20 апреля 2024

МӔ ЦӔСТЫТЫЛ УАЙЫ…

21.08.2021 | 10:09

ЗАКАТИ Алексей, (1931-2005) финсæг, публицист

Ӕгъатыр уад-рӕстӕг хӕлӕфӕй тындзы… Рог уадымс ӕнусон Терчы сонт хъӕр дардӕй ӕрбахӕссы, фӕлӕ та йӕ уайтагъд бӕлӕсты иугӕндзон уынӕр йӕ быны анорды. Лӕууӕм ӕдзӕмӕй ӕгомыг ингӕны уӕлхъус. Ингӕны сӕр дидинджыты ’хсӕнӕй къамы зыны Иссӕйы худызмӕл цӕсгом.

Стыр фӕндагӕй ӕрбаздӕхынц ацӕргӕ адӕм, фӕсивӕд… Сӕ къухтӕ авӕрынц ингӕны уазал къӕй дурыл. Сӕргуыбырӕй алӕууынц исдуг ӕмӕ ацӕуынц…

Мӕ цӕстытыл та уайы Иссӕйы цардӕгас фӕлгонц. Мӕнӕ ӕфсӕддон училищейы дуарӕй рахызт ӕмӕ заводы ’рдӕм ӕрбацӕуы. Мах цалдӕрӕй нӕ директоримӕ лӕууӕм дуармӕ, ӕмӕ йӕ куы федтам, уӕд батыхстыстӕм: нӕ депутаты, ӕвӕццӕгӕн, фӕнды йе ’взарджытимӕ фембӕлын. Фӕлӕ куысты фӕстӕ фӕллад адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты. Куыдӕй ма сӕ ӕрбамбырд чындӕуа?

Иссӕ ӕрбахӕстӕг, бахудт, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрста нӕ сусӕг хъынцъым.

– Ӕнӕниз ут! Уӕ хорзӕхӕй, ма тыхсут. Рагӕй уӕм нал уыдтӕн ӕмӕ, зӕгъын, уемӕ иучысыл абадон, аныхӕстӕ кӕнӕм, кӕд уӕ ’вдӕлы…

Къордӕй директоры кусӕнуатмӕ бахызтыстӕм. Ам уайтагъд адӕмӕй къухбакӕнӕн нал уыд. Иссӕ стъолӕй микрофон иуварс айста, бандон хӕстӕгдӕр ӕрбавӕрдта, ӕрбадт, ӕмӕ ныхас бацайдагъ. Заводы куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ, йӕ сомбоны пълантӕ ӕмӕ нысантӕ нӕ депутат хорз кӕй зыдта, уый бӕрӕг уыди. Директоры ма культурӕйы Галуаны арӕзтады хабӕрттӕй афарста, афӕдзы пъланӕй цыдӕртӕ сбӕлвырд кодтой, ӕмӕ нӕ уайтагъд йӕ хъуыдыты зилдух ахаста хӕсты быдырмӕ. Йӕ ныхасы-иу Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты цаутӕ разындысты куы ӕгъатыр карзӕй, куы ӕнӕнхъӕлӕджы худӕнбылӕй.

Иссӕ агуывзӕмӕ суар рауагъта, сахуыста дзы ӕмӕ фӕлмӕн бахудт:

– Кӕмфӕнды уон – нӕ доны ад мӕ зӕрдӕйӕ нӕ хицӕн кӕны, хатыр…

Иуцасдӕр йӕ цӕстӕнгас фӕсагъӕсхуыз:

– Хӕрзаг зӕгъут, хӕстон хъуыддӕгтӕ ӕмӕ заводӕн цы ис иумӕйагӕй? Афтӕ чи хъуыды кӕны, уый рӕдийы. Ӕз уын иу хабар ракӕндзынӕн хӕсты рӕстӕгӕй. Белоруссийы ӕгӕрон быдырты мӕ адъютантимӕ не штаб нал ардтам. Афтӕ рауад… Стыр хӕсты ахӕм хабӕрттӕ дӕр вӕййы… Ӕризӕр. Ӕххормагӕй тыхсын байдыдтам. Иуахӕмы мӕ адъютантмӕ дзурын:

– Стыр диссагӕн дзурдзысты дӕ хабар.

– Цавӕр хабар? – цӕхгӕр мӕм фӕзылди ме ’рыгон ӕмбал.

– Йӕ инӕлары, зӕгъдзысты, хӕсты быдыры ӕххормагӕй амардта…

– Ахӕм хабар нӕ уыдзӕни.

– Цӕуылнӕ?

– Ӕз мӕхӕдӕг раздӕр амӕл… Фӕздӕг?!

Раст уыцы рӕстӕджы ӕз дӕр ауыдтон дард быдыргӕрон фӕздӕджы къуыбылой.

– Кӕд немыц сты? – фӕгуырысхо адъютант, фӕлӕ, биноклӕй куы акаст, уӕд фӕхъӕлдзӕгдӕр. Фӕздӕг кӕцӕй цыд, нӕ саргъы бӕхтӕ комкоммӕ уырдӕм сарӕзтам ӕмӕ уайтагъд ӕфсӕддон цӕлгӕнӕны уӕлхъус алӕууыдыстӕм. Иу салдат дзы архайдта. Хӕринаг кӕмӕн кӕныс, зӕгъгӕ, йӕ куы афарстам, уӕд нын цыбыр дзуапп радта:

– Чи ’рбамбӕла, уымӕн.

Чысыл дарддӕр дыууӕ ифтыгъд бӕхы мардӕй куы ауыдтам, уӕд хъуыддаг бамбӕрстам. Ӕрбадтыстӕм. Уайтагъд нын нӕ разы йӕ тӕфкалгӕ дзидзаджын кас авӕрдта. Сомы уын кӕнын, хӕрзаддӕр хӕринагӕй никуы фӕхъӕстӕ дӕн! Ме ’мбал дӕр уидыгӕй уыцы зӕрдиагӕй архайдта. Сыстадыстӕм, нӕ фысымӕн арфӕ ракодтам, ӕз ма йын ноджы йӕ дӕсныйады тыххӕй цыдӕр арфӕйы ныхӕстӕ загътон. Нӕ рӕдау фысым, цыма ӕваст сонт фӕци – кӕрӕбинмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ нын бардзырд радта:

– Уӕ арфӕтӕ гӕххӕттыл ныффыссут ӕмӕ дзы уӕ къухтӕ ӕрӕвӕрут!

Мӕ адъютантӕн бар радтон, ӕмӕ йӕ блокноты сыфыл иу цалдӕр ныхасы афыста. Ӕз дӕр дзы мӕ къух ӕрӕвӕрдтон, стӕй ма хӕринаггӕнӕджы афарста:

– Цӕмӕн дӕ хъӕуы ацы гӕххӕтт?

– Цӕмӕн хъӕуы?! – бахъуыр-хъуыр кодта салдат. – Ныр дыууӕ азы, ӕхсӕв-бон нӕ хынцгӕйӕ, аджы уӕлхъус лӕууын… ӕдзух мыл былысчъилтӕ кӕнынц. Загъд, замана… Чи мын баууӕнддзӕни, мӕ хӕринагӕй мын афтӕ феппӕлыдыстут, ууыл? Хатыр, ӕмбал инӕлар!

Ӕдзынӕгдӕр ӕм куы бакастӕн, уӕд ын йӕ уадулыл ауыдтон цӕссыг. Баууӕндыдтӕн ыл. Дӕ минас бирӕ, зӕгъгӕ, ма йын иу хатт загътон, ӕмӕ нӕ бӕхтыл абадтыстӕм… Ӕвӕццӕгӕн, адӕймаджы ӕдзух ӕфхӕрын нӕ хъӕуы, бынтон ӕгуыдзӕг куы уа, уӕддӕр. Искуы дзы раппӕлын фӕхъӕуы. Сымахмӕ заводы нӕй ӕрвылбон «сагойыл» кӕй дарут, ахӕм ӕмбӕлттӕ? Ис, ӕвӕццӕгӕн. Райсӕм технологон ӕрмӕг амалгӕнӕг хайады кусджыты. Заводы алыхуызы ӕрмӕг куы вӕййы, уӕд кӕй руаджы у, уыдоны хъуыды дӕр ничи фӕкӕны. Фӕлӕ искӕцы цех исты хъуаг баййӕфта, уӕд ӕрмӕг амалгӕнджыты сӕ ныхтӕ фӕсадзынц. Ӕрмӕг цауд детальтыл чи схардз кодта, уый кой ничи фӕкӕны.

Цӕвиттон, иутӕ уыцы иугӕндзон аххосджыны бынатмӕ бахауынц ӕнӕхъуаджы, фӕныхкъуырд вӕййынц, сӕ куыст размӕ нал фӕцӕуы. Бирӕ азты уӕ хорзӕй зонын ӕмӕ уыл мӕ зӕрдӕ дарын – уӕ чысыл ӕхсӕнады рӕстдзинады фарн дӕлӕмӕ не ’руадздзыстут… Ӕнтыстдзинӕдтӕ уын зӕгъы мӕ зӕрдӕ… Мах, хистӕр фӕлтӕр, бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрстам. Бауырнӕд уӕ, ахӕм рӕстӕджытӕ ныл-иу скодта, ӕмӕ-иу салд зӕххыл фырфӕлладӕй фынӕйӕ ӕрхаудыстӕм, ӕгӕрон хӕсты быдырты-иу дойныйӕ мардыстӕм. Нӕ хӕрзмыггаг бӕхты тӕригъӕддаг хъӕрзын ӕмӕ удхармӕ-иу зӕрдӕ скъуыди – нӕ-иу куымдтой цъымарадон нуазын. Фӕлӕ-иу дзы мах нӕхӕдӕг, нӕ цинелты фӕдджитӕй йӕ фӕрсудзгӕйӕ, сцъырдтам. Чи фӕнымайдзӕн не ’ппӕт фыдӕбӕттӕ, фӕлӕ рохгӕнгӕ дӕр не сты.

Ӕмӕ мын тынг зын вӕййы, нӕ фӕсивӕдӕй чидӕртӕ се ’взонджы бонтӕ ӕгуыдзӕгӕй куы фервитынц, уӕд… Ростовы ӕфсӕддон зылды ма куы куыстон, уӕд-иу фылдӕр хатт нӕ куыст ӕхсӕвы дыууӕ-ӕртӕ сахатмӕ ахаста. Ӕмӕ-иу уӕд чысыл аулӕфынмӕ уынгмӕ рахызтыстӕм. Уыцы рӕстӕг-иу нӕ акомкоммӕ ресторанӕй бынӕттон фӕсивӕдӕй чидӕртӕ сӕ цыппӕртыл рахылдысты. Афтӕ арӕх сӕ уыдтам, ӕмӕ ма адӕймаг ахъуыды кӕны: кӕцӕй сӕм хауы ӕрвылбон рестораны хӕрдзты фаг ӕфтиаг? Ӕз чысыл мызд нӕ исын, фӕлӕ уын фидарӕй мӕ бон у зӕгъын: ахӕм хӕрдзты фаг уый дӕр нӕу. Цымӕ, цы пайда хӕссынц не ’хсӕнадӕн уыцы «ӕвзыгъд» гуырдтӕ?

Иссӕйы цӕстӕнгас фӕтар, агуывзӕйы донӕй та схуыпп кодта ӕмӕ дзырдта дарддӕр:

– Чи зоны, базӕронд дӕн ӕмӕ цыдӕртӕ нал ӕмбарын… Фӕлӕ нын нӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ, нӕ зынгхуыст ӕмгӕртты фарн нӕ дӕттынц ацы хабӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсыны бар. Мах, хистӕр фӕлтӕр, кӕддӕриддӕр цӕттӕ стӕм не ’ппӕт тыхтӕ, куы бахъӕуа, уӕд нӕ цард дӕр нӕ адӕмы сӕрвӕлтау нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Ӕрӕджы, Кубӕ уӕззау уавӕры куы бахауд, уӕд ӕгас дунейы раз равдыстам нӕ хӕстон цӕттӕдзинад. Дызӕрдыггаг нӕу, не ’хсӕнад карз хъоды кӕй бакӕндзӕн давджытыл, цӕстфӕлдахджытыл ӕмӕ ӕндӕр социалон цӕлхдурӕвӕрджытыл. Ӕнӕ уыдон нӕ цӕлхытӕ рӕвдздӕр тулдзысты фидӕнмӕ…

Уый ӕнхъӕл нӕ чи уыд, ӕмӕ фӕстаг хатт кӕй хъусӕм не сгуыхт инӕлары зӕрдиаг фӕдзӕхстытӕм?..

Фӕстаг фембӕлд?.. Нӕ, уыди ма иу – фӕстаг – фембӕлд дӕр!

Заводы хъуыддӕгты фӕдыл афтыдтӕн Мӕскуымӕ. Мӕ фысым ме ’рвадӕлтӕм, уӕд Бадджетӕм, бахастон. Райсомӕй куыстафонӕй раздӕр рацыдыстӕм хӕдзарӕй, чысыл атезгъо кӕнӕм, зӕгъгӕ. Уыди фӕззыгон ирд райсом. Сӕууон ирдгӕ уӕнгтӕ рог кодта. Калинины проспектыл иучысыл куы ’руадыстӕм, уӕд Баддже цыдӕр зонгӕимӕ фембӕлд, ӕмӕ, ныхасгӕнгӕ, ’рлӕууыдысты. Цӕмӕйдӕр мӕм ироны хуызӕн фӕкаст йӕ зонгӕ. Чысыл дӕлдӕр мӕ куы ’рбаййӕфта Баддже, уӕд ӕй афарстон:

– Дӕ зонгӕ ирон уыд?

– О, ирон. Нӕ йӕ зоныс? Мамсыраты Хаджи.

– Хаджи-Ксанти!.. – сфӕрӕзтон ма ӕз ӕмӕ фӕстӕмӕ атындзыдтон…

Дзӕгъӕлы згъордтон… Нал ӕй федтон: ӕгӕр бирӕ адӕм змӕлы Калинины проспекты. Фӕстӕмӕ раздӕхтӕн, Бадджейы ’рбаййӕфтон. Мӕ уайдзӕфтӕ йӕм ницы уыйас бахъардтой – йӕ мидбылты худти. Нӕ йӕ зоныс ахӕм лӕджы, уый, дам, нӕ зыдтон.

Иучысыл ма куы ’руадыстӕм, уӕд нӕ комкоммӕ цавӕрдӕр бӕрзонд афицер ӕрбацӕйцыди. Хӕстӕгдӕрмӕ йӕ базыдтон – уый уыди Плиты Иссӕ. Кӕнӕ йӕм ӕгӕр ӕдзынӕг каст фӕдӕн, кӕнӕ мӕ заводы бадардта йӕ зӕрдыл – йӕ рахиз къух йӕ къӕмисӕнтӕм фелвӕста ӕмӕ сдзырдта:

– Ӕнӕниз ут!..

Ӕз дӕр ын цыдӕр дзуапп радтон. Баддже фӕлмӕн бахудти:

– Дӕуӕн дӕр дзы цауддӕр зонгӕтӕ нӕй…

– Иссӕйы цалдӕр хатты хӕстӕгмӕ федтон, фӕлӕ Хаджийы никуы… Ныр ма йӕ кӕд фендзынӕн?

Цӕмӕй зыдтон, канд Хаджийы нӕ, фӕлӕ Иссӕйы дӕр ӕцӕгдӕр фӕстаг хатт кӕй уынын, уый? Ӕвӕццӕгӕн, алы фембӕлдӕн дӕр фӕстаг уӕвӕн кӕй ис, уый зӕрдыл дарын хъӕуы!

Ныр мӕнӕ нӕ номдзыд лӕгтӕй иуы ӕгомыг цырты уӕлхъус сӕргуыбырӕй лӕууӕм…

Рухсаг у, Иссӕ! Ӕнусты дын мысӕнт Ирыстоны дӕ ном…

ПЛИТИ Исси цирт Дзæуæгигъæуи Кади Аллейи.