24 апреля 2024

НÆУÆГДЗИЙНАДÆ

29.07.2022 | 17:02

Нæ газети сæрмагонд уæлæфтауæн «Царди айдæнæ»-йи фæндзæймаг рауагъди бакæсæн ес аллихузон æрмæгутæ. Зæгъæн, нæ аййевади номдзуд архайæг Цæрикъати Маирбеги цард æма исфæлдистади туххæй æрмæгутæ. Мухур сæ кæнæн, æ райгурдбæл 29 июли 95 анзи ке æнхæст кæнуй, уомæ гæсгæ.

Æрæги Дзæуæгигъæуи мухури рацудæй æссон аййевадон литератури бундорæвæрæг Отарати Керими киунугæ «Заман» – æнцæ си е ‘мдзæвгитæ дигорон æвзагмæ тæлмацгондæй.