23 апреля 2024

НӔ ФИДИБӔСТИ ТУХГИНДЗИЙНАДӔ ӔМА РАЙДЗАСТДЗИЙНАДӔ – АДӔМИ ЦАРДИУАГИ ФАРНӔ ӔМА АМОНД ӔЙ!..

30.09.2021 | 15:14

Дзилли цæстингас бæлвурдгæнæг Левадæ-центр (Уæрæсей Федераций юстиций унаффæмæ гæсгæ хаст цæуй фæсарæйнаг агентти номхигъдмæ) нæ бæсти цæргутæй, циуавæр бæстæй уæ уинун фæндуй Уæрæсе, зæгъгæ, ке бафарстонцæ, уонæн сæ 66% куд загътонцæ, уотемæй сæ фæндуй, цæмæй фиццагидæр уа, адæми царди æмвæзнæ, кæд иннæ размæцуддæр бæстити хузæн нæ, фал уæддæр бæрзонд кæми æй, уæхæн бæстæй. Еци бæрæггæнæн анзæй-анзмæ ирæзуй 2015 анзæй фæстæмæ æма нуртæккæ исхъæрдтæй, цæстдард имæ кæдæй цæуй, уæдæй тæккæ бæрзонддæр бæрцæмæ. Æрфарст адæмæн се ’ртиккаг хай (32%) ба куд нимайунцæ, уотемæй Уæрæсе гъæуама уа номдзуд æма цитгин паддзахадæ, кæций нимайдзæнæнцæ кенæ ба си тæрсдзæнæнцæ иннæ паддза хæдтæ. Зæгъун гъæуй уой дæр, æма æрфарст адæмæй алли дуккаг дæр арази æй, цæмæй нæмæ уа социалистон политикон системæ, уой хæццæ ба 18% арази æнцæ нуриккон цардарæзтæй (аци вариант ка равзурста, уони бæрцæ æхсæз анземæ фæмминкъийдæр æй еу æма æрдæги бæрцæ). Мадта æрфарст адæмæн сæ 16% ба бæллунцæ хорнигулæйнаг бæстити хузæн демократимæ. Аци фæстаг хатдзæгмæ гæсгæ мах ба уой зæгъуйнаг ан, æма æндæр бæстити, нæ уодварни æрдзон искондмæ гæсгæ нин æцæгæлон ци ’й, уомæ хицæ кæнун æма бæллуни бæсти нæхе фидиуæзæги гъæугæ æгъдау исæвæрæн æма нæхе сæри зундмæ гæсгæ æма нæхе хуарзæн нæ цардиуагæ аразунбæл еузæрдиуонæй æма рæстзæрдæй байархайун нин берæ пайдадæр уодзæнæй!..