22 майя 2025

«МÆ ЦАРДИ ФÆДБÆЛ РАХАСТОН МÆ ЦÆСТÆ…»

17.05.2025 | 21:35

Æрæги Дзæуæгигъæуи рауагъдадæ «Веста»-йи мухури рацудæй киунугæ – фотоальбом «Ходи Камали цардвæндаг». Бацæттæ ’й кодта æ бийнойнаг Ходи Валентинæ. Арæзт æй зундгонд æма искурдиадæгин поэт, тæлмацгæнæг Ходи Камали биографион æма библиографион æрмæгутæй æма æ цард, берæвæрсуг исфæлдистадон æма æхсæнадон цардбæл дзорæг алли æнзти ист къартæй.

…Камал кæддæр е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста: «Мæ царды фæдыл ахастон мæ цæст…» Нур ба æ бæсти ин æ цардвæндаги хабæрттæ æма цаутæбæл сæ цæстæ рахастонцæ æ номерæн киунугæ исаразгутæ. Æма си Хуцау арази уæд, æгайтима уæхæн арфиаг гъуддагбæл уотæ зæрдиагæй байархайдтонцæ…