07 декабря 2024

НÆ ФИДИБÆСТИ КАДÆ ТАБУ КÆНУНÆЙ НÆ ЕУГУРДÆР ИХÆСГИН АН!..

13.10.2020 | 21:18

КАВКАЗБÆЛ НАМУСГИН ТОХИ КАДÆН

Устур Фидибæстон тугъди анзфинсти зингæдæр бунат ци цаутæ ахæссунцæ, уони ’хсæн æнцæ Кавказ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй багъæуай кæнуни тугъдтитæ – куд агъазиаудæр тугъдон операцитæй еу. Советон æфсæдтæ   карз нихкъуæрд лæвардтонцæ знаги æрдонгтæн æма ин равгæ нæ рæвардта, цæмæй исæнхæст адтайдæ æ фудвæндæ – Фæскавказмæ байервæзун. Ардигæй, Кавказæй, гермайнаг фашистон æрдонгти сорун байдæдтонцæ, нæ Райгурæн бæсти зæнхæ си уæгъдæ кæнгæй.

Кавказ знагæй  æнæгъæнæйдæр уæгъдæгонд æрцудæй 1943 анзи 9 октябри. Æма еци цауи агъазиаудзийнадæ нимайгæй, Уæрæсей  Президент Владимир Путин 2020 анзи 31 июли ци Указ бафинста, уомæ гæсгæ 9 октябрь хаст æрцудæй нæ Фидибæсти Намуси бæнтти къæлиндармæ. Аци бæрæгбон æрæги, 9 октябри цитгин мадзæлттæй бæрæггонд æрцудæй Цæгат Иристони. Абони ба мухур кæнæн еци намусгин бæнтти цаутæй еуей туххæй æрмæг (6-аг фарсбæл).