19 апреля 2024

НÆУÆГ АГЪАЗ – СУВÆЛЛОНГИН БИЙНОНТÆН

14.05.2022 | 14:41

Уæрæсей Пенсион фонди регионалон хайадæмæ майи фиццаг бæнтти дæргъи курдийæдтæ балæвардтонцæ, 8-17-анздзуд сувæллæнтæ кæми ес æма Уæрæсей Президенти Указмæ гæсгæ нæуæг паддзахадон агъаз кæмæн гъæуама лæвæрд æрцæуа, уæхæн 21 мин цæгатиристойнаг бийнонти.

Абони уæнгæ Пенсион фонди специалисттæ æркастæнцæ 10 мин уæхæн курдиадемæ æма бæлвурд унаффæ бал хаст æрцудæй 4,5 мин курдиадей фæдбæл. Уæхæн бийнонтæмæ аллимæйон нæуæг агъазæй фæккæсунæн 2022 анзи федералон бюджетæй радех кæндзæнæнцæ 163 миллиард сомей бæрцæ.