24 апреля 2024

НÆ АДÆМИ УОДВАРНИ ХÆЗНАТÆ БАГЪÆУАЙ КÆНУНИ СÆРБÆЛТАУ

21.01.2023 | 20:55

Цæгат Иристони 2023 анз нимад æрцæудзæнæй «Нарти» Анзбæл. Уой туххæй Указ бафинста нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Уоми куд загъд æй, уотемæй анзи дæргъи уæлдай бундоронæй арæзт æрцæуонцæ аллихузон мадзæлттæ нæ республики адæмон аййевадæ æма этнокультурон берæвæрсугдзийнадæ  багъæуай æма парахат кæнуни нисанеуæгæй.

Уой фæдбæл дзоргæй республики разамонæг загъта:

– Нæ адæмæн ес хъæбæр гъæздуг недзамайнаг истори, бустæги цæмæдесаг рæсугъд  æма  арфмедесгун адæмон исфæлдистадæ. Уомæ гæсгæ ба аци анз «Нарти» номбæл арæзт ке цæуй, уой туххæй унаффæ хумæтæги хаст не ’рцудæй – æ нисан æй нæ культурон-историон бундайради гъæздугдзийнæдтæ, нæ национ хехуздзийнадæ багъæуай кæнун.

Республики Сæргълæууæги бардзурдмæ гæсгæ арæзт æрцудæй сæрмагонд организацион комитет, уой иуонгтæ хæстæгдæр рæстæгмæ гъæуама исаразонцæ æма исфедар кæнонцæ сæйрагдæр мадзæлтти пълан, уæдта байархайуонцæ, цæмæй нисангонд гъуддæгутæ еугурæйдæр афойнадæбæл æма тæккæ хуæздæр хузи æнхæстгонд æрцæуонцæ.

Укази куд загъд ес, уотемæй районти, уæдта сахар Дзæуæгигъæуи бунæттон хеунаффæйади оргæнти ихæс æй, ци мадзæлттæ нисангонд æрцæудзæнæй, уони гъæугæ хузи исæнхæст кæнунбæл æновудæй байархайун.