13 октября 2025

МУГГАГ Æ ФÆЛТÆРТИ ХУÆРЗÆГЪДАУÆЙ ЦÆРУЙ ÆМА ФЕДАУЙ…

11.10.2025 | 20:15

Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй мæнæ ауæхæн загъд: «Кади номхæссæнтæ бийнонтæй дæр фæууй æма муггагæй дæр!..» Æма, федарæй ни æруагæс кæнуй, нæ Дигори нæмæ алли муггаг дæр æнхæст æй, сæрустур кæмæй æнцæ, уæхæн номхæссæнтæй. Уонæй хе цитгин кæнун кæд раст æй, уæддæр æнхæст нæй. Рæстæгутæ, кæрæдзей æййевгæ куд евгъуйунцæ, уотæ кæрæдзей æййевунцæ фæлтæртæ дæр. Æма ахсгиаг æй, цæмæй нæуæг фæлтæртæ дæр бæлвурдæй зононцæ сæ муггаги цитгиндзийнади хабæрттæ, уонцæ си сæрустур, хестæрти фæнзонцæ хуæрзæгъдауæй æма арфиаг гъуддæгутæй æскъуæлхунæй.

Еци ихæс сæхецæн æнæмæнгæ æнхæст кæнуйнагбæл нимайунцæ Дедегкати муггаги дзиллæ дæр. Уой фæдбæл бундоронæй æрдзубанди кодтонцæ æрæги сæ еумæйаг æмбурди.

Уоми æмвæндæй равзурстонцæ сæ муггаги Совет дæр. Рахастонцæ си цалдæр зæрдæмæдзæугæ унаффи дæр. Зæгъæн, муггаги хуæрзауодæн Фонд исаразуни туххæй. Еци фондмæ алли бийнонтæ дæр дæтдзæнæнцæ сæ гæнæнтæ æма равгитæмæ гæсгæ æхцай фæрæзнитæ. Еци фæрæзнитæ ба муггаги Совети унаффæй харзгонд цæудзæнæнцæ, муггагæй тухст уавæрти ка бахауа, уонæн фæййагъаз кæнунæн.

Æмбурди ма дзубанди муггаги ’хсæн нæ адæмон æгъдæуттæ куд гъæуама æнхæстгонд цæуонцæ, уобæл дæр. Уæлдайдæр ба мæрдæгъдæуттæ æнхæст кæнуни гъуддаги. Ци унаффитæ рахастонцæ, уонæй еу е адтæй, цæмæй мæрдæгъдæуттæ æнхæст кæнун ку багъæуа, уæд си фингитæбæл карз ниуæзтæ æвæрд ма цæуа.

Дедегкати муггаги цардвæндаг гъæздуг æй берæ зæрдæдзæугæ хабæрттæ æма цаутæй, адтæй сæмæ æма сæмæ абони дæр ес, аллихузон арфиаг гъуддæгутæй ка фескъуæлхтæй, уæхæн адæймæгутæ. Цæмæй еугур еци хабæрттæ æносонгонд æрцæуонцæ, уой туххæй ба æнæмæнгæ гъæуй муггаги анзфинсти киунугæ исаразун дæр.

Аци æмбурди ци фарстатæбæл цудæй дзубанди, уонæмæ еума хатт каст æрцæудзæнæй сæ муггаги кувди дæр. Е дæр гъæуама рæхги арæзт æрцæуа, уой дæр се ’рвадтæл муггæгти Тауитти æма Къеурости хæццæ.

Нæ уацхæссæг