НÆ УОДВАРНИ ХÆЗНАТÆ – НÆ ИСОНИБОНИ ФÆЛТÆРТÆН
Цæгат Иристонæн ес гъæздуг историон æма культурон хæзнадзийнæдтæ. Ес нæмæ берæ рагон циртдзæвæнтæ. Етæ цæйбæрцæбæл цæмæдесаг æнцæ, е бæрæг æй уомæй дæр, æма уони хе цæститæй фæууинун æма сæ хæццæ баст хабæрттæ базонуни нисанеуæгæй анзæй-анзмæ нæмæ фулдæр цæун байдæдтонцæ бæлццæнттæ Уæрæсей еугур рауæнтæй дæр æма фæсарæйнаг паддзахæдтæй дæр.
Еуемæй, е æхцæуæн æй, иннемæй ба нæ ихæсгин кæнуй, цæмæй нæ иуазгутæн Цæгат Иристон алцæмæй дæр цæмæдесаг уа, уобæл никки æновуддæрæй байархайунæй. Ци æма куд хуæздæр исаразун гъæуй нæ уодварни хæзнатæ багъæуай кæнуни туххæй, уобæл ба лæмбунæг дзубанди цудæй æрæги нæ республики Хецауади æмбурди. Разамунд ин лæвардта Дзанайти Барис æма æ радзубандий уотæ загъта:
– Нерæнгæ ма нин берæ аллихузон гъуддæгутæ банхæсткæнуйнаг ес нæ уодварнон-культурон хæзнатæ æнхæстæй æма аккаг хузи багъæуай кæнунæн. Нæ абони архайдæй аразгæ ’й, цæмæй сæ федауцæй ниууадзæн нæ исонибони фæлтæртæн.
Федералон нисанеуæг кæмæн ес, уæхæн 411 объекти, уæдта 264 регионалон нисанеуæги хæццæ æма нур ке исбæрæг кодтонцæ, уæхæн 1307 объекти гъæуай кæнуй паддзахадæ. Аци бæрæггæнæнтæ фегъосун кодта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий культурон бунтæ багъæуай кæнуни æма сæ пайда кæнуни комитети сæрдар Гæлуати Ацæмæз.
Евгъуд анз Алагири, Æрæдони, Ирæфи æма Горæтгæрон районти исбæлвурд кодтонцæ 14 культурон объекти багъæуай кæнуни арæнтæ. Уæхæн унаффæ рахаста республики Хецауадæ. Айдагъ Алагири райони æрбунæттон æнцæ 240 объекти.
Аци анзи кæронмæ гъæуайгæнæн арæнтæ исбæрæг кæндзæнæнцæ, Еугуруæрæсеуон туристон-рекреацион комплекс «Мамисон»-мæ хæстæг ци 50 культурон уодварни бунтæ ес, уонæн.
– Медбæстон туризм æнтæстгин къахдзæфтæ кæнуй. Нæ иуазгути нимæдзæ фулдæр кæнуй. Туристон маршруттæмæ нæ бафтаун гъæуй культурон объекттæ, алли рауæн дæр исæвæрун гъæуй информацион фæйнæгутæ, бæлццæнтти хæццæ ка дзора, етæ ба сæхуæдтæ гъæуама хъæбæр хуарз зононцæ алли объекттæн дæр æ рагон истори æма хецæндзийнæдтæ. Гъуддагмæ кудфæнди цæстæй гъæуама маке кæса. Гъæуама историон циртдзæвæнти алливарс уа æфснайд æма кæдзос. Е æй аллибони куст, – бафæдзахста Дзанайи-фурт.
Районти сæргълæугутæн сæ ихæс æй, уавæр куд æййевуй, уомæ цæстæ дарун, барвæндонæй си гъæуама маци арæзтæдтæ цæуа.
Паддзахадон есбонадæ æма зæнхи рахастдзийнæдти министрадæ профилон комитети хæццæ еумæ, республикон æма муниципалон есбонади ка ’й, уони уавæрмæ гъæуама цæстæ даронцæ æма сæ багъæуай кæнуни туххæй фæндæнттæ бахæссонцæ. Алли объект дæр бахæссун гъæуй Еумæйаг паддзахадон реестрмæ.