НӔ ИСОНИБОН ЗӔРДӔХЦӔУӔНДӔР УӔД!..
Дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕмӕ ни алкӕмӕ дӕр ӕхе цӕстингас ес – кадӕртӕ си берӕ цӕмӕйдӕрти боз ӕнцӕ, кадӕртӕ ба сӕ фаугӕ кӕнунцӕ. Фал, цийфӕнди аллихузон аргъ син ку кӕнӕн, уӕддӕр еу гъуддаг ба бӕлвурдӕй-бӕлвурддӕр ӕй – алли рӕстӕгути дӕр ӕма аллихузон социалон-политикон цардарӕзти дӕр еци фӕрӕзнитӕ адтӕнцӕ ӕма ӕнцӕ догӕ ӕма ӕхсӕнади медуавӕр ӕвдесӕг сӕйрагдӕр мадзӕлттӕ. Уомӕ гӕсгӕ ба, куд ӕнӕгъӕнӕ дуйней дӕр ӕма Уӕрӕсей дӕр, уотӕ махмӕ Цӕгат Иристони дӕр устур ахедундзийнадӕ ес уӕхӕн фӕрӕзнитӕн. Уӕлдайдӕр ба, рӕстзӕрдӕй си нӕ республики хуарздзийнади сӕрбӕлтау ка аразуй ӕ архайд, уонӕн.
Цард цӕуй размӕ, берӕ аллихузон ӕййивддзийнӕдтӕ нин хӕссуй нӕ цардарӕзти еугур гъуддӕгутӕмӕ дӕр. Уонӕй «хайгингонд» цӕунцӕ дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнитӕ дӕр. Уой фӕдбӕл адтӕй нӕ дзубанди нӕ республики мухури ӕма дзиллон коммуникацити Комитети сӕрдар Фидарати Юрийи хӕццӕ. Ӕма ӕ радзубандий уотӕ баханхӕ кодта:
– Нӕ бӕрӕгбонбӕл ӕмбӕлӕн аллихузон ӕнкъарӕнти хӕццӕ: ес нӕмӕ, боз цӕмӕй ан ӕма нӕхе цӕмӕй растауӕн, уӕхӕн хабӕрттӕ дӕр, уой хӕццӕ ба, хъӕбӕр сагъӕссаг нин ка ‘й ӕма нӕ архайди ахедундзийнадӕбӕл хъоргӕнӕги хузи ка бӕрӕг кӕнуй, уӕхӕн гъуддӕгутӕ дӕр исӕвзурдӕнцӕ. Зӕгъӕн, электрон информацион фӕрӕзнити фӕззинд, еуемӕй хуӕрзӕрдӕмӕ фӕззиндтӕй дзиллӕмӕ хабӕрттӕ тагъддӕр хъӕртунбӕл, иннемӕй ба уой фудӕй зингӕ фӕццауддӕр ӕй газеттӕ ӕма журналти рафинсуни гъуддаг, адӕми зингӕ хай, уӕлдайдӕр ба ӕригон фӕлтӕртӕ сӕбӕл уоййасӕбӕл ӕхцул нӕбал ӕнцӕ. Уомӕн ӕма нуртӕккӕ дзиппидаргӕ телефонтӕ ес алкӕмӕ дӕр. Нӕ адӕмӕй беретӕ газеттӕ ӕма журналтӕ кӕсунмӕ се ’ргом уотӕ хъӕбӕр нӕбал здахунцӕ. Фал уӕддӕр мухури фӕрӕзнитӕ куд нӕ бӕсти, уотӕ Иристони дӕр цӕрунцӕ ӕма, баруагӕс уи уӕд, цӕрдзӕнӕнцӕ. Цӕмӕй адӕммӕ фӕххӕстӕгдӕр уонцӕ ӕма син дзиллӕ сӕ ахедундзийнадӕ хуӕздӕр лӕдӕра, уой туххӕй нӕ журналти ӕма газетти редакцити дӕр уӕлӕнхасӕн исаразтан студитӕ. Исефтонг сӕ кодтан еугур гъӕугӕ техникон фӕрӕзнитӕй. Уордӕмӕ хунд ӕрцӕунцӕ алли дӕсниӕдтӕбӕл хуӕст адӕймӕгутӕ ӕма газет кенӕ журнали ахедундзийнади, уӕдта ӕ медеси туххӕй си алкедӕр ӕ гъуди фӕззӕгъуй ӕргомӕй. Уомӕй уӕлдай ма социалон хизти газеттӕ «Северная Осетия», «Рӕстдзинад», «Дигорӕ» ӕма «Слово»-йӕн, журналтӕ «Мах дуг», «Ирӕф», «Ногдзау»-ӕн ес сӕхе фӕрстӕ еугур социалон хизти дӕр. Уонӕй пайда кӕнгӕй син се ‘рмӕгутӕ фӕккӕсунцӕ астӕуккаг ӕма кӕстӕр фӕлтӕртӕ дӕр.
Нӕ республики газеттӕ ӕма журналти косунцӕ фӕлтӕрдгун редактортӕ, журналисттӕ. Фал уӕддӕр нӕ размӕ ци сагъӕссаг фарстатӕ ӕвзуруй, уонӕн сӕ сӕйрагдӕр ӕй, се ’хсӕн, уӕлдайдӕр кӕстӕртӕй, минкъий ке ес, маддӕлон ӕвзагбӕл ка финсуй, уӕхӕн уацхӕсгутӕ. Ӕма никки бундоронӕйдӕр гъӕуама байархайӕн еци сахъатдзийнадӕ исраст кӕнунбӕл, цӕмӕй ӕригон журналисттӕ тулавастдӕр кӕнонцӕ нӕ маддӕлон ӕвзагбӕл финсунмӕ, уой туххӕй араздзинан ахедгӕдӕр мадзӕлттӕ. Еу, мӕнмӕ гӕсгӕ, ахсгиаг гъуддаг бал исаразтан – куд зонетӕ, уотемӕй цалдӕр анзей размӕ нисангонд ӕрцудӕй нӕ республики Хецауади преми, кӕци лӕвӕрд цӕуй, маддӕлон ӕвзагбӕл финсӕг журналисттӕй ка фескъуӕлха, уонӕн. Ӕма си нури уӕнгӕ ци цалдӕр номинаций адтӕй, уонӕбӕл ма фарӕ бафтудӕй еума – лӕвӕрд цӕуй, маддӕлон ӕвзагбӕл финсӕг райдайгӕ журналисттӕн. Мӕнмӕ гӕсгӕ, е разӕнгард кӕндзӕнӕй ӕригӕнтти, ӕма етӕ се ‘ргом фулдӕр ӕздахдзӕнӕнцӕ нӕ маддӕлон ӕвзагбӕл публицистон исфӕлдистадӕмӕ. Нӕ маддӕлон ӕвзаги исонибон аразгӕ ‘й нӕхецӕй. Уомӕн ӕма ибӕл махӕй уӕлдай неке батухсдзӕнӕй. Уотемӕй газеттӕ «Рӕстдзинад», «Дигорӕ», журналтӕ «Мах дуг», «Ирӕф» ку некебал кӕса, уӕд нӕ федӕн уодзӕнӕй ӕбӕрӕг.
Мадта римӕхстаг нӕй, рауагъдадӕ «Ир» маддӕлон ӕвзагбӕл ци киунугутӕ уадзуй, уонӕн дӕр сӕ тиражтӕ, куд нӕ федауй, уоййасӕбӕл минкъий фӕуунцӕ, хъӕбӕр ефстӕгтӕ си уагъд ӕрцӕунцӕ мин экземпляремӕй.
Сӕрмагондӕй мӕ зӕгъун фӕндуй еума, ӕнӕмӕнгӕ ахсгиаг гъуддаги фӕдбӕл, кӕци, ӕ исаразун нин ку бантӕса, уӕд, ӕруагӕс ми кӕнуй, ӕхцӕуӕн уодзӕнӕй нӕ журналисттӕн. Еузагъдӕй, нӕ республики Хецауадӕмӕ балӕвардтан курдиадӕ, цӕмӕй журналисттӕн сӕ мизд фӕффулдӕр кӕнӕн.
Иннӕ ахсгиаг фарста – журналисттӕн сӕ кустӕн гъӕугӕ уавӕртӕ аразун. Цалдӕр хатти нӕ Хецауадӕй курдтон, цӕмӕй бундоронӕй цалцӕггонд ӕрцӕуа республики мухури Хӕдзарӕ. Исаразтонцӕ ‘й Цӕгат Иристони автономий ӕртинсӕй анзей бонмӕ. Мӕ еци фӕндӕ исӕнхӕст кӕнун мин ку бантӕса, уӕд зӕгъинӕ, дзӕгъӕли нӕ фӕццардтӕн ӕма нӕ фӕккустон мӕ абониккон бунати, зӕгъгӕ.
Нӕ республики дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити архайд цӕмӕй ахедгӕдӕр уа ӕма ӕнхӕстӕй дзуапп дӕтта нури рӕстӕгути домӕнтӕн, нӕ дзиллӕн зӕрдтагон уонцӕ, уой туххӕй райаразуйнаг фарстатӕ ма берӕ ‘нцӕ, абони сӕбӕл бӕлвурдӕй дзорунӕн равгӕ нӕййес, уӕдта, мӕнмӕ гӕсгӕ, уонӕбӕл дзоруни бӕсти сӕ райаразунбӕл архайун пайдадӕр уодзӕнӕй, уомӕ гӕсгӕ ба еци хузи архайдзинан. Мӕ абони радзубандий кӕронбӕттӕни ба мӕ фӕндуй нӕ республики еугур журналисттӕн, нӕ дзиллон хабархӕссӕг фӕрӕзнити еугур косгутӕн дӕр зӕрдиагӕй райарфӕ кӕнун нӕ профессионалон бӕрӕгбони фӕдбӕл, цӕмӕй зӕрдрохс уонцӕ сӕ фӕллойнӕй, цӕмӕй сӕ дзурд адӕмӕн нифсдӕттӕг ӕма разӕнгардгӕнӕг уа, цӕмӕй иннӕ анзи нӕ бӕрӕгбонбӕл исӕмбӕлӕн никки ӕхцӕуӕндӕр ӕййивддзийнӕдти хӕццӕ. Ӕнӕнез уогӕй, ӕнтӕстгин уотӕ уӕ арфиаг архайди!
Дзубанди ниффинста
БИЧИЛТИ Алетӕ.