12 декабря 2024

НÆ НАЦИОН ПОЛК БАРГЪОН КÆНУЙ ÆЦÆГ «ПЛИОНТÆЙ» – ÆХСАРГИН ÆМА НИФСГУН ÆФСÆДДОНТÆЙ

19.10.2024 | 14:29

Сергей МЕНЯЙЛО (галеуæрдигæй) æма ГОБЕТИ Ибрагим

Тарскийи арæзт æрцудæй бадзурдон служби бон. Еци мадзали архайдтонцæ, Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло, нæ республики Сæргълæууæги æма Хецауади администраций разамонæг Гобети Ибрагим, бунæттон хецаудзийнади къабæзти минæвæрттæ. Адтæнцæ ма си, Уæрæсей гъæуайкæнуйнади министради хæццæ бадзурд бафинсун æма Плити Исси номбæл батальони исконди уогæй сæрмагонд æфсæддон операций архайун ке зæрди ес, етæ дæр. Уонæн сæ еугуремæн дæр аци мадзал цæмæдесаг рауадæй берæ цæмæйдæрти. Зæгъæн,  базонгæ ’нцæ, 58-аг æфсадмæ ци тугъдон ефтонггæрзтæ ес, уони хæццæ. Арæзт син æрцудæй цæстуингæ равдиститæ, техникæ куд косуй, уой æма ма берæ æндæр аллихузон гъуддæгутæ. Мадта си адтæй æфсæддон хуæруйнагæй исахуадуни равгæ дæр –  будуйрон уавæрти косæг хуæрæндони фæрци. Арæзт си æрцудæнцæ тохæнгарзæй æхсунæй еристæ дæр. Хуæздæр бæрæггæнæнтæ ке къохи бафтудæй, уонæн ба исаккаг кодтонцæ дипломтæ æма зæрдæбæлдарæн лæвæрттæ.

Полигони ма арæзт æрцудæй сæрмагонд пункт. Сæрмагонд тугъдон операций, Плити Исси номбæл полкки архайун ке фæндуй барвæндонæй, уони бон адтæй тæккæ уоми сæ курдиадæ бадæттун æма сæхе ниффинсун.

Архайгути хæццæ зæрдæй-зæрдæмæ дзубанди кодта Сергей Меняйло. Куд загъта, уотемæй, аци полк исаразунæн ес æхе рæуагæ:

– Гъуддаг уой медæгæ ’й, æма не ’мзæнхонтæ тугъдон операцимæ æрвист цæунцæ нæ бæсти алли рауæнтæй, æма уоми ба агорунцæ кæрæдзей, архайунцæ мах батальонти хæццæ байеу унмæ. Уомæ гæсгæ ба мæхе бахадтон Уæрæсей Президентмæ, цæмæй нин барæ ратта сæрмагонд полк исаразунмæ. Æмзæнхонтæ кæрæдзей хæццæ еумæ ку уонцæ, уæд сæ архайд дæр æнтæстгиндæр уодзæнæй,  фулдæр пайда хæсдзæнæй, сæ кæрæдземæ усхъæ бадард дæр æновуддæр уодзæнæй, уæдта нифс дæр тухгиндæр кæндзæнæй. Нæ фæсевæдæй еуетæ нуртæккæ ахурти ’нцæ Саратови, Молькини си кадæртæ сæхе цæттæ кæнунцæ механик-скъæрæг исунмæ, кадæртæ ба си исуодзæнæнцæ дзармадзанæй æхсгутæ. Ахур сæ ци командиртæ кæнунцæ, етæ си нерæнгæ арази ’нцæ сæ хуæрзæгъдаудзийнадæй, ахурмæ сæ разæнгарддзийнадæй.

Плити Исси номбæл батальони командир Гобети Ибрагим ба æ радзубандий куд баханхæ  кодта, уотемæй, Плити Исси номбæл полкмæ бацæун ке фæндуй, уонæн ес сæрмагонд æфсæддон операций нуртæккæ комкоммæ ка архайуй, уони хæццæ фембæлуни æма хабæрттæ бæлвурддæрæй базонуни равгæ. Уонæмæ ес тугъдон гъуддæгути устур фæлтæрддзийнадæ. Гобей-фурт ма куд загъта, уотемæй полк æй кæрæй-кæронмæ æнтæстгинæй æ размæ æвæрд ихæстæ æнхæст кæнунгъон, ефтонггонд æй æнæгъæнæй дæр  аллихузи тохæндзаумауæй дæр. Нæ республики Сæргълæууæг еугур хъауритæй дæр архайуй, цæмæй не ’фсæддонтæ гъæуагæ мацæмæй æййафонцæ, уой туххæй.