08 майя 2024

«НÆ ЗИНГХУСТ ТУГЪДОНТÆ – НÆ СÆРУСТУРДЗИЙНАДÆ!..»

08.07.2023 | 22:21

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрæги фембалдæй, Украини сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй нæ тугъдонтæй ка фæммард æй, уони бийнонти хæццæ. Хъæбæр хъонцгæнгæй син ратæфирфæс кодта. Фегъосун син кодта, се ’фсæддон ихæс æнхæстгæнгæй бæгъатæрдзийнадæ, æхсарæ æма лæгдзийнадæ ке равдистонцæ æма нæ Фидибæсти сæрбæлтау сæ цард рæстуодæй ке иснивонд кодтонцæ, уой туххæй еци æфсæддонтæ Уæрæсей Президенти бардзурдæй хуарзæнхæгонд ке ’рцудæнцæ Бæгъатæрдзийнади ордентæй. Æма син сæ еци хуæрзеугутæ цитгин уавæри равардта сæ хеуæнттæмæ.

– Зонун æй, уæхæн уавæри нифсæвæрæн дзурдтæ зин иссерæн æй. Сумахæй фæгъгъудæнцæ уæ хъазарæй-хъазардæр хеуæнттæ. Фал сумах гъæуама зонайтæ, уæ фурттæ, цардæмбæлттæ, æнсувæртæ –  æцæг бæгъатæртæ, фæсдуар кенæ еске аууони æхе ка нæ баримахста, уæхæн сæрæнигурдтæ ’нцæ. Етæ сæ цард равардтонцæ нæ бæсти сæребарæдзийнадæ æма нæ ирæзгæ фæлтæрти æдас æма рохс исонибони сæрбæлтау. Етæ ’нцæ нæ сæрустурдзийнадæ æма нин уодзæнæнцæ муггагмæ имисуйнаг! – загъта Сергей Меняйло.

Æ радзубандий ма куд фæббæрæг кодта, уотемæй, муниципалиттети разамонгутæ æма региони социалон службити косгутæ ихæсгингонд æнцæ, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй ци æфсæддонтæ фæммард æнцæ, уони бийнонтæн алливæрсуг агъази мадзæлттæ æнхæст кæнунæй, алли æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг фарстатæ æма гъуддæгути фæдбæл дæр сæ фарсмæ куд балæууонцæ, уомæй.