19 апреля 2024

НÆ ФИДИБÆСТИ НАМУС – ÆНОСОН

08.10.2022 | 15:43

Октябри райдайæни бæрæггонд цæунцæ дууæ ахсгиаг цауи.

Уæрæсей зæрдæбæлдарæн бæнтти нимæдзи 9 октябрь нимад цæуй Кавказбæл тохи рæстæг советон æфсæдтæ немуцаг-фашистон æрбалæборæг æрдонгти ниддæрæн кæнуни Бонбæл. Еци тох цудæй 442 бони (1942 анзи 25 июлæй ба 1943 анзи 9 октябри уæнгæ) æма советон æфсæдти уæлахез æ ахедундзийнадæмæ гæсгæ нимад цæуй Устур Фидибæстон тугъди агъазиаудæртæй еуебæл.

Иннæ цау – фондз анзей размæ, 2007 анзи 8 октябри Дзæуæгигъæуæн Уæрæсей Президенти Указæй аккаггонд æрцудæй кадгин ном «Æфсæддон намуси сахар».

Аци цаути фæдбæл æрмæг кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.