06 октября 2024

«МÆ ФИДТÆЛТИ ЦИТГИЙНАГ МÆНÆН ДÆР ЦИТГИЙНАГ ÆЙ…»

07.09.2024 | 19:08

Æ ЛÆГДЗИЙНАДÆН ИН УСТУР АРГЪ ИСКОДТОНЦÆ

Куддæр рабон æй, уотæ фестæг денгизонти нихмæ знаг æмпурсун байдæдта дууæ фестæг дивизиемæй, сæ хæццæ ба ма берæ танкитæ, уотемæй. Инсæй хатти сæ фæстæмæ фæлледзæги кодтонцæ мах тугъдонтæ. Уæд знаг æмпурсун байдæдта æртæрдигæй – денгизæй, уæларвæй æма сорзæнхæбæл. Десантти гъуддаг хуарз нæбал адтæй: сæ еуетæ билгæрон рауæнти байзадæнцæ, иннетæ ба дони бацудæнцæ, уотемæй фæттох кодтонцæ æртæ боней дæргъи.

Еци тохи, куд иннæ десантонтæ, уотæ устур лæгдзийнадæ равдиста Ладо Давыдов дæр. Уой туххæй æй исхуарзæнхæ кæнуни бацæттæгонд гæгъæдий финст адтæй: «1943 анзи 1 ноябри Ладо Давыдов адтæй Керчи æрдæгсакъадахи десантти хæццæ. Уоми дæр равдиста лæгдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ. Е адтæй, знаги федар ка барæмугъта æма Камыш-Бурун ка байахæста, уони хæццæ…»

Советон æфсæддонтæ еци тугъдтити кæд устур бæгъатæрдзийнадæ равдистонцæ, уæддæр, знаги тухтæ зингæ фулдæр ке адтæнцæ, уомæ гæсгæ сæ багъудæй «Устур зæнхæмæ» рацæун.

Еци рæстæг Ладо уæззау сæйгæ фæцæй, æма ’й рарвистонцæ Сочимæ сæйгæдонæмæ. Ку исдзæбæх æй, уæд æрвист æрцудæй сахар Великие Лукимæ, уоми инæлар-майор Кучерявенко командæгæнæг кæмæн адтæй, еци 306-аг æхсæг дивизий 210 сæрмагонд ротæмæ. Æма уой рæнгъити Ладо фæццудæй сауæнгæ Кенигсберги уæнгæ.

Уæлдæр ке кой кодтан, еци дивизи 1944 анзи 22 июли бахъæрттæй цæугæдон Нигулæн Двинамæ. Фал син уоми æ сæрти бахезуни фадуат нæ адтæй – знаг уой размæ хед басугътонцæ. Уæд командæгæнæг байагурдта, барвæндонæй тъасхæгæнæгæй рандæунбæл арази ка адтæй, уæхæн æфсæддонти: иссерун гъудæй, цæугæдони сæрти танкитæ кæми бахизтайуонцæ, уæхæн рауæн. Уомæй уæлдай ма исамал кæнун гъудæй, знаги уавæртæ æма гæнæнтæ бæлвурдæй ка радзурдтайдæ, уæхæн «æвзаг» дæр фæййамал кæнун. Æфсæддонти рæнгъитæй фиццæгти хæццæ размæ рацудæй Ладо дæр. Æ документтæ равардта парторгмæ, æма е ’мбæлтти хæццæ ранæхстæр æй æ тæссаг «балций» –  сæ дзаумæуттæ раластонцæ, автомат æма гранæттæ исæвардтонцæ минкъий бæлæгъи æма сосæггай банакæ кодтонцæ, знаг æхе кæми æрфедар кодта, еци билгæрони ’рдæмæ.

Ладо ДАВЫДОВ

Билгæронмæ бахъæртгæй, Ладо си танкитæн бацæуни аккаг бунат ку не ’ссирдта, уæд билгæронмæ рахизтæй æма æ цуд исаразта, билгæронæй минкъий дæлдæр ци гъæдæ зиндтæй, уомæ. Уордигæй æнай-æнойти æ размæ рауадæнцæ  цалдæр лæги. Етæ адтæнцæ поселок Шарапиной цæрæг адæм, гъæди сæхе римахстонцæ немуцæй. Етæ Ладойæн рахабæрттæ кодтонцæ, уæдта ма ин загътонцæ, немуц колхози бæхдонæбæл арт бафтаунмæ ке гъавунцæ, уой. Ладо багъузтæй гъæугæронмæ æма  æнгъæлмæ кæсун райдæдта. Уæдмæ гъæунги фæззиндтæй къуар фашисти. Етæ æд æхседарф бараст æнцæ бæхдонæмæ, уоми ба медæгæй адтæй колхози бæхти æргъау. Цалинмæ Давыдов рагъуди-багъуди кодта, уæдмæ ма имæ æрбахъæрттæнцæ æ къуарæй дууемæй. Куддæр немуц æрбахæстæг æнцæ бæхдонæмæ, уотæ сæ нæ тъасхæгæнгутæ автоматтæй æхсун байдæдтонцæ. Фашисттæ уайтæккæдæр фæстæмæ ледзунмæ фæцæнцæ. Нæ тъасхæгæнгутæй еу, Милгородский берæ фæгъгъавта фашистти командирмæ, уæдта ’й фехста. Фашист æрхаудтæй, æ уæрагмæ фæллæбурдта, уотемæй. Æсгаргутæ æ размæ бурдæнцæ æхсгæ-æхсун. Немуцæгтæ гъæуæй фæуурдуг æнцæ. Дæс æма инсæй ба си мæрдон хустæй хусгæ байзадæнцæ поселокки гъæунгти. Фашистти къуари командири (Милгородский ке фехста, уой), еци цæфтæй сæ хæццæ ракодтонцæ. Е адтæй Ладо æма е ’мбæлтти дæс æма дууинсæймаг «æвзаг».

Тъасхæгæнгутæ сæ реуидзаг нæма исуолæфтæнцæ, уотемæй сæ нихмæ ’рбампурсунцæ немуци танкитæ æма хуæдтолгитæ. Разæй – рæуæг хуæдтолгæ. Ладо æма Дамсков надæн æ еуæрдигæй нихъхъан æнцæ, Милгородский ба – иннердигæй. Рæуæг хуæдтолгæ ку ’рбахæстæг æй, уæд Ладо фестадæй æма ибæл багæлста гранатти баст, фал нæ фæррæстмæ ’й, гранаттæ хуæдтолги сæрти батахтæнцæ. Уæд тъасхæгæнæг фелваста гранатти нæуæг баст æма ’й фехста хуæдтолги раззаг цæлхити тæккæ бунмæ. Хуæдтолгæ иссугъдæй. Ладо имæ батахтæй, кæд ма æ къохи «æвзаг» бафтуйидæ, зæгъгæ, фал шофер дæр æма æ фарсмæ ка бадтæй, еци афицер дæр адтæнцæ мард. Афицери рæбун Ладо рауидта царгин хизин æма сейф. Фæллæбурдта сæмæ æма сæ губур-губурæй раскъафта е ’мбæлттæмæ. Немуцæгтæ ’й рауидтонцæ æма ’й райдæдтонцæ дзармадзантæй æхсун.  Еу нæмуг фехалдæй æ тæккæ рази æма Ладо нецибал балæдæрдтæй. Е ’мбæлттæ ’й сæ къохти рахастонцæ æма ’й æрбахъæртун кодтонцæ цæугæдони сæрти нæхеуæнттæмæ.

Ладо æхе ’рлæдæрдтæй дууæ къуæрей фæсте. Æма фиццаг ци фегъуста, е адтæй, 43-аг æфсади командæгæнæг, гвардий инæлар-лейтенант Белобородов æма Тугъдон Совети иуонг инæлар-майор Шабалов 1-аг Прибалтикон фронти командæкæнуйнадæмæ ке балæвардтонцæ курдиадæ, цæмæй Давыдов Ладойæн лæвæрд æрцæуа Советон Цæдеси Бæгъатæри ном.

 

БÆГЪАТÆРÆН – БÆРЗОНД КАДÆ ÆМА НАМУС!..

Ладо ци дзæкъолæ æма сейф рахаста знаги содзгæ хуæдтолгæй, уоми разиндтæй хъæбæр ахсгиаг гæгъæдитæ. Зæгъун æнгъезуй, Ладо æма е ’мбæлтти бæгъатæрдзийнадæй еци гæгъæдитæ мах командæкæнуйнади къохи ке бафтудæнцæ, уой фæрци идарддæр тугъдтити мæлæтæй фæййервазтæнцæ сæдæгай советон æфсæддонтæ æма афицертæ.

Æнхæст нæма исдзæбæх æй, уотемæй æрæздахтæй Ладо æ тугъдон хаймæ. Æ хуарзæнхити туххæй гæгъæдити фæззиндтæй уæхæн финст: «Æмбал Давыдов нæуæгæй ами æй. Раздæри хузæн æй  æвæллайгæ, сæрæн, æ хъаурæ, æ зунд не ’вгъау кæнуй нæ сæребари гъуддагæн. Еци бæгъатæр, фæлтæрд, тухгин тъасхæгæнæги ном хуарз зонунцæ æнæгъæнæ тугъдон хаййи дæр…»

Цалдæр боней фæсте Ладо æсгаргути къуари хæццæ бабæй рандæй, знаги тугъдон тухтæ цæйбæрцæ æма кæми ’нцæ, уой исбæрæг кæнунмæ. Еци ихæс исæнхæст кæнун адтæй хъæбæр ахсгиаг гъуддаг. Уомæн æвдесæн æй е дæр, æма 1-аг Прибалтикон фронти æфсæдти генералон нимпурсти размæ Ладо æма е ’мбæлттæ сæ ихæс куд исæнхæст кодтонцæ, уой туххæй бакæсæн ес «Советон Цæдеси Устур Фидибæстон тугъди (1941-1945 æнзти) историй» цуппæрæймаг томи 169-аг фарсбæл.

Мæскуй Пятницкийи уæлмæрдти ДАВЫДОВ Ладой циртбæл циртдзæвæн.

Уой фæсте Ладо ци дивизий службæ кодта, е архайдта, фашисттæн сахар Витебски ци æфсæддон къуæрттæ адтæй, уони дæрæн кæнуни тугъдтити. Ладо хуарз бадардта æ зæрдæбæл, еци тугъдтити рæстæг сахар Лепелмæ хæстæг цитæ цудæй, уой. Уæлдайдæр ба сæ гъæддагдзийнадæ бæлвурдæй кæми разиндтæй, уæхæн цаутæ. Уæд фашистти сидзмудзи ледзун фæстæмæ багъудæй æма сæмæ сæхе тугъдонтæй цæфтæ кадæриддæр адтæй, уони сæхуæдтæ ниццагътонцæ.

Лепел Советон Æфсад ку иссæребарæ  кодта, уæд нæ тъасхæгæнгути къуар – адтæй си финддæс æма инсæй æфсæддони – æрвист æрцудæй цæугæдон Березинæмæ. Уоми кæмидæр римæхст рауæни, дан, æрбунат кодта немуцаг танкити еугонд, гъудæй сæ иссерун, æма, кæми ’нцæ, еци координаттæ нæхеуæнттæмæ фегъосун кæнун, цæмæй сæ нæ хуæдтæхгутæ искунæг кодтайуонцæ.

Березини билгæрæнтти советон тъасхæгæнгутæ æнæнгъæлæги исцурæвæрæ ’нцæ знагбæл. Байдæдтонцæ сæ æхсун, тъасхæгæнгутæй дууæ фæммард æнцæ, дууæ ба фæццæф æнцæ. Нæ тъасхæгæнгутæ галеуæрдæмæ цæугæдони сæрти бахизтæнцæ æма уоми исæмбалдæнцæ польшаг партизантæбæл. Етæ син равардтонцæ хуæруйнаг, тамаку æма син байамудтонцæ, танкитæ кæми римæхст æнцæ, уой.

Æдæхсæвæ-æдæбонæ гъæуай кодтонцæ тъасхæгæнгутæ, цума ци фæндæ искодтонцæ фашисттæ, зæгъгæ. Размæ ци дууæ тъасхæгæнæги рарвистонцæ, уони æрæстæфтæнцæ немуц æма сæ  райдæдтонцæ æхсун. Немуц фæттарстæнцæ, нæ танкити римæхст рауæн нин базудтонцæ, зæгъгæ, æма фесхъæтæг æнцæ, æндæр рауæнмæ сæ раййевунмæ гъавтонцæ.

Уой балæдæргæй, тъасхæгæнгути командир, майор Кривошеин унаффæ рахаста, цæмæй не ’фсæдти разамунддæтгутæй кæмæн гъудæй, уонæн фегъосун кæнонцæ æма нæ авиаци бомбитæ калун байдайа знаги римæхсæнтæбæл – е ба ма уой амудта, æма уæд бомбитæ хаудзæнæнцæ нæ тъасхæгæнгутæбæл сæхебæл дæр. Нæ тъасхæгæнгутæ ’й куд нæ лæдæрдтæнцæ сæхуæдтæ дæр, гæнæн ес æма фæммард уодзæнæнцæ. Фал сæ нифс федар адтæй – немуци танкитæн ба  рауадзæн нецихузи ес. Уайтæккæдæр нæ хуæдтæхгутæ фæззиндтæнцæ. Фашистон танкитæй еу дæр нæбал райервазтæй… Хуарз æма не ’сгаргутæбæл неци бæлах æрцудæй, фæййервазтæнцæ…

Уæдмæ æрбахъæрттæй Ладо Давыдови царди тæккæ цийнагдæр бон. Е адтæй 1944 анзи 17 август. Ладомæ фæдздзурдтонцæ, фронтæй æй ракодтонцæ æма сахар Вильнюсмæ хæстæг 1-аг Прибалтиаг фронти командæгæнæг, æфсади инæлар И.Х. Баграмян Ладой реубæл бакодта Советон Цæдеси Бæгъатæри Сугъзæрийнæ Стъалу æма Ленини орден.

Советон Цæдеси Бæгъатæр Давыдов Ладой номхæссæг дзæуæгигъæуккаг 6-аг астæуккаг скъолай ахурдзаути къуар æхсаргин тугъдони кадæн номерæн мадзали рæстæг.

Уæлахези бон Ладой æрæййафта сахар Риги госпитæли. Уордæмæ бахаудтæй, Кенигсберги рæбун тугъдтити уæззау цæф ке фæцæй, уой фудæй.

Еци хабар ба уотæ рауадæй. Тъасхæгæнгути минкъий къуарæн байхæс кодтонцæ «æвзаг» исамал кæнун. Етæ багъузтæнцæ, немуц кæми адтæнцæ, уордæмæ. Исхизтæнцæ еу æрдæгихæлд хæдзари дуккаг уæладзугмæ æма райдæдтонцæ æнгъæлмæ кæсун. Уалинмæ бекъи аууонæй фæззиндтæй еу немуцаг афицер. Ладо исфæндæ кодта уой æрахæссун æма уой зæрдтæй ибæл еци уæладзугæй æхе рагæлста. Афицер æй рауидта æма æ фуртæссæй æхе еуварс рагæлста. Ладо æй нæбал раргъавта æма зæнхæбæл æрхаудтæй, æ галеу цонг басастæй. Немуцаг ба, æхе ку фæййеуварс кодта, уæд хæдзари фарсбæл æ сæр ниццавта æма зæнхæбæл æ тъæпп бæргæ фæццудæй, фал уæддæр исарæхстæй æ дамбаца фелвасун æма си Ладой багæрах кæнунмæ. Ладойæн фæццæф æй æ зæнгæ, немуцаг ба имæ нæуæгæй багъавта, фал уæдмæ Милгородский немуцаги ниццавта автоматæй æма е бæргæ фæддæлгоммæ æй, фал уæддæр æ дамбаца не ’суагъта æма си Милгородскийи цалдæр æхсти фæккодта. Уотемæй фæммард æй нæ еци бæгъатæр тъасхæгæнæг, Ладой хуæздæр æмбæлттæй еу. Милгородскийæн некебал байзадæй, æ бийнонти ин Украини фехстонцæ фашисттæ, æхе цардвæндаг ба ин ами, Литвай зæнхæбæл знаги нæмуг фескъудта…

Ладо фæстугъд, 1945 анзи уалдзæги æрцардæй Мæскуй, бакодта бийнонти гъуддаг. Еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте ахур кæнунмæ бæргæ бацудæй Рыбински танкон училищемæ, фал си ахури гъуддагæй неци рауадæй – хъор æй кодта, æ зæрди бунмæ ци нæмуг байзадæй, е, уæдта ’й æ зæнги цæф дæр гъигæ дардта.

Газет «Витебски косæг»-и 1971 анзи сентябри мæ уац «Уазал дони медæгæ» ку фæззиндтæй, уæд Ладо райста дууæ финстæги. Сæ еуей имæ ниффинстонцæ Белоруссий Бешенкевичи райони Райевски скъолай нæуæгдзаутæ, инней ба – гъæу Шарапиной цæрæг Анатолий Андрейи фурт Лаппо.

Нæуæгдзаутæ финстонцæ:

«Дæ бонтæ хуарз, Ладо Шириншаевич! Финсунцæ дæмæ Бешенкевичи райони Раевски астæуккаг скъолай ахурдзаутæ. Не скъолай ес «фæдагоргути къуар». Æрæги мах адтан Шарапиной. Уоми базудтан дæу туххæй. Шарапиной цæргути æма не скъолай ахурдзаути номæй дæ хонæн Шарапиномæ дæр æма не скъоламæ дæр. Хъæбæр æхцæуæнæй дæбæл исæмбæлдзинан.

Нæуæгдзауон саламти хæццæ…»

Иннæ финстæги бæ уотæ финст адтæй: «Хъазар Ладо Шириншаевич! Финсунцæ дæмæ гъæу Шарапиной цæргутæ. Мах зонæн дæ бæгъатæрдзийнади хабæрттæ æма сæ некæд феронх кæндзинан. Нæ гъæу тугъди рæстæги сугъд æрцудæй, айдагъдæр ма си байзадæй æртæ хæдзари, æма ду ке багъæуай кодтай, еци бæхдонæ. Гъæу нæуæгæй исаразтан, цæрæн дзæбæх. Хъæбæр хуарз уидæ, ку нæмæ æрцæуисæ, æма  знæгти нихмæ кæми тох кодтай, еци бунæттæ ку фæууинисæ…»

Зæрдхæлар адæймаг уогæй, Ладо куд нæ исæнхæст кодтайдæ уæхæн курдиæдтæ. Æма мæнæ мах лæууæн цæугæдон Нигулæн Двинай бæрзонд билгæрон, кæддæр Давыдов уой æндаг фарсмæ кæбæлти бахизтæй, раст тæккæ еци рауæн. Ладо кастæй  цæугæдони сæрти идард кумæдæр. Уотæ еуцæйбæрцæдæр ралæудтæй, уæдта рараст æй урдугмæ, ниццудæй цæугæдонæн æхе размæ, исиста си дон æ армидзаг æма ’й раниуазта. Уæдта нæмæ фæстæмæ исæздахтæй, æ цæстисугтæ сæумон æртæхи хузæн æрттивтонцæ æ тъæфæлттæбæл. Нæ цæститæ бауомæл æнцæ махæн дæр…

Уой фæсте уордигон колхози сæрдар М.П.Бердник, парторг Н.Н.Кухто, бригадир А.А.Лаппо (Ладой фусун), Ладо æма ма никкидæр еуцалдæремæй рандæ ан, тугъди рæстæги аци рауæнти карз тугъдтити ка фæммард æй,  еци советон æфсæддонти  Æнсувæрон цирт бабæрæг кæнунмæ – Шарапинойæй еуцалдæр километри идарддæр, гъæу Саникимæ хæстæг. Аци Æнсувæрон цирти æвæрд æрцудæнцæ авд æма дууинсæй советон æфсæддони æма афицери. Æ размæ бацæуæни – æртæ цирти: Советон Цæдеси Бæгъатæртæ А.Д.Веснини, Г.Я.Янтимирови æма А.Т.Масликови цирттитæ. Ладо хæстæг бацудæй циртдзæвæнмæ æма кæсуй, ци муггæгтæ ибæл финст адтæй, уони: Артамонов… Аврамов… Анипко… Геловани… Ладо фестъæлфтæй.

– Ка ’й?.. Зудтай æй? – зæгъгæ ’й рафарстан.

– Нæ… Уингæ дæр æй некæд фæккодтон… Фал æз райгурдтæн Орджоникидзей, Мирза Геловани ба гурдзиаг поэт адтæй. Æз ин хуарз зудтон е ’мдзæвгитæ…

Дуккаг бон кæд хъæбæр уардта, уæддæр скъоламæ æрæмбурд æй алæмæти берæ адæм. Уони фæндадтæй, сæ гъæу син немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй исуæгъдæ кæнунбæл уотæ бæгъатæрæй ка тох кодта, еци сæрæнигурди фæууинун.

Æмбурд байгон кодта скъолай директор З.К.Богданова. Ладойæн дзурди барæ еугурей разæй равардта, адæм имæ хъæбæр лæмбунæг æма цæмæдесæй игъустонцæ, е син æ тугъдон хæбæртти туххæй, е ’мтохгæнæг æмбæлтти туххæй ку дзурдта, сæ берæ фарстатæн син бæлвурд дзуæппитæ ку лæвардта, уæд.

Митинги фæсте бабæрæг кодтан скъолай музей. Уоми ци берæ экспонаттæ адтæй, уони ’хсæн мах фæууидтан гурдзиаг поэт, хестæр лейтенант Гелований цард æма тугъдон нади туххæй æрмæгутæ. Уоми адтæй æ къарæ дæр – уордигæй нæмæ хæларзæрдæ æма бæгъатæр гурдзиаг лæхъуæн лæмбунæг, сагъæсхузæй кастæй…

– Кæд æй комкоммæ, гъулæггагæн, некæд фæууидтон, уæддæр е ’мдзæвгитæ кæсгæй æй раст уæртæ  уæхæнæй уидтон, – арф ниууолæфгæй, загъта Ладо…

Мæскумæ ку æрæздахтан, уæд Ладо сæхемæ æрæййафта берæ аллихузон финстæгутæ. Финстонцæ бæгъатæр тугъдонмæ аллирауæнтæй: Вильнюсæй, Конотопæй, Минскæй, Орджоникидзейæй, Новосибирскæй… Еуетæ си агурдтонцæ æ къарæ, иннетæ – æ тугъдон цард æма нæдти туххæй æрмæг… Сахар Конотопæй ин ецирдигон клуб «Патриот-интернационалист»-и иуонгтæ игъосун кодтонцæ, сæ клуби кадгин иуонгæй æй ке исæвзурстонцæ, уой. Иннæ финстæг ба имæ ассирийаг гъæу Урмийайæй æрбацудæй, æма уоми дæр цийни хабар – аци гъæуи цæргутæ имæ сæрустурæй финсунцæ, сæ гъæуи кадгин гражданинæй æй ке исæвзурстонцæ, уой туххæй.

Константин МАТВЕЕВ

РЕДАКЦИЙÆЙ. Советон Цæдеси Бæгъатæр Давыдов Ладой туххæй аци æрмæг Константин Матвеев ниффинста, не ’мзæнхон æхсаргин тугъдон цардæгас ма ку адтæй, уæд. Уомæ гæсгæ ба ма нæ æ радзубандимæ бафтаун фæндуй Ладой цардвæндаги хабæрттæй кæцити кой не ’скодта, уæдта бæгъатæрæн æ фæсмæрдæ дæр æ рохс ном куд цитгингонд цæуй, уой туххæй.

Зундгонд куд æй, уотемæй Давыдов Ладо фæстугъд æрцардæй Мæскуй. Еуæй-еу æрмæгути куд амунд цæуй, уотемæй, дан, куста мастерæй къахидарæсгæнæн завод «Еугонд фæллойнæ»-йи. Кустуати разамунд æй æ арæхстгин кустмæ гæсгæ цал æма цал хатти гъавтонцæ бригадирæй иснисан кæнун, фал син нæ арази кодта – зæрдтагондæр ин адтæй хумæтæг косæгæй адæми ’хсæн архайун. Нæкæси, куд уруссаг, уотæ хъæбæр хуарз дзурдта гурдзиаг, сомехаг æвзæгтæбæл, сауæнгæ ма рагон ассирийаг æвзагихатбæл дæр. Уомæ гæсгæ ин æнцон адтæй алли адæмихæттити хæццæ хæлар рахастдзийнæдтæ аразун.

Уæдмæ уотæ рауадæй, æма Мæскуй Ярославаг æфсæннади вагзали рази фæзи ниввардта къахидарæс цалцæггæнæн гъæдæйконд будкæ. Æма адæмæн айдагъ сæ къахидарæс цалцæг æма кæдзос нæ кодта, фал ма багъæуаги син фæййагъаз кæнидæ берæ æндæр гъуддæгути дæр: ралистæг кæнидæ æхца адгин дон автоматæй баниуазунæн, кенæ телефонæй бадзорунæн, æнæфæразгæ адæймаг ку рауинидæ, уæд бадзоридæ «Тагъд агъази» станцæмæ, фæстугъд ка исберæ ’й, еци æвæгæсæг сабийти фæххинцидæ тæвдæ губæрттæй, æ ниййергутæй ка радзæгъæл уидæ, еци сабийи бахонидæ вагзали диктормæ æма радиойæй фегъосун кæнидæ хабар… Уогæ цæмæй ба нæ фæййагъаз кæнидæ, тухст уавæри ка бахауидæ, уонæн…

Ахид æй рабæрæг кæниуонцæ æ тугъдон æмбæлттæ, кадæртæ си бæрзонд хецауеуæггæнгутæ иссæнцæ, æма ’й сæхемæ худтонцæ, сæ загъдмæ гæсгæ, аккагдæр бунати косунмæ. Фал син нæ арази кодта, æ загъд уидæ: «Мæ фиди фидæ, мæ фидæ цалцæг кодтонцæ, кæдзос кодтонцæ къахидарæс. Æма уонæн цитгийнаг ка адтæй, е мæнæн дæр цитгийнаг куд гъæуама нæ уа!..»

Кæддæр ба имæ Гъæуайкæнуйнади политуправлений афицертæ фæззиндтæнцæ æма ин уайдзæфтæ кæнун байдæдтонцæ, гъома, дæ аци кустæй цæмæн ходуйнаг кæнис Бæгъатæри бæрзонд ном. Е син уæхæн дзуапп равардта, æма еци «уайдзæфгæнгутæ» уайтæккæдæр фæддунд æнцæ.

Мадта уотæ дæр уидæ, æма æ къахидарæс кæдзос кæнунмæ ка æрбадидæ, уонæй беретæ, е Советон Цæдеси Бæгъатæр æй, зæгъгæ, ку базонидæ, уæд уайтæккæ фæггæпп кæнидæ: «Ка дæн æз, цæмæй мин мæ къахидарæс Советон Цæдеси Бæгъатæр кæдзос кæнæ!..»

Адæм, гъулæггагæн, æмхузон лæдæргæ нæ ’нцæ. Æма разиндтæй, уæхæн зæрдхæлар адæймагмæ æ къох ка исиста, уæхæн цъамар. Цæветтонгæ, Ладо 1985 анзи фæскуст сæхемæ куд æздахтæй, уотемæй лифтмæ æ фæдбæл æрбагæпп кодта еу бæзæрхуг лæхъуæн. Лифт куддæр фæннæхстæр æй, уотæ æхе ниццавта Ладобæл, æ пиджакбæл ке даридæ, еци Сугъзæрийнæ Стъалу ин ратудта. Каргун лæги бон ци адтæй, уæд ибæл цудæй еу æма æртинсæймаг анз, уой хæццæ ба ма ’й хъæбæр хъор кодта тугъдæй æ реци ци фат байзадæй, е. Æверхъау хабар, фал ин уæддæр еуемæй ба фæййагъаз æй – сæйгæдонæмæ бахаугæй ибæл дохтиртæ хъæбæр байауодудтонцæ, сæйрагдæр сæ бон иссæй еци фат дæр рандæ кæнун.

Сæйгæдонæй рацæугæй, Ладо бабæй æ кустмæ раздахтæй… Фæккуста си æ рамæлæти уæнгæ – æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй 1987 анзи 30 июли, е ’носон бунат иссæй Мæскуй Пятницкийи уæлмæрдтæ.

*  *  *

Советон Цæдеси Бæгъатæр Давыдов Ладо Шириншай фурти рохс ном, æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдтæ, æ цардвæндаги арфиаг гъуддæгутæ æ фæсмæрдæ дæр иронх нæ ’нцæ дзиллæй, цитгингонд цæунцæ. Уомæн æвдесæн – Краснодари крайи Курганинаг райони гъæу Урмийай цæргутæ ин исаккаг кодтонцæ сæ гъæуи Кадгин гражданини ном. Цитгингонд цæуй æ райгурæн Иристони дæр. Зæгъæн, Дзæуæгигъæуи 6-аг астæуккаг скъола хæссуй Советон Цæдеси Бæгъатæр Давыдов Ладой ном, аци ахургæнæндони азгъунсти фарсбæл ин æвæрд æрцудæй мемориалон мраморон фæйнæг.