04 октября 2024

«НАМУСÆН НИВОНД АДТÆЙ МÆ ЦАРД…»

21.01.2023 | 20:28

А зæнхæбæл ни алкæмæндæр бæлвурд нисанеуæг ес. Уой фæдбæл Хостихъоти Зинæ кæддæр е ’мдзæвгитæй еуеми уотæ финста:

 

Æз – сылгоймаг, цардаразæг фарн дæн,

Кувут, лæгтæ, иууылдæр мæнæн.

Æз бæллиц дæн, дидинæджы тау дæн.

Æз цъæх уалдзæг, цины зарæг дæн.

Æз æфсарм дæн нуазæн дæн уæ къухы,

Æз хæдзары – мин бæркады фынг.

Æз æдзухдæр – уе ’мдзу царды дугъы.

Фарн – мæ дзырд, ныххуыссын кæны зынг.

Сисут, лæгтæ, баназут мæ кадæн,

Æз уæ раттæг, уе ’стыр мæт, уæ хур.

Æз уæ къухы бахъуаджы бон кард дæн,

Æз уæ фидæн – уе ’нхъæлцау бындур.

Уотæ зæгъуни барæ ба Хостихъоти Зинæ æхемæ хумæтæги нæ райста. Æ исфæлдистадон дзурдæй адæми хæццæ куд дзубанди кодта, цæргæ дæр уотæ кодта – рæстзæрдæй, Фидибæстæ æма æ адæми сæрбæлтау уодуæлдайæй хъазауат кæнгæй…

Мæ ном ма мысынц аргъæутты зæххыл,

Æз та кæддæр алан уыдтæн, фæдисон,

Кæддæриддæр фыццаг уыдтæн бæхыл

Тыхæвзарæн бон. Хастой мæ æмбисонд.

Мæ намысæн нывонд уыди мæ уд,

Сæргæхцытæй уæлахизы сæн нуæзтон…

Æма Хостихъоти Ахмæти кизгæ Зинæ кæд не ’хсæн нæбал æй, уæддæр ни æ рохс ном дæр æма æ агъазиау хъиамæттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ дзиллæй иронх нæ уодзæнæнцæ. Абони ба ’й имисæн уомæ гæсгæ, æма евгъуд анзи 31 декабри æ райгурдбæл исæнхæст æй фондз æма цуппаринсæй анзи (1937-1995). Æма уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 6-7-аг фæрстæбæл.