МЕДИЦИНОН КОСГУТÆН УОДЗÆНÆЙ РАВГÆ СÆ ДÆСНИАДÆ БÆРЗОНДДÆР КÆНУНÆН
Цæгат Иристони медицинон къабази косгути профессионалон дæсниадæ бæрзонддæр кæнунæн 2021 анзи дехгонд æрцæудзæнæй 1,1 миллион сомемæй фулдæр.
Уæхæн нимæдзитæ фегъосун кодта Æнæмæнгæ медицинон фæдзæхстади регионалон фонди разамонæг Дзлиати Хъазбег.
Фонди минæвари дзубандимæ гæсгæ, евгъуд анз еци нисанæн радех кодтонцæ 1,5 миллион сомей бæрцæ. «Зæгъæн, 2020 анзи медицинон къабази косгути дæсниадæ бæрзонддæр кæнунæн харзгонд æрцудæй 1,5 миллион сомемæй фулдæр. Аци анз уæхæн хæрзтæн нисангонд цæуй 1,1 миллион сомей бæрцæ», – загъта Дзлийи-фурт.
Фонди разамонæги дзубандимæ гæсгæ, медицинон организацити сæйраг дохтирти курдиæттæ, специалисттæн сæ зонундзийнæдтæ бæрзонддæр кæнуни къурситæ аразунæн гъæугæ фæрæзнитæ дехгонд цудæнцæ афойнадæбæл.