26 декабря 2024

«НÆ ХЕСТÆРТИ АККАГ КУД УÆН!..»

07.05.2022 | 14:24

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ республики ветерантæн, еугур цæргутæн дæр арфæ кæнуй Цитгин Уæлахези 77-аг бæрæгбони фæдбæл.

Æ арфи радзубандий баханхæ кодта уой, æма нæ Фидибæсти анзфинсти 9 май æй тæккæ уæлфæдзæхстдæр бон. Е иссæй советон адæми æнæмбал æхсардзийнади, фудæрбалæборæги нихмæ æ еудзийнади æма æмзæрдæдзийнади, е ‘нæбасæтгæ гъæддухдзийнади æма Райгурæн бæстæбæл æновуддзийнади æвдесæн..

Цæгат Иристон дæр агъазиау æвæрæн бахаста Уæлахези гъуддагмæ. Нæ республики нæлгоймæгти æма силгоймæгти æфсæддон хъиамæттæ æностæмæ финст æрцудæнцæ нæ бæсти намусгин анзфинсти.

Сергей Меняйло æ арфи радзубандий ма баханхæ кодта уой дæр, æма нæ ихæс æй – нæ намусгин хестæрти аккаг ун, æнæбухсгæ рахаст æвдесун нацизми цийфæнди фудракæндтити нихмæ – кæддæр раги, дæсгай æнзти размæ æрцудæнцæ æви нур арæзт цæунцæ, уомæ нæ кæсгæй. Нæ кæстæр фæлтæрти гъæуама æфтауæн нæ паддзахади истори цитгинæй нимайуни зундирахастбæл, ахур сæ кæнæн рæстадæ, хуарздзийнади сæрбæлтау архайдбæл.

Æ радзубандий кæронбæттæни ба Сергей Меняйло баханхæ кодта: «Мæ зæрдæ зæгъуй сабурдзийнадæ, амонд, фæрнæйдзаг ун, æнтæстгин гъуддæгутæ æма уæлахезтæ нæ Иристони сæрбæлтау, нæ цитгин Уæрæсей сæрбæлтау!..»