27 июля 2024

НÆ ИСФÆЛДЕСÆГÆЙ НИН ФÆДЗÆХСТ ÆЙ НÆ ЦАРДИУАГÆ РÆСТУОДÆЙ АРАЗУН!..

24.06.2023 | 23:11

Пусулмæнттæн сæ цитгин-дæр бæрæгбæнттæй еуебæл нимад æнцæ Хъурмантæ (араббагау æй хонунцæ Ид аль-Адха, тюркагау ба – Курбан-байрам).

Бæрæггонд цæуй куд нивондæрхæссуйнади Бон. Ралæууй пусулмон къæлиндари дууадæсæймаг мæйæ зуль-хиджи 10-аг бон. Уæрæсей официалон æгъдауæй ци еумæйаг граждайнаг къæлиндарæй пайдагонд цæуй, уомæ гæсгæ ба Хъурманти райдайæн алли анз дæр фæууй æндæр рæстæги, уомæн æма пусулмон æма еци къæлиндари еуæй-еу мæйти бæнтти бæрцæ фæйнæхузи æй. Уомæ гæсгæ аци анз Хъурманти райдайæн хауй 28 июнмæ æма бæрæггонд цæудзæнæнцæ æртæ боней дæргъи.

Пусулмæнттæ аци бæрæгбон фæххезунцæ, уомæн æма баст æй пусулмон дини бундорон фондз фæткемæй еу – Меккæмæ, пусулмæнттæн тæккæ нимаддæр бунатмæ хадж искæнуни хæццæ.

Меккæмæ ка рараст уй, етæ уордæмæ гъæуама бахъæртонцæ зуль-хиджи фиццаг бæнтти, Хъурманти райдайæни размæ, уæдта хонх Арафати фалдзости, дæлвæзæ Муздалифи æма ма æндæр бæлвурд бунæтти æртæ боней дæргъи гъæуама исæнхæст кæнонцæ сæрмагонд æгъдæуттæ. Уонæн сæ сæйраг хауй зуль-хиджи 10-аг бонмæ. Уæд райдайуй нивондæрхæссуйнади Бон.

Уогæ еци Бон бæрæг кæнунцæ, хаджи ка фæууй, айдагъ етæ нæ, фал дуйней еугур пусулмæнттæ дæр, уомæн æма е æй пусулмæнттæн, мæнæ минкъий раздæр куд загътон, уотемæй сæ цитгиндæр бæрæгбон. Æ нисанеуæг æма æ медес ци ’й, уобæл дзоргæй æнæмæнгæ зонун гъæуй, кæд æма кутемæй фæззиндтæй, уой. Æ райгурци бундор æй хъæбæр идард евгъуд дзаманти, Ибрахими пахампардзийнади доги.

Цæветтонгæ, Хуцауи æрвист лæг, Ибрахим (Авраам) нæ Исфæлдесæг си куд байагурдта, уомæ гæсгæ нивондæн гъæуама æрхастайдæ æ хестæр фурт Исмаили, кæци ин æдзæрæг рауæни райгурдæй Хаджарæй.

Уавæртæ ба си уæхæнттæ адтæнцæ, æма мадæ æ минкъий фуртæн уæддæр дони хъурт иссерунбæл æ зæрдæ дæр ку нæбал дардта, уотемæй силгоймаг, кæд хъæбæр исæнæхъаурæ ’й, уæддæр Сафа æма Марва, зæгъгæ, еци уобæутти рæбунти авд хатти ку æррауайæ-бауайæ кодта, уæд æнай-æнойти рауидта: æ сувæллон кæми ниууагъта, уоми уой хуæрзрæбун зæнхæй ниццавта сауæдонæ Зæмзæм. Е дессаг куд нæ адтайдæ, иннæ дессаг ба е æй, æма, Зæмзæми дон разиндтæй уодихуаси хузæн: адæймаги æфсадуй хуæруйнаги хузæн, агъаз кæнуй берæ аллихузон незтæй.

Исмаил ку райрæзтæй, уæд Ибрахим æ фуни фæууидта, Хуцау си ке домуй, цæмæй æ фурти нивондæн æрхæсса. Фидæ куд нæ батухстайдæ: æнгъæл берæ кæмæ фæккастæй, берæ ке уарзта, æ еци фурти æй багъудæй нивондæн æрхæссун…

Фурт æ фиди тухст куд нæ балæдæрдтайдæ, æма унаффæ рахæссун ин цæмæй фенцондæр адтайдæ, уомæ гæсгæ ин уотæ загъта:

– Хуцауи фæндæ куд æй, уотæ бакæнæ…

Хуцауи размæ æргомзæрдæ æма коммæгæс уогæй, Исмаил æхуæдæг дæр æма æ фидæ дæр уобæл исарази ’нцæ. «Æма сæ дууæ дæр ку исарази ’нцæ æма е ку æрæвардта (æ фурти) æ фарсбæл, уæд Мах имæ исдзурдтан…» (сурæ 37 «Æмрæнгъитæ ислæугæй», аят 104).

Еци лæгæвзарæнæн Ибрагим æма Исмаил ке бафæразтонцæ, æцæгæй æууæнкгун ке разиндтæнцæ, уомæ гæсгæ Хуцау æ раздæри фæндæ раййивта æма фидæн барæ равардта, цæмæй æ фурти бæсти нивондæн æрхæсса фус. Уомæ гæсгæ нивондхæссуйнади Бон нимад цæуй куд Хуцауи æцæгæй нимайундзийнади, уомæн табу кæнуни нисанеуæги бон. Цитгин Хъурани загъд ес: «Ковæ дæ Хуцаумæ (бæрæгбони намаз кæнгæй) æма æрхæссæ нивонд (нивондаг)».

Бæрæгбон бæрæг кæнун райдайунцæ сæумæраги. Пусул-мæнттæ, сæ бауæр еугурæй дæр искæдзос кæнгæй, нæуæг кенæ федауцæ дарæс искæнгæй, рараст унцæ мæзгитмæ æма уоми еумæйагæй намаз кæнунцæ, кæсунцæ Хъуран, игъосунцæ имам-хатиби динамундтитæмæ (хутбу), кæцитими кадæ кæнунцæ Хуцауæн, дзубанди цæуй нивондæрхæссуйнади æгъдауи равзурд æма уой ахедундзийнади туххæй. Дзубанди си фæццæуй, цæмæй алли адæймаг дæр архайа, зæнхæбæл царди сабурдзийнадæ æма хæлардзийнадæ, кæрæдзей нимайун æма уарзундзийнадæ ниффедар кæнунбæл. Бæрæгбони намази фæсте райдайунцæ нивондæрхæссуйнади æгъдау æнхæст кæнун.

Уотæ нимад цæуй, æма фагæ ’й, еу адæймаг нивондæн, кенæ ба бийнонтæ ку æрхæссонцæ фус кенæ сæгъæ. Уотæ дæр æнгъезуй, æма авд пусулмон лæги кенæ авд бийнонти, еумæ бадзубанди кæнгæй, нивондæн æрхæссунцæ еу фиртон, фид се ’хсæн æмдех ракæнунцæ, æма е дæр нимад æй æнхæстгонд æгъдаубæл. Нивондаг æнгъезуй сæрмагондæй Хъурмантæмæ исхæссун, кенæ ба ’й ескæмæй балхæнун.

Хъурмайнаг косæрттагæн бæззуй анзæй фулдæр кæбæл цæуй, уæхæн фус кенæ сæгъæ. Сторвонс ба, дууæ анземæй минкъийдæр кæбæл нæ цæуа, уæхæн. Хъурмайнаг косæрттагæн нæ бæззуй, ести сахъатдзийнадæ кæмæ уа, æ иуæнгтæй ескæци лух кæмæн уа, ести незæй сæйгæ, кенæ ба фудхуз ка уа, уæхæн фонс. Нæ бæззуй хъæрæу, къулух, дæндæгутæ кæбæл нæ уа, æ еу гъосæн, æ къæдзелæн кенæ цæстæн æ фулдæр хай кæмæн нæ уа, уæхæн фонс дæр.

Косарт кæнгæй хъурмайнаги тог исуадзуни хуæдразмæ гъæуй зæгъун сæрмагонд дуа: «Бисмилляхи Аллаху Акбар» («Еунæг Хуцауи сæрбæлтау, Еунæг Хуцауи номæй бæрзонддæр неци ес…») Æвгæрдун ба гъæуй дзæбæх циргъ кардæй, цæмæй фонс гъезæмарæ ма кæна, уой дæр уотемæй æма косартгæнæги къохи, ци хъурмайнаг æвгæрда, е гъæуама кард æгириддæр ма фæууина, уæдта косартгæнæгæн æ рази уæлдай адæмæй маке уа.

Косарт кæнæн ес бæрæгбони æртæ боней дæргъи: æ фиццаг бони сæумæй (бæрæгбони намази фæсте) сауæнгæ æртиккаг бони фæссехуари намази райдайæни уæнгæ.

Хъурмайнаги фид еугурæй дæр дæхецæн ниууадзæ, зæгъгæ, уомæн нецихузи ес уæн. Фид гъæуй æртæ дехи ракæнун. Еу си æй дæхе, дуккаг гъæуама иурст æрцæуа мæгуртæн, уæззау сæйгитæн, фæккæсуйнæгтæн æфсапи хузи, æртиккаг хай ба – хъурманлæхъ искæнунæн, æрбацæугутæ, хæстæгутæ æма синхæгти байуазæг кæнунæн. Нивондæн хаст косæрттаги фид уæйæ кæнун не ’нгъезуй, уотæ æ сæр, цар кенæ къæхтæ дæр – гъæуй сæ лæвар байуарун, кенæдта сæ дæхецæн ниууадзæ…

Æнæмæнгæ, Хъурмантæ æнцæ устур бæрæгбон, æма уой бæнтти адæми зæрдитæ гъæуама уонцæ цийнæ æма уодæнцойнæй райдзаст.

Нæ дзубандий кæронбæт-тæни ба нæ фæндуй зæгъун уой, æма Хъурманти бæрæгбони цитгиндзийнади фæрци адæм сæ царди бæнтти райдзаст æма зæрдрохс куд уонцæ, Иристони цæрæг адæм æнæгъæнæй дæр – ка ци дин хæссуй, ка ци адæмихаттæй æй, уомæ нæ кæсгæй – сæ еугурей бийнонтæн дæр амондгун æма фæрнæйдзаг куд уонцæ сæ царди бæнттæ. Хуцау нæ еумæ цæрунмæ исæнтæсун кодта, æма гъæуама æмзæрдæ-æмзундæй нæ цард аразæн федауцæй, кæрæдзей лæдæргæй æма нимайгæй, Хуцау ни арази цæмæй уа, уæхæн арфиаг гъуддæгутæй агъаз кæнгæй кæрæдземæн.