26 декабря 2024

«МӔ ФИДИБӔСТӔ МИН МӔ ЗӔРДӔЙ МА ИСТОНӔ!..»

11.03.2022 | 16:47

Нӕ абони радзубандий сӕргондӕн ци гъуди рахастан, уой кӕддӕр е ‘мдзӕвгитӕй еуеми загъта зундгонд украинаг поэт Микола Нагнибеда. Уотӕ бӕргӕ курдта ӕ карнӕй, фал… Ӕ еци ӕмдзӕвги ма ӕ карнӕй уотӕ дӕр курдта: «Ӕздӕнгӕнӕг лӕгтӕй мӕ багъӕуай кӕнӕ муггагмӕ!..» Уомӕн, ӕма ‘й ӕ курухон зундӕй лӕдӕрдтӕй, етӕ, исбаргин уогӕй, адӕмӕн айдагъдӕр фидбилизхӕссӕг ӕнцӕ. Ӕма уотӕ рауадӕй ӕ райгурӕн Украини хабар. Советон Цӕдеси фехӕлди фудӕй уоми хецауеуӕггӕнӕг иссӕнцӕ гъе уӕхӕн ӕздӕнгӕнгутӕ. Ӕма ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕ туфули багӕлстонцӕ, адӕми устур бӕлӕхтӕ ӕма гъезӕмӕртти бафтудтонцӕ, сӕ цардарӕзт син бустӕги ниххӕлхъойтӕ кодтонцӕ… Е нӕ, фал ма синхаг бӕститӕн дӕр сӕринезтӕ аразун байдӕдтонцӕ. Сауӕнгӕ ма, Хуцауӕй син ӕнсувӕрдзийнадӕн аккагонд Уӕрӕсей нихмӕ знаггадӕ нур цал ӕма цал анзей дӕргъи аразунцӕ. Мадта Украинӕн ӕхе медӕгӕ ба?

Хъӕбӕр рагӕй дӕр си хӕларӕй ӕма кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ци аллихузон адӕмихӕттитӕ цардӕнцӕ, уони дӕр никкӕрӕдземӕ кодтонцӕ… Уогӕ хумӕтӕг рӕстзӕрдӕ адӕм зундгиндӕр ӕнцӕ. Лӕдӕрунцӕ ‘й, Уӕрӕсей ӕма Украини адӕмти ӕнсувӕрдзийнадӕ ӕносон ӕй ӕма рӕстӕгмӕ хецауеуӕггӕнӕг къӕсибадӕг политикти фудзунд миутӕ ’й нӕ фехалдзӕнӕнцӕ.


«Зӕрдрохсӕй ӕма сабурӕй хатун мӕ украинаг адӕми историон карни киунуги сифтӕ. Сабур ӕма уодӕнцойни рӕстӕгути кой си берӕ нӕ фӕууиндзӕнӕ. Фал си уой хигъди куд берӕ ес адӕми масти ӕма ӕфхуӕрди туххӕй, ӕ барти фӕдбӕл бӕгъатӕр тохи, ӕндӕр бӕсти лӕборгутӕ ин ци фидбилизтӕ хастонцӕ, уой туххӕй!..»

Аци циртдзæвæн Украини номдзуд паддзахадон архайæг Богдан Хмельницкийæн советон доги æвæрд æрцудæй сахар Донецки.

Уотӕ финста игъустгонд украинаг финсӕг Микола Бажан. Кӕддӕр ӕ уацтӕй еуеми («Мах дуг»-и 1979 анзи фӕндзӕймаг киунуги). Уӕдӕй нурмӕ рацудӕй дууинсӕй анзи. Берӕ агъазиау ӕййивддзийнӕдтӕ ӕрцудӕй уӕдӕй нурмӕ. Кӕддӕри тухгин Советон Цӕдес фехалдӕй, хӕларӕй ӕма кӕрӕдзей нимайгӕй аллихузон адӕмтӕ ци фӕрнӕйдзаг хӕдзари еу бийнонти хузӕн цардӕнцӕ, етӕ уордигӕй ледзӕг фӕцӕнцӕ. Е син устур рӕдуд ке адтӕй, уой нур сӕхебӕл бавзурстонцӕ.

Уӕд «хуӕдбарӕдзийнадӕмӕ» ка рахицӕ кодта, етӕ ма бӕргӕ фӕсмон кӕнунцӕ, уомӕн ӕма сӕ «фӕсцӕдесон» карнӕ син хиццаг нӕ рауадӕй…

Микола Бажани гъудитӕ хумӕтӕги не ’римистан – ци загъта, етӕ хаунцӕ ӕ райгурӕн Украинӕмӕ. Абони хъӕбӕр тӕссаг уавӕри ӕй.

Уоми Советон Цӕдеси фехӕлди фудӕй «хуӕдбарӕ» ку иссӕй, уӕдӕй фӕстӕмӕ си цитӕ ’рцудӕй ӕма цӕуй, уой ни алкедӕр уинуй ӕма зонуй – хецаудзийнадӕмӕ мондаг политиктӕ ӕма тогмондаг националисттӕ еци бӕсти низманстонцӕ тугъд, хумӕтӕг адӕм ба, неци фудгин уогӕй, цӕгъдуни кӕнунцӕ.

Украини нури разамонӕг сӕргъӕн политиктӕ се ’ндагон ахъелгути ардудӕй ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕ куйгӕлдзӕнмӕ ке тӕрунцӕ, е махӕн, Иристони цӕргутӕн дӕр цийфӕнди нӕй. Еуемӕй, уоми нӕ цӕргӕй ни кӕмӕндӕрти нӕ карни фӕззелӕнтӕ уӕддӕр цидӕр хузи баст ӕнцӕ аци бӕсти хӕццӕ, иннемӕй ба ами цӕруй не ’мзӕнхонтӕй хъӕбӕр беретӕ, е син иссӕй сӕ дуккаг фидибӕстӕ – хонгӕ дӕр сӕ кӕнунцӕ украинаг иристойнӕгтӕ. Цалдӕр анзей размӕ рацудӕй устур ӕма бундорон киунугӕ «Осетины Украины», исаразта ӕй Бузарти Игори фурт Андрей.

Зундгонд адвокат, публицист ӕма ӕхсӕнадон архайӕг, е райгурдӕй 1984 анзи Донецки, ӕ ниййергутӕн сӕ кустмӕ гӕсгӕ ами цӕргӕ рауадӕй. Аци киунугӕй уӕлдай ма Бузари-фурт ниффинста берӕ уацтӕ иристойнаг украинаг бастдзийнӕдти, уӕдта, ами цӕрӕг иристойнӕгти туххӕй.

Уӕхӕн ӕрмӕгутӕ парахат кӕнун алкӕддӕр ахсгиаг адтӕй, уӕлдайдӕр ба абони, не ’знӕгтӕ Уӕрӕсей нихмӕ агъазиау информацион тугъд ку исаразтонцӕ, кӕций фӕрци гъавунцӕ дзилли, уӕлдайдӕр ба ӕригон фӕлтӕрти зундирахаст исӕмӕнтъери кӕнунбӕл. Ӕма мах ихӕс ба ’й уӕхӕн архайди нихмӕ испайда кӕнун тухгиндӕр хуӕцӕнгарзӕй – историон рӕстдзийнадӕй. Уадзӕ, ӕма дзиллӕ зононцӕ, ӕцӕгӕй ци ӕма куд ӕй, уой.

 

«Ку нӕ байеу кодта нӕ карнӕ!..»

Уотӕ финста зундгонд украинаг поэт Виктор Кочевский.

Украинӕ ӕнӕдузӕрдугӕй нимад цудӕй берӕнацион бӕстӕбӕл – цардӕй си  дӕс ӕма ӕхсӕзинсӕй адӕмихаттемӕй фулдӕр: сӕ фулдӕр украинӕгтӕ, уотемӕй ма уруссӕгтӕ, белоруссӕгтӕ, молдавайнӕгтӕ, тӕтӕйрӕгтӕ, болгайрӕгтӕ, венгриӕгтӕ, румынӕгтӕ, польшӕгтӕ, дзиуиттӕгтӕ, сомехӕгтӕ, гурдзиӕгтӕ…

Уони ’хсӕн аккаг бунат ахӕссунцӕ иристойнӕгтӕ дӕр. Уой фӕдбӕл ма уотӕ зӕгъун дӕр ӕнгъезуй, ӕма не ’мзӕнхонтӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, ами хеуӕнттӕ сауӕнгӕ недзамантӕй фӕстӕмӕ ’нцӕ. Куд бӕрӕггонд ӕрцудӕй, уотемӕй нӕ рагфидтӕлтӕ, алантӕ, сӕ рӕстӕги цардӕнцӕ нуриккон Украини зӕнхитӕбӕл. Уомӕн ӕвдесӕн – уӕди украинаг ӕма аланти ’хсӕн федар бастдзийнӕдтӕ, сауӕнгӕ хӕстӕгдзийнадӕ дӕр.

Ӕрхӕсдзинан цалдӕр дӕнцӕни. Сауӕнгӕ Х ӕноси, 945 анзи, Киеваг къниаз Игори бийнойнаг княгиня Ольгӕ нӕ рагфидтӕлтӕ аланти хӕццӕ исфедар кодта цӕдес кӕрӕдземӕн агъаз кӕнуни ӕма хӕлардзийнади туххӕй. Киеваг къниӕзтӕ сӕхецӕн бийнойнагӕн байагориуонцӕ алайнаг кизгутти, сӕ хуӕрти ӕма кизгутти ба лӕгмӕ лӕвардтонцӕ алайнӕгтӕн – е уӕди рӕстӕги хъӕбӕр зундгин ӕма идардмӕуинӕг фӕткӕ ӕма ӕгъдау адтӕй, уомӕн ӕма уӕхӕн хӕстӕгдзийнади фӕрци дууӕ адӕмемӕн фӕззиндтӕй фадуат ӕма гӕнӕн, цӕмӕй цардайуонцӕ сабурдзийнади уавӕрти, кӕрӕдзей лӕдӕргӕй ӕма кӕрӕдземӕн агъаз кӕнгӕй.

Еци агъаз ба уӕди рӕстӕгути еудадзугдӕр гъудӕй. Микола Бажан ӕ уаци уотӕ финста: «Украинаг адӕмӕн сауӕнгӕ астӕуккаг ӕностӕй фӕстӕмӕ хъӕбӕр тӕссаг адтӕй латвиаг къниӕзтӕй, польшаг гъӕздугутӕй, венгриаг хъалтӕй, турккаг ӕма тӕтӕйраг ӕстъегъгутӕй. Уони нихмӕ украинаг феодалтӕ ӕгириддӕр нӕ тухтонцӕ, кенӕ ба айдагъдӕр рӕуонӕн ӕма цубур рӕстӕгмӕ. Фал зӕнхкосгутӕ ӕма хумӕтӕг хъазахъӕгтӕ ба мӕлӕтдзаг тох кодтонцӕ сӕ зӕнхӕ ӕма сӕ цард, се ’гъдӕуттӕ ӕма культурӕ багъӕуай кӕнунбӕл. Уӕди дзаманти уони тох цудӕй дини турусай хӕццӕ, кӕций аууони ӕцӕгӕй ба адтӕнцӕ политикон ӕма социалон гъуддӕгутӕ. Польшаг феодалтӕ дӕр ӕма украинаг феодалтӕ дӕр уидтонцӕ, тохмӕ исистӕг зӕнхкосгутӕ ӕма хъазахъӕгтӕ сӕ нихмӕ ке тох кӕнунцӕ, уой ӕма сӕ уомӕ гӕсгӕ ба ӕфхуардтонцӕ, уой дӕр тӕккӕ гъӕддагдӕр ӕма ӕверхъаудӕр хузи. Тохгӕнӕг адӕми раздзӕугути къабазгай бакӕниуонцӕ.

Еци бӕлӕхтӕмӕ уруссаг адӕми бон кудфӕнди цӕстӕй кӕсун нӕ адтӕй. Лигъд зӕнхкосгутӕ, цӕугӕдон Дони билгӕрӕнтти цӕрӕг хъазахъӕгтӕ, сауӕнгӕ паддзахи ӕфсади тугъдонтӕ дӕр сӕдӕгӕйттӕй бахезиуонцӕ арӕнбӕл ӕма байеу уиуонцӕ сӕ бартӕбӕл тохмӕ исистӕг адӕми хӕццӕ. Уӕрӕсе Украинӕн кодта айдагъ материалон нӕ, фал культурон агъаз дӕр…»

Уотӕ адтӕй догӕй-догӕмӕ. Ӕма мӕнӕ нур дӕр, Украини нури разамунд сӕ хорнигулӕйнаг зундамонгути ахъилдӕй берӕ фидбилизтӕ цалдӕр анзей дӕргъи ке аразтонцӕ Донецки ӕма Лугански хуӕдбарӕ республикити нихмӕ, уой Уӕрӕсей бон нӕбал адтӕй бухсун ӕма сӕ хӕццӕ бардзурд исаразгӕй син агъаз кӕнуй, сӕрмагонд ӕфсӕддон операций фӕрци сӕ ервӕзун кӕнуй украинаг тогмондаг нацисттӕй, тугъдӕй ледзӕг адӕм, сӕ фулдӕр силгоймӕгтӕ ӕма сувӕллӕнттӕ исиуазӕг кодтонцӕ нӕ бӕсти фулдӕр регионтӕ. Е ӕй ӕцӕг ӕнсувӕрдзийнадӕ.

Мадта нӕ рагфидтӕлтӕ ӕма уӕди украинаг адӕм кӕрӕдзей хӕццӕ хӕстӕгдзийнадӕмӕ ке тундзиуонцӕ, уомӕн ци берӕ дӕнцитӕ ес, уой туххӕй ба нӕ бон уой зӕгъун ӕй, ӕма е бӕлвурд ӕвдесӕн ӕй, махӕн, аланти байзӕдтӕгтӕн ӕма украинӕгтӕй кӕмӕндӕрти сӕ тог еумӕйаг ке ’й, уомӕн.

 

«Мах Фидибӕстӕй еу ихӕс дардтан!..»

Уотӕ финста зундгонд украинаг поэт Виктор Кочевский.

Уомӕ гӕсгӕ ба алантӕ дӕр ӕма сӕ фӕсте ци фӕлтӕртӕ исӕнтӕстӕнцӕ, етӕ багъӕуаги ратагъд кӕниуонцӕ сӕ украинаг ӕнсувӕрти фарсмӕ ӕрлӕуунмӕ ӕма усхъӕй-усхъӕмӕ знаги нихмӕ тох кӕнунмӕ. Уотӕ адтӕй Устур Фидибӕстон тугъди рӕстӕги дӕр.

Иристойнӕгтӕй фондз ӕма инсӕй минемӕй фулдӕр тох кодтонцӕ Украини зӕнхӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕй исуӕгъдӕ кӕнуни тугъдтити. Уонӕй авд ӕма инсӕй иссӕнцӕ Советон Цӕдеси Бӕгъатӕртӕ. Ка си кӕми фескъуӕлхтӕй, еци сахартӕ ӕма гъӕути сӕ номбӕл Украини ес гъӕунгтӕ, скъолатӕ, парктӕ, исӕвардтонцӕ син сӕрмагондӕй циртдзӕвӕнтӕ. Не ‘мзӕнхон Советон Цӕдеси Бӕгъатӕртӕй фараст ӕвӕрд ӕнцӕ Украини зӕнхӕбӕл. Уонӕй ӕхсӕз – Калоти Александр, Цхурбати Иван, Доййати Давид, Бутати Геуӕрги, Бзарти Геуӕрги ӕма Ӕхсарати Энвер – сӕ цард иснивонд кодтонцӕ немуцаг-фашистон ӕрдонгтӕй Украинӕ исуӕгъдӕ кӕнуни сӕрбӕлтау ӕма син аци зӕнхӕ иссӕй се ’носон бунат. Иннетӕ ба тугъди фӕсте цардӕнцӕ ӕма кустонцӕ Украини, уомӕ гӕсгӕ ба сӕ рамӕлӕти фӕсте ами ӕрцудӕнцӕ нигӕд – Билаонти Павел (Киеви), Къесати Астан (Севастополи), Иван Машков (Одесси).

Советон Цӕдеси еугур адӕмихӕттити минӕвӕрттӕ дӕр ӕмзунд-ӕмвӕндӕй куд тох кодтонцӕ Райгурӕн бӕсти сӕрбӕлтау, уой фӕдбӕл историон наукити доктор БАЛИКЪОТИ Тотраз, кӕцимӕн Украини ес берӕ лимӕнтӕ, уӕззау зундбӕл хуӕст адӕймӕгутӕбӕл сӕ нимайуй, уотӕ зӕгъуй:

– Уӕззау, тогкалӕн, ӕверхъау фидбилизхӕссӕг бӕнттӕ зин имисӕн ӕнцӕ. Фал син нӕййес иронх кӕнӕн, бустӕги ба фӕстаг рӕстӕг Украини ци цаутӕ цӕуй, уони уингӕй.

1941 анзи 22 июни цъамар фашисттӕ нӕ Фидибӕстӕмӕ ку ӕрбалӕбурдтонцӕ, уӕд советон адӕм еци еузӕрдиуонӕй исистадӕнцӕ знаги нихмӕ. Ка цирдигон ӕй ӕма ци адӕмихаттӕй ӕй, уомӕ нӕ кӕсгӕй, сӕ цардбӕл нӕ ауӕрдгӕй, еумӕйагӕй тох кодтонцӕ тугъдӕн ӕ тӕккӕ райдайӕнӕй ба нӕ Цитгин Уӕлахези уӕнгӕ, куд нӕ еумӕйаг советон паддзахади, уотӕ Украини сӕребарӕбӕл дӕр. Цал ӕма цал советон адӕймаги фӕммард ӕй фронти, партизанти рӕнгъити Украини сӕрбӕлтау тох кӕнгӕй, уомӕн банимайӕн дӕр нӕййес. Е ма абони дӕр нӕ адӕмтӕн устур зӕрдрист ӕй. Фал никки устурдӕр зӕрдрист, мӕнӕ нуртӕккӕ нацистти байзайӕггӕгтӕ, уони абониккон нӕуӕг фӕсдзӕуинттӕ сӕ амидингӕнгути ахъилдӕй ци фудмиутӕ аразунцӕ, куд ӕзмӕнтунцӕ адӕми цард ӕма сӕ ци бӕлӕхти гӕлдзунцӕ, е ӕй. Етӕ знагӕй знагдӕр ӕнцӕ, уомӕн ӕма уони фудӕй Украини зӕнхӕ нӕуӕгӕй гъӕст цӕуй хумӕтӕги адӕми тогӕй. Еци зӕнхӕ цӕмӕй макӕдбал бавзара тугъди азар, уой туххӕй нӕ фидтӕлтӕ еуварсӕй ӕрбалӕборӕг знаги нихмӕ карз тохи никкалдтонцӕ сӕ тог. Се ’хсӕн адтӕнцӕ куд иннӕ рауӕнтӕй, уотӕ Ирӕфи райони сахъигурдтӕ дӕр. Еу къуарей си ӕримисӕн аци бон.

Устур Фидибæстон тугъди рæстæг Украини зæнхæбæл Сурх Æфсади хъазауатон тохи кадæн панорамæ.

Сауӕнгӕ Дигоргомӕй райдӕдта ӕ тугъдон ӕмбӕлтти хӕццӕ дӕрӕн кӕнун немуци чиколайаг Махъоти Амурхани фурт Алихан. Ӕ тугъдон нӕдтӕ радаргъ ӕнцӕ Украини зӕнхӕбӕл дӕр – 1943 анзи фӕззӕги тох кодта Запорожий облӕст знагӕй исуӕгъдӕ кӕнунбӕл. Батальонӕн разамунд дӕтгӕй, бавдиста лӕгдзийнадӕ ӕма ин уӕд исаккаг кодтонцӕ Тугъдон Сурх Турусай орден. Устур цӕугӕдон Днепри сӕрти бахезунбӕл карз тохи ке фескъуӕлхтӕй, уой туххӕй ба Алиханӕн лӕвӕрд ӕрцудӕй Ленини орден – ӕ батальони фӕрци фӕцӕй фадуат, цӕмӕй сӕ дивизийӕн бантӕстайдӕ еци цӕугӕдони сӕрти байервӕзун ӕма уой билгӕрӕнттӕй знаги фӕссоруни ихӕс ӕнтӕстгинӕй исӕнхӕст кӕнун.

Сахар Харьков гъӕуай кӕнгӕй Хъарати Хакъяси фурт Мӕхӕмӕт дӕр Украини зӕнхӕбӕл тугъдтити бавдиста устур лӕгдзийнадӕ. Уомӕн еу ӕвдесӕн: Мӕхӕмӕтӕн ӕ тугъдон ӕмбӕлтти хӕццӕ бантӕстӕй, танкитӕ ӕма ӕндӕр тугъдон техникӕ ӕфсӕддонти хӕццӕ ка ласта, еци немуцаг поезд фехалун ӕма уомӕй знагӕн устур зӕран ӕрхӕссун… Мӕхӕмӕт фӕммард ӕй Украини зӕнхӕбӕл. Нигӕд ӕй Харькови кӕрони еумӕйаг ӕнсувӕрон цирти. Ӕ фӕсмӕрдӕ ин ӕ ном иссирдтонцӕ Сурх Стъалуй орденӕй.

Тугъди фиццаг мӕйти Черкасски облӕсти ӕма Донбасси зӕнхитӕ фашисттӕй бӕгъатӕрӕй гъӕуай кодта Цӕрикъати Хадой фурт Сафарбий. Кобегкати Сабази фурттӕ кӕстӕр лейтенант Сослӕнбек ӕма Хушини знаги нӕмгутӕ исӕргъавтонцӕ Украини зӕнхӕбӕл, уоми карз тугъдтити ралух ӕй сӕ цардвӕндаг. Уотӕ фӕццубур ӕй Украини зӕнхӕбӕл Цӕмӕхъати Василийи фурт Темурхъани цардвӕндаг дӕр.

Днепри билгӕрон фӕммард ӕнцӕ афицертӕ Айдарти Сангей фурт Тазе, Ӕршити Бердий фурт Мӕхӕмӕт, Гуӕздӕрти Ахмӕти фурт Хадзирет, Гуӕцӕлти Алимӕрзай фурт Сулейман ӕма берӕ ӕндӕртӕ, бустӕги ба ӕфсӕддонтӕ.

Аци циртдзæвæн «Райгурæн бæстæ-мадæ», Киеви æвæрд æрцудæй советон доги.

«Раздӕхуй алци фӕстӕмӕ уӕддӕр!..»

Уотӕ финста зундгонд украинаг поэт Борис Олейник.

Тугъди иристойнӕгтӕй ка архайдта, уонӕй беретӕ уой фӕсте цӕрунмӕ байзадӕнцӕ Украини – кадӕртӕ си идарддӕр службӕ кодтонцӕ ӕфсади, кадӕртӕ ба ами бийнонти гъуддаг бакодтонцӕ, кӕмӕндӕр ба ӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй ардигон бӕстӕ… Мадта фӕстугъд Иристонӕй берӕ специалисттӕ ӕрвист ӕрцудӕй Украинӕмӕ, уомӕн ӕма уӕлдай устур зӕран ӕрцудӕй ӕ адӕмон хӕдзарадӕбӕл ӕма цӕмӕй тагъддӕр ӕ къӕхтӕбӕл ислӕудтайдӕ, уой туххӕй ба гъудӕй берӕ аллихузон дӕсни косгутӕ. Уонӕй дӕр беретӕ цӕргӕ байзадӕнцӕ украинаг зӕнхӕбӕл.

Тугъди фӕсте ӕнзти тухгинӕй-тухгиндӕр ирӕзун райдӕдта Иристони спортивон кадӕ. Ӕма ами уавӕртӕ ӕгӕр ку «исунгӕг» ӕнцӕ, уӕд ӕндӕр гӕнӕн нӕбал адтӕй, ӕма иристойнаг спортсментӕй ӕма тренертӕй беретӕ рандӕ ’нцӕ Украинӕмӕ, аллихузи дуйнеуон еристи гъӕуай кодтонцӕ Украини кадӕ, сӕ къохи бафтудӕй устур уӕлахезтӕ. Фӕндуй нӕ сӕрмагондӕй зӕгъун тренертӕ Мистулати Юрий, Саулохти Бариси, Руслан ӕма Тайморази, Хромати Заурбеги, уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй дуйней чемпион (1971 анз) Гусати Юрийи ӕма Европи чемпион (1978 анз) Бигъати Бариси туххӕй.

Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма Саулохти Бариси хъӕппӕресӕй фӕззиндтӕй ӕма райрӕзтӕй Украини гъӕбесӕйхуӕсти спорт. Уой берӕ хъиамӕтти фӕрци ӕрцудӕй арӕзт Украини спортивон гъӕбесӕйхуӕсти ассоциаци дӕр, авд анзи ин разамунд дӕр ӕхуӕдӕг лӕвардта. Саулохти Руслан – Украини ӕскъуӕлхт тренер – исгъомбӕл кодта украинаг гъӕбесӕйхуӕцгути берӕ ӕнтӕстгин фӕлтӕрти.

Уой туххӕй ин бӕсти разамунд исаккаг кодта Украини дууӕ паддзахадон хуӕрзеуӕги – дуккаг ӕма ӕртиккаг къӕпхӕнти орден «За заслуги». Хромати Заурбег иссӕй Украини баскетболи Федераций фиццаг вице-президент, Украини Национ олимпаг комитети ӕнхӕсткоми иуонг, Украини ӕскъуӕлхт тренер. Цалдӕр анзей дӕргъи разамунд лӕвардта Украини баскетболи Федерацийӕн. Хромати Заурбег ӕй, украинаг специалисттӕй ССР Цӕдеси ӕмбурдгонд команди сӕргъи ка адтӕй, еунӕг уӕхӕн тренер.

Украинаг ирон спортсменти къохи уӕлдай устурдӕр ӕнтӕстдзийнӕдтӕ бафтудӕй Украини хуӕдбарӕдзийнади ӕнзти. Ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл сӕ кой райгъустӕй уӕззау атлетики олимпаг чемпион (Барселонӕ, 1992 анз) Таймазти Тимурӕн, уӕгъдебарӕ гъӕбесӕйхуӕстӕй олимпаг чемпион (Афинтӕ, 2004 анз), дуйней къуар хатти чемпион Тедети Эльбрусӕн, дуйней чемпион Ӕлдаттати Иванӕн (2006 анз). Европи чемпионтӕ иссӕнцӕ Тедети Дзамболат, Уалити Мераби, Фидарати Аслӕмбег, Тогъузати Владимир, Зозирати Зазӕ ӕма ма берӕ ӕндӕртӕ.

Украинаг иристойнӕгтӕн хуарз ӕнтӕсуй науки къабази дӕр, культури, аййевади, медицини, сауӕнгӕ бизнеси дӕр.

1979 анзи адӕми исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, Украини цардӕй 5275 ирони. 1989 анзи исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ ирӕнтти нимӕдзӕбӕл ма бафтудӕй мин адӕймагемӕй фулдӕр. Украини фӕстаг исфинсти бӕрӕггӕнӕнтӕмӕ гӕсгӕ, 2001 анзи аци бӕсти цардӕй 4834 ирони. Нуртӕккӕ Украини цал ирон адӕймаги цӕруй, уой туххӕй официалон бӕрӕггӕнӕнтӕ нӕййес.

Уасгергий кадæн монумент Уæллагири коми.

«Дӕ реуи дуар кӕми дардзӕнӕ ӕхгӕдӕй?!»

Уотӕ финста зундгонд украинаг поэт Владимир Бровченко.

Ирон диаспоритӕ уӕлдай устурдӕр ӕнцӕ Киеви, Донецки, Днепропетровски, Харькови, Хъирими, Одесси, Запорожьей ӕма Лугански. Аци сахарти ӕма Хъирими фулдӕр ирӕнттӕ ӕрцардӕй, фиццагидӕр, Уӕрӕсемӕ ӕма Иристонмӕ хӕстӕг ке ’нцӕ, Украини нигулӕн облӕстити хӕццӕ рабаргӕй, уомӕ гӕсгӕ. Дуккаг ба, еци рауӕнти агъазиау индустриалон центртӕ ке адтӕнцӕ, уой туххӕй. Хъирим ба ирӕнтти зӕрдӕмӕ цудӕй куд туристон центр, уотӕ. Ӕртиккагӕй ба, уонӕми агъазиау наукон ӕма ахургӕнӕн центртӕ ке адтӕнцӕ, уомӕ гӕсгӕ. Иристойнӕгтӕй беретӕ бӕлдтӕнцӕ Украини ахур кӕнунмӕ рандӕ унмӕ, ӕ косӕндӕнтти наукон куст кӕнунмӕ.

Иннемӕй ба Украини адтӕй гъомусгин ӕфсӕддон-техникон инфраструктурӕ. ССР Цӕдеси фехӕлди размӕ нӕхеуӕнттӕй уоми ка службӕ кодта, уонӕй беретӕ уоми цӕргӕй байзадӕнцӕ. Мадта Украинӕ ӕма Уӕрӕсей ’хсӕн дӕргъвӕтийнӕ историон бастдзийнӕдтӕ ӕма нивӕбӕл рахастдзийнӕдтӕ ке адтӕй, е дӕр агъаз адтӕй нӕ диаспорити нимӕдзӕ фулдӕр кӕнунӕн.

Украини ирон ӕхсӕнадон организацити хуарз гъуддӕгути туххӕй радзорун ӕнгъезуй: национ традицитӕ ӕма ӕгъдӕуттӕ ма феронх кӕнуни туххӕй культурон-дзиллон мадзӕлттӕ аразун; уордӕмӕ хаунцӕ национ нисантӕй пайда кӕнун, национ бӕрӕгбӕнттӕ ӕма зӕрдӕбӕлдарӕн бӕнттӕ исбӕрӕг кӕнун, национ ансамбли архайд, диаспори активисттӕн ӕма разамонгутӕн кадӕ кӕнун. Е, фиццагидӕр. Дуккагӕй ба, историон райгурӕн бӕсти хӕццӕ бастдзийнӕдтӕ аразун ӕма федар кӕнун, дуйнеуон ирон ӕнӕхецауадон организацити кусти архайун, Хонсар Иристонӕн гуманитарон агъаз кӕнун, иннӕ национ ӕхсӕнӕдти хӕццӕ ӕмгустадӕ ӕма ӕндӕртӕ. Ӕртиккагӕй ба, рауагъдадон архайд, киунугутӕ ӕма ӕндӕр мухурон куститӕ уадзун ирон этноси истори ӕма традицити туххӕй. Хецаудзийнади аллихузон комитетти ӕма къамисти, кенӕдта ӕндӕр искондти кусти архайун нацити ’хсӕн рахастдзийнӕдти фӕдбӕл фарстати.

Кӕронбӕттӕни нӕ уой зӕгъун фӕндуй, ӕма нӕ адӕмӕн украинӕгти хӕццӕ ес ӕмрахастдзийнӕдти дӕргъвӕтин истори. Украини нуриккон ирон диаспорӕ кӕд агъазиау нӕй, уӕддӕр украинаг ӕхсӕнади аккаг хузи ӕвдесуй ӕ наций цӕсгон ӕма еци ӕхсӕнади ахӕссуй аккаг бунат…

 

«Ку ма ралӕууидӕ еци догӕ, тӕходуй!..»

Уотӕ финста зундгонд украинаг поэт Микола Карпенко.

Украини кӕддӕри ӕмзунд-ӕмвӕндӕй цӕрӕг адӕм ниддехтӕ ‘нцӕ, дуйне дӕр ӕма сӕ паддзахади исонибон дӕр фӕйнӕхузонӕй ка уинуй, аллихузон геополитикон ӕма культурон тундзундзийнадӕ кӕми ес, кӕрӕдзей ка нӕ лӕдӕруй, уӕхӕн къуӕрттӕбӕл. Еци уавӕрти си неонацизми ӕвзӕрттӕ сӕ сӕртӕ исдардтонцӕ ӕма хецауеуӕг кӕнуни бартӕ сӕхемӕ райстонцӕ. Уони уӕлдай агъазиау фудракӕндӕ ба е ӕй, ӕма дууӕ ӕнсувӕрон бӕсти – Украинӕ ӕма Уӕрӕсей – кӕрӕдземӕн знӕгтӕ исаразунбӕл архайунцӕ еугур мадзӕлттӕй дӕр. Уотемӕй абони тухстӕй-тухстдӕр уавӕрти бӕлвурдӕй Уӕрӕсе райста ӕхемӕ уӕззау ихӕс – Украини ӕнсувӕрон адӕми нацизми уацарӕй фӕййервӕзун кӕнун. Ӕма дуйней паддзахӕдтӕй кӕцидӕртӕ еци рӕстзӕрдӕ гъуддаги нихмӕ кӕд рӕйунцӕ, уӕддӕр Уӕрӕсе ӕ еци ихӕс исӕнхӕст кӕндзӕнӕй – уомӕн ӕма дзубанди цӕуй хумӕтӕг сабур цардмӕ бӕллӕг адӕми карнӕбӕл.

Хумӕтӕг адӕм ба, ку зӕгъӕн, бӕллунцӕ сӕ цард раздӕр куд ӕнӕмаст ӕма фӕрнӕйдзаг адтӕй, уомӕ. Сӕ зӕрдӕ дарунцӕ, еци райдзаст догӕ бабӕй ке раздӕхдзӕнӕй, уобӕл. Ӕма син куд нӕ фӕййагъаз кӕнӕн еци гъуддаги!..

 

Ӕрмӕг мухурмӕ бацӕттӕ кодта

САКЪИТИ Эльбрус