма си алке туххӕй дӕр хецӕн киунугӕ ниффинсӕн ес, уӕд. Ӕз бал зӕгъдзӕнӕн сӕ хуӕздӕрти хуӕздӕртӕй еуей туххӕй – Ленинон премий лауреат, нефти игурӕнтӕ ӕртасӕг, дӕсни специалист Тӕкъоти Дзандари туххӕй.

 

ТЕПСИХЪОТИ Зойæ, (1938-2008) журналист

Дзандарӕн ӕ фидӕ Авсимайхо ӕма ӕ мадӕ Олинка сӕ цард байеу кодтонцӕ Октябри революций агъоммӕ, кодтонцӕ зӕнхи куст. Мӕнӕ мӕнӕ гъӕздуг бийнонтӕй нӕ адтӕнцӕ, цардӕнцӕ рӕстӕмбес, сӕ кӕрдзиндӕттон, хӕларзӕрдӕ ӕма кӕдзос фӕллойнӕ уарзондзийнадӕн син гъӕубӕстӕ устур аргъ кодтонцӕ. Фӕззиндтӕй син цӕуӕт – ӕхсӕз фурти ӕма кизгӕ. Дзандар адтӕй биццеутӕй цуппӕрӕймаг, райгурдӕй 1916 анзи. Ирӕзтӕй цӕрдӕг, хуӕрзӕгъдау ӕма коммӕгӕсӕй. Берӕ уарзта сувӕллонӕй таурӕхътӕмӕ, аргъӕуттӕмӕ игъосун. Скъоламӕ цӕун ку райдӕдта, уӕд ӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй ахур кӕнун. Уайтӕккӕддӕр базудта кӕсун, финсун, фулдӕр уарзта математики уроктӕ.

 

Ӕновудӕй тундзтӕй ӕ бӕлдӕ исӕцӕг кӕнунмӕ…

Райдайӕн кълӕсти ку ахур кодта, уӕд еци рӕстӕг ӕ фиди ӕнсувӕр Темболи кизгӕ ба ахур кодта Ленингради паддзахадон университети. Сӕрди каникулти сӕхемӕ Киристонгъӕумӕ ку иссӕуидӕ, уӕд ӕвзонг Дзандар ӕ хуӕри разӕй некумӕбал цӕуидӕ, фӕрсунтӕ ’й райдайидӕ уӕрӕсейаг устур сахари хабӕрттӕй. Ӕхсӕвӕ хусгӕ нӕбал кодта, ӕ базургин бӕллецтӕ ’й скъафтонцӕ Невай билӕбӕл сахармӕ. «Исон мӕ фӕндон Катяйӕн ӕнӕ зӕгъгӕ нӕ фӕууодзӕнӕн, ӕ хӕццӕ мӕ фӕххонӕд Ленинградмӕ, нецӕмӕй ӕй батухсун кӕндзӕнӕн, бацӕудзӕнӕн ахурмӕ», – уотӕ гъуди кӕнгӕй, рахатӕ-бахатӕ фӕккодта ӕхе хуссӕни сӕумӕмӕ. Сӕумӕ ба еци игъӕлдзӕгӕй ӕ хуӕри уӕлгъос балӕудтӕй, ӕ ходӕндзаст цӕститӕй имӕ никкастӕй, уӕдта ин загъта лигъстӕгӕнгӕ гъӕлӕси уагӕй:

– Катя, дӕ хӕццӕ мӕ Ленинградмӕ фӕлласай, уоми мӕ фӕндуй ахур кӕнун…

Катя нигъгъос ӕй, ӕ минкъий ӕнсувӕри дзубандитӕ имӕ гъазӕгау фӕккастӕнцӕ. Фал бабӕй имӕ Дзандар нӕуӕгӕй ӕхе бахадта:

– Мӕн дӕр ахур кӕнун фӕндуй, дӕ хӕццӕ мӕ райсӕ!..

Нур Катя балӕдӕрдтӕй, биццеуӕн ӕ дзубандитӕ ӕ зӕрди арфӕй ке цӕунцӕ ӕма сагъӕсти фӕцӕй: «Цума ӕй нур ӕцӕгӕй мӕ хӕццӕ ку фӕлласинӕ, уӕд цитӕ кӕнидӕ еци устур ӕнӕзонгӕ сахари, ӕхсӕз къласи дӕр ку нӕма фӕцӕй, кӕми ахур кӕндзӕнӕй, кӕми цӕрдзӕнӕй?» Уотӕ рагъуди кӕнгӕй, рамӕстгун ӕй ӕма ин уотӕ бакодта:

– Мӕхецӕн ӕмдзӕрӕни бунат туххӕй ку ес, ӕртӕ кизгемӕй унгӕг уати ку цӕрӕн, уӕд кумӕ тӕходуй кӕнис, кӕми цӕрдзӕнӕ, циуавӕр скъоламӕ цӕудзӕнӕ?

Дзандар ӕ хуӕри еци дзуапбӕл зӕрдсаст нӕ фӕцӕй. Ӕнгъӕлмӕ имӕ кастӕй каникулти ӕ иннӕ исӕздӕхтмӕ, ка ’й зонуй, уӕдмӕ ӕ хуӕрӕ ӕ фӕндӕ хуӕздӕрӕрдӕмӕ раййевдзӕнӕй.

Ӕрхъӕрдтӕй еци иннӕ анз дӕр. Дуккаг дӕр. Уӕддӕр Катя ӕ гъос нӕ даруй Дзандари ӕ хӕццӕ фӕххонунмӕ. Айдагъдӕр фӕстаг къурсмӕ ку бацудӕй, уӕд ӕ минкъий ӕнсувӕрӕн зӕрдӕ байвардта ке ’й фӕлласдзӕнӕй Ленинградмӕ, уомӕй.

Рагъуди кӕнгӕй, Тӕкъоти дууадӕсанздзуд Дзандарбӕл устур деси бацӕун ӕнгъизтӕй: нӕ рахес, нӕ галеу ӕвзарун нӕма зудта, уотемӕй ӕй ӕрфӕндадтӕй курухон лӕги нӕдтӕбӕл фӕццӕун, устур ахургонд исун.

1928 анз. Хумӕтӕг зӕнхкосӕг ниййергутӕ сӕ хъӕболӕ Дзандари нӕ бакъулумпи кодтонцӕ ӕ балцийӕй. Еци анз биццеу каст фӕцӕй ӕхсӕз къласи. Райста скъолайӕй ӕ гӕгъӕдитӕ, ӕ хурдзини ниввардта цалдӕр киунуги, зуймон дарӕсӕй райста фусдзармӕй худт кӕрцӕ ӕма ходӕ, уотемӕй лӕги бундзӕфхад рабӕлццон ӕй.

Ӕвзонг биццеу ӕ хурдзини хӕццӕ Ленингради Невай проспектбӕл ӕ студент хуӕри фӕсте ку уадӕй, уӕд имӕ сахайраг адӕм цӕмӕдесӕй кастӕнцӕ, цума, аци биццеу ци гъуддагбӕл лӕуд уодзӕнӕй, зӕгъгӕ.

Ӕ кафтӕй адӕми деси ӕфтудта…

Дзандар ӕрфусун кодта институти ӕмдзӕрӕни Катя ӕма е ’мбал кизгутти уати. Дуккаг бон ӕй Катя бакодта скъоламӕ – косгути факультетмӕ. Ахуради хайади сӕргълӕууӕг ӕй раздахта, ӕ ӕнзтӕ ке нӕ ӕййафтонцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Ӕма уӕд бацудӕй фабрикон-заводон авданзон скъоламӕ, фал ӕй райстонцӕ фӕстӕмӕ ӕхсӕзӕймаг къласмӕ, уруссаг ӕвзаг, дан, лӕмӕгъ зонуй, зӕгъгӕ. Фиццаг бӕнтти рабӕрӕг ӕй ахурмӕ ӕ зӕрдӕргъӕвддзийнадӕ. Уруссаг ӕвзаги грамматикӕ иннӕ скъоладзаутӕй лӕмӕгъдӕр нӕ зудта. Ахургӕнӕг ахид дзурдта, зӕгъгӕ, дан, кавказаг биццеу берӕ уруссаг ахурдзаутӕй дӕснидӕр финсуй. Дзандар ӕ еугур хъауритӕй дӕр архайдта уобӕл, цӕмӕй еугур предметтӕ дӕр зона ӕмхузон хуарз. Ӕма е ӕ къохи ӕфтудӕй. Математикӕ ӕма физики предметтӕй къласи адтӕй еугуремӕй хъаурӕгиндӕр. Ӕ сахайраг уруссаг ӕмбӕлттӕй бӕрӕг дардта айдагъдӕр ӕ уӕледарӕсӕй.

Еууӕхӕни Петрогради фарси райони (уотӕ хундтӕй уӕди районтӕй еу) фабрикон-заводон авданзон скъолати ’хсӕн физикӕ ӕма математикӕбӕл арӕзт ӕрцудӕй конкурс. Дӕснидӕр ахурдзаути хӕццӕ уордӕмӕ рарвистонцӕ Дзандари дӕр. Се скъола байахӕста фиццаг бунат.

– Скъолай ахури рӕстӕги ци ӕримисон, уӕхӕн хабӕрттӕ мӕмӕ минкъий нӕййес, – дзурдта Дзандар. – Мӕ хуӕрӕ мӕ ку бакодта скъоламӕ, уӕд мӕмӕ цӕмӕй хуӕздӕр цӕстӕй ракастайуонцӕ, уой туххӕй син загътон, къахифийтӕбӕл лезгинкӕ хъӕбӕр дӕсни ке кафун. Ӕма ’й еууӕхӕни скъолай цидӕр бӕрӕгбони кадӕн изӕри ракафун кодтонцӕ. Хъӕбӕр фӕццудӕй сӕ зӕрдӕмӕ мӕ кафт. Иннӕ хатт ба Петрогради фарси райони скъолатӕн арӕзт ӕрцудӕй олимпиадӕ, кӕцими архайдтонцӕ хехъӕппӕресадон къуӕрттӕ. Не скъолай нӕуӕгдзаути разамонӕг мӕмӕ ниллӕудтӕй, цӕмӕй ӕз дӕр лезгинкӕ ракафон. Аразий дзуапп ин ку равардтон, уӕд мӕ фӕххудта Васильеви сакъадахмӕ (уотӕ хундтӕй еу район). Уоми тукани бӕтгӕй лӕвардтонцӕ национ дарӕс. Ӕз равзурстон цохъа бухар ходи хӕццӕ. Олимпиадӕ цудӕй театри устур зали. Зӕрдиагӕй байархайдтон мӕ къахифийтӕбӕл лезгинкӕ ракафунбӕл. Хъӕбӕр исхед дӕн кафгӕ-кафун ӕма ку фӕдтӕн, уӕд фӕттагъд кодтон мӕ цохъа раййевунмӕ. Мӕ фӕдбӕл ӕрбауадӕй нӕуӕгдзаути разамонӕг ӕма мӕмӕ дзоруй:

– Еу хатт ма ракафӕ!..

– Бафӕлладтӕн, – дзуапп ин равардтон ӕз.

– Зали бадӕг адӕми фӕндуй еу хатт ма дӕ кафтмӕ бакӕсун, еугурӕйдӕр гъӕр кӕнунцӕ «бис», «бис»…

Ӕз ӕй бафарстон, ци ӕй «бис», зӕгъгӕ. Ӕма, дан, дӕ нӕуӕгӕй сценӕмӕ хонунцӕ. Уӕд ратъӕбӕртт кодтон ӕма нӕуӕгӕй ӕркафтон.

– Иннӕ хатт мӕ хехъӕппӕресадон къуари хӕццӕ ракодтонцӕ Макс Гельци номбӕл заводмӕ. Куддӕр кавказаг музыкӕ ӕрцагъта ӕма лезгинкӕ кафун райдӕдтон, уотӕ цехтӕй косгутӕ рауадӕнцӕ. Еу цехи кустонцӕ немуцӕгтӕ, етӕ хъӕбӕр берӕ уарзтонцӕ кавказаг музыкӕ ӕма ма станокти сӕртӕмӕ дӕр исхизтӕнцӕ мӕ кафт фӕууинунмӕ.

Еци олимпиади, Дзандар кӕци скъолай ахур кодта, е фиццаг бунат ке байахӕста, уомӕ гӕсгӕ ӕ гъолӕ сах рабадтӕй: алли мӕйӕ дӕр ин лӕвардтонцӕ 12 соми, лӕвар иста сӕумӕй тӕвдӕ хуӕруйнаг, балхӕдтонцӕ ин батинкитӕ, сӕрдигон хӕдонӕ. Фал ибӕл еци хуарздзийнади фӕсте ба ӕндӕр хабар дӕр ӕрцудӕй. Ӕмдзӕрӕни кадӕр багъаст кодта, кизгутти уати, дан, нӕлгоймаг цӕруй. Ӕрбацудӕй милици косӕг ӕма ’й гъӕунгӕмӕ ратардта, дуаргӕсӕн карзӕй бафӕдзахста, цӕмӕй ӕй мабал ӕрбауадза. Сауӕнгӕ изӕрмӕ Ботаникон дзӕхӕрадони, сирддони фӕззилдӕй, уӕдта ӕрбаздахтӕй ӕмдзӕрӕнмӕ. Нӕбал ӕй бауагъта дуаргӕс. Уӕд биццеу бацудӕй, ӕ идард хӕстӕг Таболти Минчимӕ. Еуминкъий сӕмӕ ку рабадтӕй, уӕд ӕ фӕдбӕл фӕззиндтӕй ӕ хуӕрӕ ӕма ’й ракодта ӕмдзӕрӕнмӕ.

Ӕхсӕз мӕйей фӕсте Катя каст фӕцӕй институт ӕма ’й косунмӕ рарвистонцӕ Бакумӕ. Дзандари дӕр ӕ хӕццӕ фӕлласта, равардта ӕй ахур кӕнунмӕ скъоламӕ. Каст ӕй ку фӕцӕй, уӕд бацудӕй Бакуй Азизбеки номбӕл индустриалон институтмӕ нефти факультетмӕ. 1941 анзи инженери диплом ку райста, уӕд ин барӕ адтӕй – кенӕ сахари байзайун, кенӕ Башкиримӕ рандӕун – дуккаг Баку ке худтонцӕ, уордӕмӕ. Ӕцӕг ами нефт райсунбӕл гъудӕй косун. Исарази ӕй зиндӕр куст равзарунбӕл Башкирий, Ишинбаево ке худтонцӕ, уоми адтӕй нефт. Фал ин ӕ игурӕнтӕ ӕнхӕстӕй раргом кӕнун гъудӕй. Ӕма бӕрзонд, саулагъз рӕсугъд ирон биццеу инженери дипломи хӕццӕ ӕрлӕудтӕй трест «Ишинбайнефть»-и хецауи рази.

– Ӕгас цо, инженер! – ӕ къох ин райсгӕй дзоруй хецау. – Фудхуз дӕ, фал махмӕ уайтӕккӕдӕр «исхуӕрзхуз» уодзӕнӕ устур ӕма ӕнӕнцойнӕ кустӕй.

Дзандар лӕмбунӕг игъуста ӕ нӕуӕг хецауи дзубандитӕмӕ, ӕ сӕр аразий тилд кӕнгӕй.

Ӕрвист ӕрцудӕй Кузьминовски промыслитӕмӕ. Райдӕдта косун Тӕкъоти ӕригон инженер мастери агъазгӕнӕгӕй, Ишимбаевойӕй ӕхсӕз километри идарддӕр. Уайтӕккӕдӕр коллективи ӕ бунат иссирдта, бауарзтонцӕ ’й ӕнсувӕри хузӕн, уомӕн ӕма ӕхуӕдӕг дӕр ӕмбалуарзон, хӕларзӕрдӕ адтӕй. Ӕ нӕуӕг бунати сабур ӕма игъӕлдзӕг цард берӕ нӕ рахаста. Райдӕдта Устур Фидибӕстон тугъд. Иристойнаг лӕг ӕ сӕрмӕ кӕд хаста тугъдӕй ӕхе баримӕхсун? Бацудӕй тугъдон комиссарадӕмӕ ӕ курдиади хӕццӕ. Уоми баййафта трести хецауи дӕр. Дзандари курдиадӕ ку рауидта, уӕд имӕ дзоруй:

– Барвӕндонӕй тугъдмӕ цӕуис?

– Гъо, барвӕндонӕй, – дзуапп равардта Дзандар.

– Кӕми ахур кодтай? – мӕстгун фарст ӕй ракодта хецау.

– Бакуй…

– Ӕма дӕ цӕбӕл ахур кодтонцӕ?

– Нефт амал кӕнунбӕл, Райгурӕн бӕстӕ уарзунбӕл…

– Ӕма дин уӕд нӕ дзурдтонцӕ, ӕнӕ нефтӕй Райгурӕн бӕстӕ багъӕуай кӕнӕн ке нӕййес, уой, – гъӕрӕй дзурдта хецау, – хуӕдтӕхгутӕ, танкитӕ ӕнӕ артагӕй куд фӕууӕлахез уодзӕнӕнцӕ знагбӕл. Мӕнмӕ аци бон Мӕскуй адӕмон комиссарадӕй дзурдтонцӕ, нефти куст ка кӕнуй, цӕмӕй уони тугъдмӕ ма рауадзон.

Агъазиау адтӕй ӕ фӕллойнӕ Уӕлахези сӕрбӕлтау

Дзандар раздахтӕй ӕ кусти бунатмӕ ӕма, ӕ дустӕ арфдӕр бахатгӕй, ӕрлӕудтӕй нефтцъирӕнти уӕлгъос. Цудӕй ӕверхъау тугъд Райгурӕн бӕсти зӕнхӕбӕл. Трести хецау ӕхсӕвӕй-бонмӕ разелӕ-базелӕ кодта нефти кустуӕттӕбӕл. Мӕстгунхузӕй фӕззиннидӕ Дзандар кӕми куста, еци промыслити дӕр ӕма ӕ баргин гъӕлӕс райгъусидӕ:

– Мӕску нефт агоруй, адӕмон комиссар Уфамӕ нӕбал дзоруй, фал махмӕ, Ишимбаевомӕ…

Знаг лӕбурдта размӕ, сугъта нин нӕ сахартӕ ӕма гъӕутӕ, мардта ӕвуд адӕми, уӕлдай хъӕбӕрдӕр ба бӕлдтӕй нефти кустуӕттӕ ӕхердигӕй фӕккӕнунмӕ.

– Тугъди райдайӕни немуц Мӕскуй бунмӕ ку бахъӕрдтӕнцӕ, – дзурдта Дзандар, – уӕд Гитлер сӕрустурӕй загъта Германи Уӕрӕсейӕн ӕ кавказаг нефт ку байса, уӕд тагъд фӕууӕлахез уодзинан. Ӕма Гитлер ӕ бицъинӕг скъудта Краснодари край, Грозна ӕма Баку тагъддӕр байахӕссунбӕл. Фашисттӕн сӕ тугъдон фулдӕр хай арӕзт ӕрцудӕй Майкоп ӕма Малгобекмӕ. Кавказаг нефт знагӕй багъӕуай кӕнуни туххӕй ци мадзӕлттӕ аразта советон хецауадӕ, уой туххӕй мин фӕстӕдӕр мӕ хуарз хӕлар Н.К. Байбаков (тугъди рӕстӕги е нисангонд ӕрцудӕй ССР Цӕдеси нефти промышленности адӕмон комиссарӕй) дзурдта, зӕгъгӕ, дан, мӕмӕ И.В.Сталин ӕхемӕ фӕдздзурдта ӕма мин карзӕй загъта, куддӕр, дан, немуц Майкоп ӕма Малгобек байахӕссонцӕ ӕма еци районти нефтӕй еунӕг ӕртӕхӕй дӕр нӕ нихмӕ куддӕр испайда кӕнонцӕ, уотӕ (Сталин ӕ рахес къохи ӕнгулдзитӕй ӕ сӕри рахес фарсмӕ райамудта) Байбаковӕн ӕ сӕри рахес фарсбӕл фӕууодзӕнӕй нӕмуг. Немуц Майкоп ӕма Малгобек ку нӕ райсонцӕ, фал нефтцъирӕнтӕ уотӕ ку исӕхгӕнайтӕ ӕма си уой фӕсте нефт исесун нӕ къохи ку нӕбал бафтуйа, уӕддӕр (Сталин нур ба ӕ галеу къохи ӕнгулдзитӕй ӕ сӕри галеу фарсмӕ райамудта) дӕ сӕри галеу фарсбӕл фӕууодзӕнӕй нӕмуг, зӕгъгӕ.

Еци бӕнтти, цӕмӕй кавказаг нефти ӕвӕрӕнтӕ гъӕуайгонд ӕрцӕуонцӕ знагӕй, уой туххӕй Паддзахадон Гъӕуайкӕнуйнади Комитети унаффӕмӕ гӕсгӕ Мӕскуй, Майкопи, Малгобеки нефти кусти зундгонд специалисттӕй, Медгъуддӕгти министради рӕмодзӕг косгутӕй ӕма чекисттӕй арӕзт ӕрцудӕй сӕрмагонд къуар, ӕ сӕргъи ССР Цӕдеси нефти промышленности адӕмон комиссар Н. К. Байбаков, уотемӕй.

Къуари иуонгтӕ сӕ гъос дардтонцӕ тугъдон уавӕрмӕ. Куддӕр балӕдӕрдтӕнцӕ, Майкоп ӕма Малгобекмӕ знаги нимпурст бауорамун сӕ къохи нӕ бафтуйдзӕнӕй, уотӕ нефтцъирӕнтӕ ихалунмӕ бавналдтонцӕ ӕма син сӕ арӕзтадон ӕрмӕг, нефткосӕг бригӕдти ӕд бийнонтӕ рарвистонцӕ Скӕсӕнмӕ. Берӕ рӕстӕг нӕ рацудӕй, уотӕ фашисттӕ байахӕстонцӕ Майкоп ӕма Малгобек. Сӕ зӕрди адтӕй уоми исаразун концерн «Немуцаг нефт Кавкази», зӕгъгӕ, уӕхӕн номи хӕццӕ. Фал сӕ фӕндӕ фӕссикк ӕй, цуппар мӕйей фӕсте немуц уордӕгӕй сурд ӕрцудӕнцӕ ӕма сӕ къохи нӕ бафтудӕй Кавкази нефтӕй испайда кӕнун. Скӕсӕнӕй здӕхт цудӕнцӕ арӕзтадон ӕрмӕг, косгутӕ ӕд бийнонтӕ ӕма уайтӕккӕ дӕр нӕуӕгӕй райдӕдтонцӕ тугъдӕн нефт дӕттуни куститӕ…

Гъо, Дзандар ӕвӕллайгӕ куст кодта уӕлахези сӕрбӕлтау. Байархайун гъудӕй, цӕмӕй зӕнхи бунӕй нефт тухгин фонтанӕй стона. Ӕригон инженер ци компрессори хӕццӕ архайдта, е адтӕй америкаг, бӕрзонд, ӕ паспортмӕ гӕсгӕ хъаурӕ нӕбал адтӕй. 60 атмосфери фӕсте мотор сурхзинг фестадӕй ӕма куст размӕ нӕ цудӕй. Дзандар федарӕй загъта, гъӕуама «зӕронд» америкаг компрессорӕн ести мадзалӕй раттун кӕнон нефт порцигай, гъома, рауолӕфун ӕй кӕндзӕнӕн, зӕгъгӕ.

Еууӕхӕни ӕхсӕвӕ рацудӕй нефтцъирӕнтӕмӕ. Ӕркосун кодта компрессор. Кӕсуй манометри амонӕн фатӕгмӕ. Атмосферӕ 60-мӕ ку исхъӕрдтӕй, уӕд мотор сурхзинг фестадӕй ӕма ’й бауорӕдта, атмосфери ӕлхъивдадӕ бал рахгӕдта, фӕстауӕрци мӕмӕ уодзӕнӕй, зӕгъгӕ. Мотор ку ӕруазал ӕй, уӕдта бабӕй ӕй нӕуӕгӕй искосун кодта. Амонӕн фат сабургай хӕрдмӕ цӕуй. Исхъӕрдтӕй 70 атмосфери уӕнгӕ. Мотор бабӕй ку иссурх зинг ӕй, уӕд ӕй бауолӕфун кодта. Уотемӕй мотор порцигай косун кӕнгӕй, амонӕн фатӕг исхъӕрдтӕй 73 атмосфери уӕнгӕ. Ӕнгъӕл куд нӕ адтӕй Дзандар, уотӕ рауадӕй гъуддаг. Нефт фонтанӕй ниццавта. Кӕд ӕхсӕвӕ ӕнафонӕ адтӕй, уӕддӕр, еци цийни хабар трести хецауӕн фегъосун кӕнон, зӕгъгӕ, ӕма имӕ телефонӕй бадзурдта:

– Нефт рацудӕй, фонтанӕй цӕвуй!

– Цӕйбӕрцӕ ӕй нефтцъирӕни ӕлхъивдадӕ? – цӕмӕдес фарст ракодта хецау.

– 73 атмосфери, – дзуапп равардта Дзандар.

– Арфӕ дин кӕнун, нур тугъдӕн нӕ бон ӕй нефт ӕнӕкъулумпийӕй дӕттун,– игъустӕй хӕтӕлӕй хецауи цийнӕйдзаг гъӕлӕс.

Промыслити косгутӕй берети ӕруагӕс дӕр нӕ кодта, уӕхӕн ӕнтӕстдзийнадӕ сӕ къохи ескӕд бафтуйдзӕнӕй ӕма сӕ ихӕс ӕнхӕст кӕнун райдайдзӕнӕнцӕ, е.

Рацудӕй цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг. Еу бон Дзандармӕ фӕдздзурдтонцӕ трестмӕ ӕма ин загътонцӕ:

– Хуарз бафудӕбон кодтай Кузьминовски нефти ӕвӕрӕнтӕ раргом кӕнунбӕл. Нур ба басгарун гъӕуй Туймазай зӕнхи ӕрфитӕ академик Губкини амунддзийнадӕмӕ гӕсгӕ.

Дзандар исарази ӕй. Ӕцӕгӕй Губкини гъудимӕ гӕсгӕ зӕнхӕ басгарун къохи ку бафтуйа, уӕд си нефт разиндзӕнӕй ӕма райдӕдта хъӕбӕр зин, фал кадгин ихӕс ӕнхӕст кӕнун.

ТÆКЪОТИ Дзандар (раззаг рæнгъи астæуæй) Америки Еугонд Штатти кустадон балций рæстæг фембæлдтитæй еуеми.

Тох кодтонцӕ Фидибӕстӕн фулдӕр нефть раттунбӕл.

Туймазайи 100-аг нефтцъирӕни коллектив Дзандари разамундӕй райдӕдта косун. Нӕ бӕсти уомӕй размӕ уӕхӕн сгӕрст некӕд адтӕй, ӕ нифс имӕ неке хаста, нефт си ку нӕ разинна ӕма нӕ фудӕбон дзӕгъӕли ку фӕууа, зӕгъгӕ. Фал си разиндтӕй агъазиау ӕвӕрӕнтӕ. Уомӕй размӕ ӕнӕгъӕнӕ трести промыслитӕ тох кодтонцӕ суткӕмӕ 300 тонни нефт дӕттунбӕл. Нур 100-аг нефтцъирӕни коллектив арф ӕвӕрӕнтӕ ку раргом кодта, уӕд трест уӕлдайгунтӕй ӕ пълан ӕнхӕст кӕнун райдӕдта. Еци ӕскъуӕлхтдзийнади туххӕй промысли коллективӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй ССР Цӕдеси Паддзахадон Гъӕуайкӕнуйнади Комитети туруса.

Тугъди ӕбуалгъ хабӕрттӕ уӕгъдӕ нӕ уагътонцӕ нефтикустгӕнгути. Лӕдӕрдтӕнцӕ, Советон Ӕфсади уӕлахез берӕ аразгӕ ке ӕй сӕ уодвӕллойнӕй ӕма тох кодтонцӕ ӕфсадӕн фулдӕр нефт раттунбӕл.

Ӕнӕмӕтӕ нӕ адтӕнцӕ сӕ бийнонтӕбӕл дӕр. Дзандарӕн е ’нсувӕртӕ Дудик ӕма Тамби дӕр рандӕнцӕ тугъдмӕ, адтӕнцӕ танкисттӕ. Дудик бӕгъатӕрӕй фӕммард ӕй. Тамби цӕфтӕй исӕздахтӕй фӕстӕмӕ.

Ирӕзтӕй ӕ зунд, е ’скъуӕлхт фӕллойни фӕрци Тӕкъоти инженерӕн, ӕййивтонцӕ ’й еу рауӕнӕй иннемӕ бӕрнондӕр бунӕттӕмӕ. 1943 анзи нисангонд ӕрцудӕй трест «Туймазанефть»-и агъазиаудӕр промысли сӕйраг инженерӕй. Ӕма ескӕми куст райаразуйнаг ӕй, зӕгъгӕ, уӕд имӕ ӕрвистонцӕ Дзандари. Косгӕ ба фӕккодта мӕнӕ уӕхӕн бунӕтти: 1947 анзи – горӕт Жигулевски трести «Ставропольнефть»-и сӕйраг инженер; 1950 анзи иссӕй еци трести хецау; 1955 анзи – Куйбышеви облӕсти «Первомайнефть»-и управлений хецау; 1957 анзи – Куйбышеви облӕсти адӕмон комиссаради сӕрдари хуӕдӕййевӕг; 1958 анзи – СЦКП-й Куйбышеви обкоми промышленнон-транспортон хайади сӕргълӕууӕг; 1960 анзи – еугонд «Куйбышевнефть»-и генералон директор. Куд уинӕн, уотемӕй дӕс ӕма инсӕй анзи Дзандар фӕккуста Башкири АССР-и ӕма Куйбышеви облӕсти нефти куст райаразунбӕл.

ТÆКЪОТИ Дзандар Парижи компани «Текнип»-и президент Селерьей хæццæ фембæлди рæстæг. 1982 анз

«Салам дин дӕттӕн Урух Волгӕ ӕма Муханови итигъд будуртӕй!..»

Уоми цӕрӕг адӕм ӕй нимадтонцӕ се ’мзӕнхонбӕл. Мӕнӕ имӕ ӕ игурӕн бони фӕдбӕл куйбышеваг нефткосгутӕ ци арфи финстӕг ӕрбарвистонцӕ уоми загъд адтӕй: «Салам дин дӕттӕн Урух Волгӕ ӕма Муханови итигъд будуртӕй. Фӕткъугин Адагӕй ӕма Голодови Айнӕгӕй, хуӕнхтӕй, къахвӕндӕгтӕй, кӕци рауӕн райевгъудӕнцӕ де ’ригон царди ӕнзтӕ. Еци рӕдау бунӕттӕ, куд дӕхе ӕмбӕлттӕ – куйбышеваг нефткосгутӕ – сӕ зӕрдӕбӕл дарунцӕ ӕвӕллайгӕ, ӕдзохдӕр ӕнӕнцайгӕ ӕма кустбӕл ӕновуд Тӕкъоти Авсимайхой фурт Дзандари. Ду берӕ хуарздзийнӕдтӕ байтудтай нӕ зӕнхӕбӕл ӕма нур дӕттунцӕ гъӕздуг, бӕрдкадгин ӕвзӕрттӕ. Уой туххӕй ди ан хъӕбӕр боз».

1970 анзи Тӕкъоти Дзандар ӕййивд ӕрцудӕй Мӕскумӕ ССР Цӕдеси нефти промышленности министри хуӕдӕййевӕгӕй ӕндагон экономикон фарстати. Ӕхе равдиста дӕсни, гъуддагбӕл ӕновуд разамонӕгӕй. Аци бунати косгӕй, уӕдта Куйбышеви уогӕй, устур ӕргом ӕздахта ӕ уарзон Иристонмӕ, райгурӕн Киристонгъӕумӕ, ӕнхус син кодта материалон-техникон фӕрӕзнитӕй, трактортӕй, автомашинттӕй, арӕзтадон ӕрмӕгӕй. Алли анз дӕр ӕ фӕллад уадзунмӕ цудӕй Кисловодскмӕ ӕма ӕ над ракӕнидӕ Дзӕуӕгигъӕубӕл, Дигорабӕл. Еухатт ба Дигорамӕ иссӕугӕй, ӕ над ракодта Энгельси гъӕунгӕбӕл. Е ӕй сахари сӕйраг гъӕунгӕ. Ами цӕуй Уорсдони дони къабазӕ, хонунцӕ ’й Астӕудон. Тугъди размӕ ӕма ӕ фӕсте ӕнзти аци донӕй пайда кодтонцӕ киристонгъӕуккӕгтӕ. Билгӕрӕнттӕ адтӕнцӕ кӕдзос, сӕрдигон си сабийтӕ сӕхе дӕр ӕртадтонцӕ. Фал нур Дзандар дони билгӕрӕнттӕмӕ ку ӕркастӕй, уӕд фӕкъкъех ӕй: дон нимминкъий ӕй, ниуазунмӕ нӕбал бӕзтӕй, хъӕзтӕ, бабузтӕ, хутӕ си сӕхе ерхӕфсунцӕ. Дзандар зудта, ӕ гъӕубӕстӕ дони туххӕй хъӕбӕр ке тухсунцӕ. Еци рӕстӕг партий Дигори райкоми фиццаг секретарӕй куста Акъоти Василий. Фембалдӕй ӕ хӕццӕ ӕма ин уотӕ:

– Василий, материалон-техникон фӕрӕзнитӕй районӕн байагъаз кӕнуни туххӕй мӕмӕ дӕхе ку бахатис, уӕд дин дӕ курдиадӕ ӕнӕ исӕнхӕст кӕнгӕ ку некӕд фӕуун, уӕд ниуазуни донӕй адӕми бафсадуни туххӕй куд неци мадзӕлттӕ аразис. Байевдӕлӕ ӕма искӕнун кӕнӕ проект кӕдзос артезианон донцъирӕн исаразуни туххӕй. Техникон фӕрӕзнитӕй цидӕриддӕр гъӕуа, уони уин исӕрветдзӕнӕн.

– Е агъазиау ӕнхус уайдӕ районӕн, ӕма дин арфӕ кӕнун, нимайӕй, цума дӕ проект конд ӕй, уотӕ.

Дзандар куддӕр Куйбышевмӕ рандӕй, уотӕ ӕ дзурд ӕнхӕст кӕнун райдӕдта. Цубур рӕстӕги фӕсте Дигорамӕ сӕрмагонд вагӕнтти исӕрвиста хӕтӕлтӕ, трансформатортӕ ӕнӕгъӕнӕ комплекти хӕццӕ, артезианон цъирӕнтӕ, ӕхгӕнӕнтӕ. Фӕстӕдӕр бабӕй ӕ фӕллад уадзунмӕ ку иссудӕй, уӕд ин Акъоти Василий уотӕ:

– Дзандар, объект еугурӕйдӕр бӕргӕ исрӕвдзӕ ’й, фал цъирӕнтӕ дон нӕ дӕттунцӕ.

– Уомӕн уӕн нӕййес, – загъта Дзандар, – ӕз исӕрвистон нӕуӕг цъирӕнтӕ, гъуддаг ӕндӕр цидӕр къулумпи кӕнуй. Цӕуӕн ӕма ’й исбӕрӕг кӕнӕн.

Рандӕнцӕ донцъирӕнмӕ. Дзандар машинистмӕ дзоруй, цъирӕни электромотор искосун кӕнӕ, зӕгъгӕ. Искосун кодта агрегат, фал цъирӕн дон не ’слӕвардта. Дзандар уайтӕккӕдӕр гъуддаг балӕдӕрдтӕй. Машинист ӕндагскъӕф цъирӕн раст нӕ исевтигъта ӕма имӕ ходгӕй дзоруй:

– Ӕндагскъӕф цъирӕн уадзун гъӕуй, е ’хгӕнӕнтӕ игон куд уонцӕ, уотемӕй.

Фал машинист нӕ арази кӕнуй цъирӕни ӕхгӕнӕнтӕ исӕхгӕнунбӕл, тӕрсуй, дони тухӕфсӕрстӕй агрегати корпус ку расӕтта.

– Дзандар куд зӕгъуй, уӕхӕн уагӕбӕл исӕвӕрӕ агрегат ӕма ’й ӕркосун кӕнӕ, – загъта Василий машинистӕн.

Рауагътонцӕ агрегат. Ӕхгӕнӕни манометрбӕл атмосферон ӕлхъивдадӕ куддӕр фӕззиндтӕй, уотӕ ин Дзандар е ’хгӕнӕн фегон кодта ӕма дин Хуцау уӕхӕн хуарз ракӕнӕд – кӕдзос артезианон дон 15 метрей бӕрцӕ хӕрдмӕ ниццавта. Уӕдӕй абони уӕнгӕ Дигора ӕфсӕсес ӕй донӕй. Берӕ арфи дзурдтӕ ин фӕззӕгъиуонцӕ адӕм.

ТÆКЪОТИ Дзандар Киристонгъæуи ((дуккаг рæнгъи галеуæрдигæй æртиккаг) æ хеуæнттæ æма æмгъæуккæгти хæццæ.

Рохс фӕд ниууагъта Дзандар ӕ намусгин карни нӕдтӕбӕл…

Гъӕугӕ лӕг адтӕй Иристонӕн Тӕкъоти Дзандар.

– Иристони нефт ес, – дзурдта нӕ кадгин ӕмзӕнхон, Ленинон премий лауреат, – зӕрдӕдарӕн ес нӕуӕгдӕр, агъазиаудӕр нефти игурӕнтӕ нӕ къохи ке бафтуйдзӕнӕй, уобӕл. Хумӕтӕг ихӕс нӕй. Нефти игурӕнтӕ байагорун ӕма сӕ искосун кӕнунӕн устур ӕхцай фӕрӕзнитӕ гъӕуй, уой зонгӕй, гъӕуама гъуддагмӕ кӕсӕн бӕрнон цӕстӕй.

Циртдзæвæн ТТÆКЪОТИ Дзандарæн Дигорай Кади Аллейи.

Ӕ рӕстӕги нӕ республики нисангонд ӕрцудӕй программӕ «Иристони нефт» (гъулӕггагӕн, еци программӕ берӕ цӕйдӕрти фудӕй кӕронмӕ ӕнхӕстгонд не ‘рцудӕй, еузагъдӕй, неци си рауадӕй. – Ред.)

Берӕ ӕнтӕстдзийнӕдтӕ бафтудӕй Дзандари къохи нефти ӕвӕрӕнтӕ раргом кӕнуни гъуддаги айдагъ нӕхе бӕсти нӕ, фал ма фӕсарӕйнаг бӕстити дӕр. Сирийӕгтӕ Дзандари худтонцӕ «Сирий нефти промышленности фидӕ». Ираки «Северная Румела» ӕма «Лухейс»-и нефти игурӕнтӕ фиццагидӕр игонгонд ӕрцудӕнцӕ советон нефткосгути фӕрци, сӕ сӕргъи ССР Цӕдеси нефти промышленности министри хуӕдӕййевӕг ӕндагон экономикон гъуддӕгути Тӕкъоти Дзандар. Уой туххӕй Дзандар хуарзӕнхӕгонд ӕрцудӕй Ираки орденӕй. Арфиаг си адтӕнцӕ кубӕйӕгтӕ дӕр, сӕ национ промышленности ирӕзтмӕ ӕ фӕллойни хай ке бахаста, уой туххӕй. Уотӕ индийӕгтӕ дӕр. Куби разамонӕг Фидель Кастро ин ӕ косӕнуати исаразта фембӕлд ӕма ин ӕ агъази туххӕй зӕрдиаг арфӕ ракодта Рауль Кастро. Еци фембӕлди ци къартӕ исистонцӕ еумӕ, етӕ ӕнцӕ Дзӕуӕгигъӕуи бӕстӕзонӕн музейи. Къуар анзей дӕргъи Тӕкъой-фурт адтӕй Азий ӕма Африки бӕстити Комитети иуонг.

Рохс фӕд ниууагъта Дзандар ӕ фӕллойни намусгин нӕдтӕбӕл. Нефти кустадӕ райаразун ӕма си хӕдзардзинӕй пайда кӕнуни фӕдбӕл ци наукон куститӕ, статьятӕ ниффинста, уони нимӕдзӕ сӕдемӕ хӕстӕг ӕй. ССР Цӕдеси нефти промышленности хуӕдӕййевӕгӕй косгӕй, гъуддаги фӕдбӕл 89 хатти балцити адтӕй Америки Еугонд Штатти, Франций, Канади, Японий, Мексики, Италий, Финляндий, Египети, Кувейти, Ливий, Польший, Чехословакий ӕма ӕндӕр бӕстити. Ӕма кӕмидӕриддӕр адтӕй, уоми ‘й нимадтонцӕ дӕсни специалист ӕма курухон дипломатбӕл.

Тӕкъой-фурти намусгин фӕллойнӕн паддзахадӕ искодта устур аргъ: лӕвӕрд ин ӕрцудӕй Ленинон преми, Ленини дууӕ ордени, фӕллойнадон Сурх Турусай дууӕ ордени, Адӕмти Хӕлардзийнади орден, Устур Фидибӕстон тугъди 1941-1945 ӕнзти ӕ хъазауатон фӕллойни туххӕй майдантӕ, Кади гӕгъӕдитӕ. Лӕвӕрд ин ӕрцудӕй нӕ республики цитгиндӕр хуӕзеуӕг «Иристони кадӕн». Исаккаг ин кодтонцӕ цитгин нӕмттӕ: «Уӕрӕсей наукӕ ӕма техники ӕскъуӕлхт косӕг», «Кадгин нефткосӕг», «Уӕрӕсей нефти ӕма гази промышленности ӕскъуӕлхт косӕг». Ӕ наукон ӕргъудидзийнадӕн райста авд патенти; бахаста инсӕй рационализаторон фӕндонемӕй фулдӕр.

Редакцийӕй: Тӕкъоти Дзандар пенсий ку рацудӕй, уӕд исӕздахтӕй ӕ райгурӕн Иристонмӕ ӕма си  фӕццардӕй ӕ царди фӕстаг бӕнтти уӕнгӕ. Рамардӕй 2001 анзи 19 январи, нигӕд ӕй ӕ райгурӕн Киристонгъӕуи. Ами Намуси Аллейи ин ӕвӕрд ӕрцудӕй циртдзӕвӕн ӕ мраморон бюсти хӕццӕ.