16 майя 2024

НÆ МÆЙТИ ХУÆЗДÆР АМОНДХÆССÆГ НИН ИСУÆД

27.04.2024 | 23:08

Устур Фидибæстон тугъди архайæг, зундгонд публицист æма поэт Кертанти Тæхир кæддæр е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста:

Æгас æрцæуай,

Сугъзæрийнæ Май,

Нæ мæйти хуæздæр,

Нæ амонди хай!..

Æма, æцæгæйдæр, май уæлдай зæрдтагон адтæй нæ адæмæн,  кæд æ ном ханси мæйæ ’й, уæддæр æй беретæ ба хонунцæ цийни мæйæ.

Уæлдай æхцæуæнæй ба советон доги бæрæггонд цудæй Фиццаг Май. Е æцæгæйдæр адтæй еугурадæмон, еугуремæн цийнаг бæрæгбон. Фал уæдмæ рæстæгутæ иннердæмæ низзилдæнцæ, Фиццаг Май ма бæргæ æвзарунцæ раздæри хузæн бæрæг кæнун, фал си уоййасæбæл райдзастдзийнадæ нæбал ес. Æма си кутемæй уа, кæд æма адæм сæ нури цардиуаги нæхъæртондзийнæдти фудæй цийнитæ кæнунбæл нæбал æнцæ…

Уогæ уобæл абони нæ дзордзинан. Фæндуй нæ нæ дзиллæн бæрæгбони  туххæй райарфæ кæнун. Нæ уæгæ гъæуама ма мæла – куд фæззæгъунцæ, фудлæг æма фудрæстæг берæ нæ хæссунцæ. Æма адæмон бæрæгбæнттæ нин кæддæри хузæн амондхæссæг исуодзæнæнцæ!..