30 декабря 2024

НÆ ХЪИАМÆТТИ ÆХСÆВÆ-БОН НÆ ЗУДТАН…

21.10.2023 | 13:48

Æхсæнадон архайæг, публицист МÆРЗОЙТИ Тазæрети фурт Сергей æма ÆГЪУЗАРТИ Саукуй.

МÆРЗОЙТИ Сергей æма ÆГЪУЗАРТИ Саукуй… Аци дууæ курухон лæги рагæй зудтонцæ кæрæдзей. Еумæ кустонцæ газет «Дигори» редакций дæр. Æмзунд æма æмархайдæй кæрæдзей нимадтонцæ, кæрæдземæн аргъ кодтонцæ. Цалдæр анзей размæ Сергей е ’цæг дуйнемæ бацудæй. Æма уæд нæ редакций коллективи номæй некролог дæр Саукуй бацæттæ кодта. Æма си уотæ финста:

«…Æ цæсгонæй ци рохс калдæй, ке хæццæ цардæй, уонæмæ æ зæрди ци уарзондзийнадæ хаста, е дзиллитæн тæмæсагæй байзадæй. Бийнонтæн, ахилæн – ходгæ хор, синхæн – æвæлмæцгæ æма æнæраййевгæ синхон, гъæубæстæн – цирагъдар, ездон, дзурддзæугæ, нифси мæсуг. Æнæмастдæр адæймагæн æргъудигæнæн дæр нæбал адтæй. Æ фæлмæн цъухи дзурдæй æлхæдта алке зæрдæ дæр, над иссеридæ алкæмæ дæр æма  цубур рæстæгмæ æхе бауарзун кæнидæ. Æма абони Мæрзойти Тазæрети фурт Сергейи æ фæстаг балций ку фæндараст кæнунцæ, уæд дзиллæ сах кæсгæ байзадæй, дзиллæ æ цæстисуг нихъуæрун нæбал фæразуй, дзиллæ æгомугæй лæууй æ мæрдуадзи. Хуæрзбон зæгъунцæ зæрдхъурмæй сæ уарзон адæймагæн, сæ цæугæ хонх, сæ лæугæ мæсугæн.

«Дигори» редакций косгутæ, Мæрзойти Сергей æ царди фæстаг бонти уæнгæ ке хæццæ фæккуста, æ цæнхæ-къæбæр ке хæццæ хуардта, етæ ибæл уæлдай хъæбæрдæр ресунцæ, уонæн уæлдай фулдæр æй сæ рист. Уомæн æма Сергей ке нæ барæвдудта, кæбæл нæ бауозæлдæй, ке цийнæй, ке мастæй хай нæ райста, еу уæхæн нæбал байзадæй. Адтæй не ’ндæмæ давæн, нæ курухон хестæр, нæ зундамонæг.

Дæ царди медæгæ макæд маке зæрдихудти бацо, макæд маке бафхуæрæ, зин макæмæн искæнæ – цæйбæрцæ хъаурæ, цæйбæрцæ бухсундзийнадæ гъæуй уоми! Æма еци хъаурæ, еци бухсундзийнадæ кæронмæ фæххаста Мæрзойти Сергей, ахургæнæг, æхсæнадон, партион косæг, журналист æма хумæтæги дигорон лæг…»

Æ рæстæги Æгъузарти Саукуй æ хæццæ берæ ахсгиаг гъуддæгутæбæл фæдздзубанди кодта. Æма уæ абони еци æрмæги хæццæ зонгæ кæнæн. 

 

– Сергей, зæгъай нин, ци æма кудæй багъуди кодтай Устур Фидибæстон тугъд дæ фиди зæнхæбæл?

– Устур Фидибæстон тугъди фæдбæл берæ киунугутæ æма уацтæ финст æрцудæй, кинонивтæ ба – æвдист. Фал ма си уæддæр, мæнмæ гæсгæ, берæ гъуддæгутæ æма хабæрттæ  ’нцæ «римæхст», гъома, æнæбæрæг.

Тугъд берæ бæлæхтæ æрхаста нæ советон бæстæ æма адæмæн, растдæр зæгъгæй ба еугур дуйней адæмтæн, уотæ нæ минкъий Иристонæн дæр. Куд зонæн, уотемæй нæ республикæй фронти архайдта 90 мин адæймагей бæрцæ. Уонæй фæммардæй æма æнæбæрæгæй фесавдæнцæ се ’мбесмæ хæстæг. Фашисттæ нæ республики еу хай байахæстонцæ, фæцæнцæ си айдагъдæр дууæ мæйи, 1942 анзи октябри кæронæй 1943 анзи январи фиццаг бæнттæмæ. Еци цубур рæстæги дæр рамардтонцæ 500 нæ сабурцæрæг адæмæй. Адæмон хæдзарадæн ци устур зиантæ æрхастонцæ, уони ба нимайгæ дæр нæ кæнæн.

Тугъди райдайæни мæбæл цудæй 13 анзи. Ахур кодтон 6-аг къласи. Нæ гъæуи цардæй 9 хæдзари, цæргути нимæдзæ – 73-76 адæймаги. Уонæй фронти архайдта 16.

22 июни мæ фиди æнсувæри фурт Морати хæццæ еу минкъий уати уогæй сæумæцъæхи æвеппайди фегъал ан нæ  мадтæлти æма хуæрти хæкъурццæй кæунмæ. Гъоцитæ доцгæй син фидбилизи хабар ракодта нæ райони тæрхондони тæрхонгæнæг Къесати Аслæнбег, захъайаг, (мах гъæуи цардæй, тæрхондонæ дæр уоми адтæй). Уой фæсте куд фегъустан, уотемæй Аслæнбег æхуæдæг дæр тугъди фæммардæй. Мах, æригон фæсевæд, ахур кодтан скъолай. Нæ зæронд фидтæлтæ æма мадтæлтæн дæр агъаз кодтан, сæ хæццæ кустан колхози. Кæд хуасдзау лæгбæл нимад цудæнцæ æма хуасæ кæрдун райдайиуонцæ 16-17-анздзудæй, уæд мах цæвæг нæ къохмæ райстан 12-13-анздзуд биццеутæй.

1942 анзи фæззæги немуцаг фашисттæ æрбахъæрттæнцæ Кавказмæ. Рæстæгмæ оккупаций бахаудтæнцæ Ирæфи, Дигори, Æрæдон æма Алагири районтæ. Мах цардан Дигоргоми Мæхчески райони. Уордæмæ немуцæн над æхгæд адтæй.

– Мадта си сурхæфсæддонтæй неке адтæй?

– Адтæй, берæ. 37-аг Æфсади хæйттæй. Фашисттæ фæлтæрæнтæ кодтонцæ хуæнхти сæрти æфцæгтæбæл Фæскавказмæ бахезун, фал син лæвæрд цудæй аккаг нихкъуæрд. Чиколайæй исæмпурстонцæ Æхсæрисæри бунмæ. Сурхæфсæддонтæ сæбæл дзармадзантæй никкалдтонцæ гъæди хурфæй, фашисттæ ледзæги фæцæнцæ, цалдæр машини пурхæнтæй фæууадзгæй.

– Ци кустонцæ еци рæстæги медбæстон адæм хуæнхбæсти?

– Устур ахедундзийнадæ адтæй æфцæги сæрти машинтти над бакъæрт кæнун Мæхческæй Садонгоммæ. Гъуди ма ’й кæнун хъæбæр хуарз, мах хæдзари цардæй комиссар (политрук) хестæр лейтенант Николай Пищелев (сахар Горькийæй). Е æхсæвæ рамбурд кодта æфсæддонти, сæумæй раги ба æд косæндзаумау (къахæнтæ, ломтæ, белтæ) балæудтæнцæ Гъевони æфцæги (Уæллагкомæй Згиди ’хсæн) æма къæрт кæнун байдæдтонцæ над. Сæ хæццæ æмхузонæй кустонцæ бунæттон адæм. Сауæнгæ силгоймæгтæ дæр. Куст цудæй комæн æхе медæгæ дæр. Федар кодтонцæ гъæдин хедтæ. Над арæзт фæцæй цубур рæстæгмæ (дууæ къуæремæ). Уобæлти цæун райдæдтонцæ уæззау машинттæ æд æфсад æма хуæцæнгæрзти хæццæ фронтмæ. Силгоймæгтæй уæззау куст кæнун ке бон нæ адтæй, етæ ба æхсæвæй-бонмæ æвæлмæцгæй цæттæ кодтонцæ сурхæфсæддонтæн гъар уæледарæс, уони галуæрдунтæй хъæртун кодтонцæ Æхсæрисæрмæ.

– Дæхуæдæг æма де ’мгæрттæ ба ци кустайтæ?

– Ку загътон æй уæлдæр, ахур кодтан скъолай. Каникулти рæстæги ба зилдан колхози фонс æма тиллæги æвзартæмæ. Карстан хуасæ, æмбурд кодтан хуартæ, къахтан картоф, ластан нартихуар галуæрдунтæй паддзахадон къæбецтæмæ.

1942 анзи зумæги мæйти нæмæ цардæй цалдæр уруссаг тугъдон кизги. Уони хæццæ мæ бафтудæй политрук Н. Пищелев æма нади билтæбæл лигъзфарс устур дортæ æма фæйнæги хузæн тъæпæн айнæг къæдзæхтæбæл финстан лозунгтæ: «Вперед на Запад!», «Смерть немецким оккупантам!», «Немецкий плен хуже смерти», «За Родину, за Сталина!», «Боец! Чем больше ты убьешь фашистов, тем ближе Гитлеру конец!» æма уотæ идарддæр. Еци нæдтæбæл æхсæвæй-бонмæ Фæскавказæй цудæнцæ фронтмæ сурхæфсæддонтæ. Мах хæдзари сæхецæн æрбунат кодтонцæ цалдæр партизани, сæ хæццæ нæхе æрвадæ Мæрзойти Темурци. Тугъди размæ куста Уорсдони (Дигори райони) колхози сæрдарæй. Æз син агъаз кодтон, куд кæстæр, уотæ цомайæн. Будури гъæутæмæ ахид цудæнцæ æсгарæни. Мæн сæ хæццæ райсиуонцæ. Саугъæди æрдозти колхозти фонсдарæн фермити мæ ниууадзиуонцæ сæ бæхтæ гъæуай кæнунмæ, сæхуæдтæ ба Сурх-Дигорæ, Дур-Дур, Къора, Уорсдон æма æндæр гъæутæй хастонцæ хабæрттæ, бæрæг кодтонцæ немуцæгти змæлд æма тохæндзаумау. Еци хабæрттæ ба игъосун кодтонцæ 37-аг Æфсади штабмæ (адтæй Кæлухи гъæуи).

– Сергей, уæд ма хуæрз æригон уогæй, куд æндиудтай еунæгæй тар гъæди?

– Барæй-æнæбари. Раст зæгъгæй, хъæбæр тарстæн. Фал мин Темурци зæрдитæ райвæридæ: ма тæрсæ, немуцæгтæ, дан, гъæдæмæ цæун не ’ндеунцæ, зæгъгæ. Уомæй мæ зæрдæ фæффедар уидæ. Уæдта берæ хæттити дæр нæ адтæн сæ хæццæ – дууæ-æртæ хатти.

– Тугъди фæуун дæ кæми æрæййафта?

– Силтанухъи. 1945 анзи мартъий мæйи нæ бийнонти зин уавæртæмæ гæсгæ скъолай мæ ахур ниууагътон. Райдæдтон колхози хигъдхæссæгæй косун. Итудтан ма нартихуари фæстаг гектартæ. 9 майи нæмæ Чиколайæй Ирæфи райони секретарь Хъойбай-фурт бæхбæл фæззиндтæй æма нин фегъосун кодта: «Тугъд фæцæй, Уæлахез райстан!» Еци æхцæуæн хабар фегъосгæй, силгоймæгтæй беретæ сæ цæстисугтæ нæ бауорæдтонцæ, ставд фæрдгутæй æгъзалдæнцæ сæ ростæбæл, уæлдайдæр фронтæй сау гæгъæди ка райста, етæ.

– Тугъди рæстæги дæмæ æфсадмæ нæ фæдздзурдтонцæ?

– Æз дæр, ме ’мгæрттæ дæр фронти нæ архайдтан. Фал куд загътон, уотæ æригæнттæ минкъий байвæрæн нæ бахастонцæ не ’стур Уæлахезмæ. Промышленнон кустуæтти ку нæбал фагæ кодта косгутæ, уæд уæзæ ранцадæй æригæнтти усхъитæбæл. Зæгъæн, сахар Дзæуæгигъæуи завод «Стеклотара»-мæ  косунмæ бацудæнцæ 15-16-анздзуд кизгуттæ æма биццеутæ. Æригæнттæн уæлдай хатир нæ адтæй нецæмæй, кустонцæ æхсæвæй-бонæй хестæрти æмбæрцæ – дугай, кæми ба æртигай сменити. Ахид сæ хæдзæрттæмæ дæр нæ цудæнцæ, бафунæй уиуонцæ се станокти уæлгъос. Зурнæйзелгутæ, слесæртæ, фрезировщиктæй аци заводи кустонцæ айдагъдæр ремесленнон училищети рауагъдонтæ. Садони шахти, колхозтæ æма совхозти æригæнттæ раййивтонцæ хестæрти – фронтмæ ка рандæй, уони. Ахид цудæнцæ фæскомцæдесон-фæсевæдон бригадитæ æма звенотæ. Ерис кодтонцæ фронтмæ фулдæр тохæн æрмæг æма хуайраги продукттæ рарветунбæл. Фæсевæд æвæлмæцгæй æнхæст кодтонцæ парти æма хецауади фæдздзурд «Алцидæр фронтæн, алцидæр уæлахезæн!» Æригæнтти къохæй фронтмæ æрвист цудæнцæ бомбитæ, снарядтæ, гранæттæ, рæмодзæн æрмæг, уæледарæс, хуайраг. Мæнæн дæр мæ  хъазауатон кусти туххæй лæвæрд æрцудæй «Устур Фидибæстон тугъди 1941-1945 æнзти хъазауатон фæллойни туххæй» майдан, æндæр хуæрзеугутæ.

Тугъд макæдбал уæд, маке бал æй бавзарæд нæ фæсевæдæй, фал уæлдæр ранимад хабæрттæ ба син æнцæ, æнæмæнгæ, зонуйнаг æма аргъ кæнуйнаг.

Дзубанди ниффинста ÆГЪУЗАРТИ Саукуй.