МАМУКЪАТИ Хъазбег
Номдзуд французаг финсӕг Эжен Ионеско кӕддӕр уотӕ загъта: «Нифс цӕруй поэти зӕрди. Поэзий уод, тог ӕма ӕстӕг е ӕй. Поэттӕ ӕнцӕ ӕнӕгъӕнӕ дуйней зӕрдӕ. Финсгутӕ ӕма хузӕгӕнгутӕ сӕ медӕгӕ хӕссунцӕ уарзондзийнадӕ, хӕссунцӕ рӕстдзийнадӕ…» Аци рӕнгъитӕмӕ гӕсгӕ уӕмӕ уотӕ нӕ кӕсуй, цума раст Мамукъати Хъазбеги туххӕй загъд ӕнцӕ?!. Ӕ цардиуаги хабӕрттӕ дӕр ӕма ӕ исфӕлдистадӕ дӕр бӕлвурдӕй ка зонуй, етӕ нӕ аци гъудий хӕццӕ ӕнӕмӕнгӕ исарази уодзӕнӕнцӕ. Уомӕн ӕма куд хумӕтӕг адӕймаг, уотӕ е ’гъдау ӕма ӕфсармӕй ӕ алфамбулай ӕзмӕлӕг дзиллӕн хӕссуй зӕрдӕнцойнӕ ӕма райдзастдзийнадӕ. Мадта еци менеугутӕй ӕнхӕст ӕй ӕ исфӕлдистадӕ дӕр – уомӕн ӕвдесӕн ӕ поэтикон уадзимистӕ, кӕцитӕн сӕ минкъий хай абони мухур кӕнӕн.
Мамукъати Хъазбег зундгонд ӕй куд хевӕрцӕн искурдиадӕгин поэт, уой хӕццӕ ба ма ӕй арӕхстгин тӕлмацгӕнӕг. Нӕ маддӕлон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта уруссаг ӕма фӕсарӕйнаг литературон классикти, не ’мзӕнхон поэтти уадзимистӕй. Зӕгъӕн, Цӕгат Иристони адӕмон поэт Гуржибегти Ирини ӕмдзӕвгитӕй берети. Еци тӕлмацтӕй еу мухур кӕнӕн абони.
НӔ ХӔЗНА
Ци фӕцайтӕ, ме ‘зинӕ, ме ‘сон,
Кӕми дӕн мӕхуӕдӕг, ци рауӕни?
Фӕццудтӕн сӕумӕсарӕй цауӕни –
Рагон дзурдти дзиндзитӕ ‘ссерон.
Ци берӕ ‘нцӕ ӕма ци кадавар,
Ци бӕрзонд ӕнцӕ ‘ма ци хъазар?
Ӕнӕ уонӕй – мӕгур гъӕздуг авар,
Уони хӕццӕ – гьӕздуг ниллӕг цар.
Мӕ сӕнттӕбӕл ходӕнтӕ и хъалтӕ,
Нӕ фӕууодзӕн уонӕмӕ ӕнхӕл, –
Иссердтон мӕхецӕн налхъут–налтӕ,
Нӕ хӕзнати–хӕзнамӕ – дӕгъӕл.
2020 анз, 2 мартъи
СУРХ–ДИГОРӔ
Арфӕгондӕй дуйнемӕ фӕззиндтӕ,
Нивтӕ дӕттӕг ӕма нивтӕ корӕг, –
Исӕфӕнтӕ дӕ рунтӕ, дӕ зинтӕ,
Мӕ уарзон гъӕу, мӕхе Сурх–Дигорӕ!
Равардтай Иристонӕн саг–лӕгтӕ,
Дӕ кадӕ дин бӕрзӕндти хастонцӕ, –
Багъӕуаги иссӕнцӕ салдӕттӕ,
Бӕсти сӕрбӕл сӕ тог никкалдтонцӕ.
Зин уавӕртӕ адтӕй, зин цӕрдтитӕ
Устур тугъди дзаман, и фӕстугъд дӕр, –
Нӕ басастӕ уӕддӕр, нӕ фӕккиудтӕ,
Фал дӕ хузӕ скалдтай, исрӕсугъд дӕ!
Ниййердтай нӕуӕгӕй саг–хъӕболтӕ,
Дӕ кадӕ дин бӕрзӕндти хӕссӕнтӕ!
Исӕфӕнтӕ дӕ рунтӕ, дӕ хъортӕ, –
Дӕ ерисхӕ калӕд ӕрдӕфӕнтӕ!
Рохс изӕдтӕ дӕ сӕрмӕ зелӕнтӕ,
Идаугутӕ уӕнтӕ син зеууӕнттӕ, –
Сӕ рохсӕй дӕ исон куд ниххор уа,
Мӕ уарзон гъӕу, мӕхе Сурх–Дигорӕ!
МА ФӔККЕУӔ
Фӕццурддӕр уй рӕстӕг зӕруӕрдӕмӕ,
Догъи ледзун нийдайуй иттӕг,
Ма фӕттӕрсӕ уомӕй, ма ‘й бадӕмӕ,
Куд куййӕн, ба ин гӕлдзӕ ӕстӕг.
Ба ин федӕ е ‘хӕстӕ, гъӕуӕгтӕ,
Ниллӕмарӕ, нистауӕ дӕ уод,
А дуйней кӕд цӕрис, кӕд ӕцӕг дӕ, –
Ма фӕууӕд дӕ къумизунд асхъод.
Ма фӕккеуӕ, мӕ хор, ма фӕттӕрсӕ,
Дӕ дӕлтъӕрӕ ма ‘йдуйӕд дӕ сог, –
Сӕдӕ анзи фӕххӕссӕ дӕ хӕрсӕ,
Цӕрӕнбонти ма ‘йсусӕд дӕ тог.
Ма дин фӕууӕд мӕ дзурд зундамонӕн,
Мӕхемӕ ‘й ӕздахун мӕхуӕдӕг.
Хуцауӕй ци корӕн, ци агорӕн? –
Фиццагидӕр нӕ уоди сугъдӕг!
КА НӔМА РАЙГУРДӔЙ, УОЙ ТАУӔРӔХЪ
Нӕ фӕззиндтӕн нурма
Уӕ дуйнемӕ, ӕвӕдзи –
Нӕма кӕнуй къурма
Мӕ цъӕхахст хъӕрӕу ӕрдзи.
Нӕма уинун галеу, –
Цӕстигон ку нӕма дӕн…
Нӕма дӕттуй ӕ реу
Ӕ бӕдолӕн мӕ мадӕ.
Нӕма ходун нурма
Уорс тӕрхъосмӕ мӕ фуни. –
Кӕдмӕ уоздзӕй, цума,
Мӕн ӕна ӕ губуни?..
Хуцау бал ниффинсӕд
Ӕ китаппи мӕ карнӕ, –
Ӕрӕрветӕд изӕд…
Ӕрфӕдзӕхсӕд ӕ Фарнӕ.
Ӕз – дзенети нурма,
Ӕнаййепп, ӕнӕкарӕ.
Ци мӕ хезуй, цума,
Ӕндегӕй – гьезӕмарӕ?
Ӕви ес цидӕр дес,
Ци ӕрхӕссон мӕ сӕрмӕ –
Ӕнидуйгӕ ес–бес –
УАРЗТ,
ӔУУӔНКӔ,
ӔФСӔРМӔ?!.
Бауоддӕр ӕй мӕ цард,
Ӕвӕццӕгӕн,
Ӕрминӕг ӕй мӕ й‘арт,
Ӕвӕццӕгӕн,
Ратаус ӕй м’ асхъод,
Ӕвӕццӕгӕн,
Ниррӕдуфстӕй мӕ уод,
Ӕвӕццӕгӕн,
Исбайлӕгъ ӕй мӕ рист,
Ӕвӕццӕгӕн,
Фӕссатар ӕй мӕ нифс,
Ӕвӕццӕгӕн,
Ехх, нинцъохӕ синон,
Ӕвӕццӕгӕн,
Куд некебал уинон,
Ӕвӕццӕгӕн…
2019.15.04
Цард дын, мӕ Иры зӕхх, фестон,
Раттон дӕ сӕрыл мӕ сӕр!..
Де ‘знон ӕрвайдӕны федтон,
Фидӕн ӕрбаци цыдӕр…
Сабухта уды бындзарӕй
Фурды уылӕнтимӕ арт, –
Ме ‘нӕрцӕф фынтӕм уӕларвӕй
Уацилла фехста йӕ фат.
Ратахти уалӕ уӕлхохӕй
Стъалы – мӕ уды ӕртау!..
Стъалы нызгъӕлӕнтӕ, оххай,
Уд дӕр тӕгӕлтӕ фӕхауд.
Стъалыйӕн нал ис ӕруидзӕн,
Уды тӕгӕлтӕн дӕр – нал…
Нӕй, дам, ахӕрӕтӕй лидзӕн,
Нӕй йын ыссарӕн мадзал…
ИРЫСТОН
Гуырдзыбегты Иринӕйӕ
Иу хатт дӕ, Фыдыбӕстӕ, лӕвӕрд,
Уираг дур ӕнӕ хохӕй – нӕ намыс.
Зарыс ды нӕ уды арфы кӕд,
Хъисфӕндырыл ризгӕ мыртӕ уафыс.
Ирд бӕрзӕндтӕм уадыстӕм ӕргом,
Ронгӕй–иу нӕ тыппыртӕ ысуагътам.
Тохы бон–иу хъамайы цыргъ ком
Знаджы риуы фистонмӕ ныссагътам.
Фынг лӕууы ӕртӕ къахыл ӕрмӕст,
Фынгыл та – ӕртӕ ӕртӕдзыхоны…
Рагон зӕхх, нӕ дыл ӕххӕссы цӕст,
Мах дӕу фарн рӕсугъд фидӕнмӕ хоны.
Рагфыдӕлты цыртытӕ кӕсынц
Фидӕнмӕ пехуымпартау ӕдзынӕг.
Таурӕгътӕ ӕнусты рухс хӕссынц,
Ссудзынц арвыл авднывон ӕрдынӕг.
Баззадис ӕрдхӕрӕны ӕвзаг
Мах ӕмӕ фӕстагӕттӕн, тӕхудйаг.
Ма фестӕд уый сау рындзыл цӕф саг,
Судзӕд артау, макуы суӕд ӕртхутӕг.
Ма фесӕфӕд рухс фыдӕлты ном
Дун–дунеты, космосон тыгьдады…
Намыс ӕмӕ кады кувӕндон
Абон махмӕ хаты.