01 майя 2024

МАЙЙÆН

29.04.2023 | 15:38

Кертанти Тæхир, (1922-1992), журналист, финсæг

 

МАЙЙÆН

О, æрдзи цæсгом,

О, цъæх-цъæхид Май,

Æд фарнæ нæмæ

Æгас æрцæуай!

 

Дæ рæсугъд фæлуст,

Дæ рохс цардирай

А-дуйнетæбæл

Рахæлеу кæнай!

 

Тугъдæндзаргутæн,

Лæги фидхуар ка ’й, –

Сæ цъаммар муггаг

Бунтæй искæрдай!

 

Куд кæна дуйне

Æ царди радæ,

Куд æрфедар уа

Сабурдзийнадæ!

 

И дуйней адæм,

Мах бæсти дзиллау,

Куд идзулонцæ,

Хæлар бийнонтау.

 

Мах бæсти дзиллау,

Игъæлдзæг, фæндон

Куд æрветонцæ

Дæу боц бæрæгбон!

1955 анз

* * *

Аци æмдзæвгæ кæд раги финст æрцудæй, уæддæр, махмæ гæсгæ, æримисуни аккаг æй. Нæ нури цардарæзти уавæртæмæ гæсгæ ци берæ тухстдзийнæдтæ ’взарæн, уонæн бæргæ бухсæн, фал уæддæр бæлгæ ба кæнæн, кæдимайди ралæууидæ уæхæн рæстæг, кæци рохс цардирайи фæрци уодæнцойнæй исхайгин уодзинан…