06 октября 2024

МИЗД ÆМА ПЕНСИТÆ ФÆФФУЛДÆР УОДЗÆНÆНЦÆ. ФАЛ – КÆМÆН?..

28.09.2024 | 20:18

Уæрæсей хецауадæ куд нисан кæнуй, уотемæй 1 октябрæй  фæстæмæ 5,1 проценти фæффулдæр уодзæнæй бюджетон къабази косгути мизд. Еци хуарздзийнадæй фæххайгин уодзæнæнцæ:

– æфсæддон службæгæнгутæ,  медгъуддæгути министради косгутæ, барадæгъæуайгæнæг æма уонæн æмбалон баргин ведомствити минæвæрттæ;

– æфсæддон хæйтти æма тухи структурити косгутæ;

– ахуради къабази косгутæ (скъолати æма уæлдæр ахургæнæндæнтти ахургæнгутæ, сувæллæнтти рæвдауæндæнтти гъомбæлгæнгутæ) æма уотæ идарддæр;

– медицинон косгутæ (дохтиртæ, медицинон хуæртæ, санитартæ, фельдшертæ, лаборанттæ æма паддзахадон медицинон уагæдæнтти æндæр специалисттæ);

– наукон косгутæ (инженертæ, фæлваргутæ, лаборанттæ, уæдта наукон-æртасæн институтти æма университетти косæг æндæр специалисттæ);

– федералон паддзахадон оргæнти æма сæ территориалон дæлхайæдти косгутæ (паддзахадон службæгæнгутæ, специалисттæ, техникон персонал).

Æдеугурæй сæ мизд фулдæргонд æрцæудзæнæй дууæ миллион адæймагемæн. Финансон эксперт Сергей Варфоломеев куд зæгъуй, уотемæй етæ айдагъ паддзахадон службæгæнгутæ нæ уодзæнæнцæ, фал федералон бюджетæй æхцайæй æввонггонд ка цæуй, еци организацити косгутæ дæр.

Аци хабар, еуемæй æхцæуæн æй, иннемæй ба тингунгæнæг дæр. Федералон бюджети евгед ка ’й, уонæн бабæй сæ мизд бæргæ фæффулдæр уодзæнæй, фал регионалон бюджетмæ æнгъæлмæкæсæг ка ’й, уонæн ба? Раздæр куд,  уотæ бабæй уотид рæуæнттæ: «Æхца нæййес, бухсетæ!..» Æма еци рæуæнттæй фæццæрæн ес нури тухст рæстæгути, æргътæ æма æндæр хæрзтæ еци ирæзæги ку ирæзунцæ, уæд?

Нæ тухст нин игъосæг ке нæййес, е ни раги баруагæс æй. Ци гæнæн нин ес… Фал ма уин еума хабар фегъосун кæнæн.

Пенсиесгутæй дæр кæмæндæрти (ами дæр бабæй кæмæндæрти!..) фулдæргонд æрцæудзæнæнцæ сæ пенситæ. Зæгъæн, æфсæддон пенсиесгутæн фист цæудзæнæй 5,1 проценти фулдæр, кæд æма раздæр ба нисангонд цудæй 4,5 проценти. Сæ пенситæ  фæффулдæр уодзæнæнцæ цуппаринсæй анзи кæбæл æнхæст кæнуй, уæдта фиццаг къæпхæни инвалид ка ’й, уонæн дæр. Еци бæрцæ 8 134 бафтуйдзæнæй фæдзæхстадон пенсий федаргонд хайбæл.