15 января 2025

НÆ ЦАРДАРÆЗТИ САБУРДЗИЙНАДÆ ÆМА АМОНД ÆРФЕДАР УÆНТÆ!..

27.12.2024 | 13:02

Нæ хъазар æмбæлттæ æма æмкосгутæ! Культури косгути Еумæйагуæрæсеуон профцæдести Цæгат Иристойнаг республикон организаций номæй уин зæрдиагæй арфæ кæнун Нæуæг анзи бæрæгбони фæдбæл.

Евгъуд анз нин куд алкæмæн дæр, уотæ нæ Фидибæстæн дæр уоййасæбæл æнцон анз нæ адтæй, фал зиндзийнæдтæн бафæразгæй, нæ бон иссæй, нæ цардиуагæ цæмæй ма фæккеуа, уобæл байархайун.

Евгъуд анзи ци нисангонд адтæй, уонæй берæ æнхæстгонд æрцудæй, цидæртæ ба нæ бантæстæй, уомæн æма царди рæстæг махæй цурддæр уайуй.

Æнхæст кæнун ба сæ æнæмæнгæ гъæуй. Цæгат Иристон æй тухгин бæласæ федар уедæгти хæццæ, кæцитæ нæ дарунцæ аци зæнхæбæл. Нæ фидтæлтиккон зæнхæ ба махæн алкæддæр хъауритæ лæвардта хуæздæр унæн, уæлахезон унæн. Еу бийнонтау, алкæддæр гъæуама ауодæн æма гъæуай кæнæн еумæйагæй нæ фидиуæзæг, нæ кæрæдзей.

Мæ зæрдæ уин зæгъуй æнæнездзийнадæ æма амонд!

Нæуæг 2025 анзи хуæрзтæй хайгин уæд нæ Иристон! Нæуæг хабæрттæ, игъæлдзæг цаутæ, нæуæг нисантæ нин æрхæссæд!

Уадзæ æма алли хæдзарæй дæр игъуса цийни кувд æма игъæлдзæгдзийнадæ!

Арфити хæццæ ГОДЖИТИ Еленæ, культури косгути Еумæйагуæрæсеуон профцæдеси Цæгат Иристони республикон организаций сæрдар.