11 октября 2024

НЕ ‘МЗӔНХОН – «КУРЧАТОВИ ИНСТИТУТ»-И ДИРЕКТОР

18.09.2021 | 12:14

Уӕрӕсей Хецауади Сӕрдар Михаил МИШУСТИНИ бардзурдмӕ гӕсгӕ, Иристонӕй рацӕуӕг ХЪАМБОЛТИ Марати исфедар кодтонцӕ Национ ӕртасӕн центр «Курчатови институт»-и директорӕй.

Цалдӕр анзей дӕргъи Хъамболи-фурт амунд институти ахӕста вице-президенти бунат. 2006 анзӕй фӕстӕмӕ куста Наукӕ ӕма инновацити федералон агентади разамонӕги хуӕдӕййевӕгӕй, 2010-2014 ӕнзти ба – Уӕрӕсей ахурадӕ ӕма науки министри хуӕдӕййевӕгӕй. 2015 анзи Хъамболти Марати бахастонцӕ ӕнӕнгъӕлӕги уавӕртӕй багъӕуай кӕнуни  ӕма сӕ еуварс кӕнуни, уӕдта зингисервӕзтон ӕдасдзийнади фадуӕттӕ аразуни фӕдбӕл хецауадон къамиси иуонгти номхигъдмӕ. Уомӕй уӕлдай, не ‘мзӕнхон лӕудтӕй атомон энергий унаффӕйади ӕма ин лицензи дӕттуни фӕдбӕл федералон къамиси сӕргъи. Хъамболи-фуртмӕ ес Уӕрӕсей паддзахадон службӕй уӕлдӕр, 1-аг къӕпхӕни ӕцӕг паддзахадон унаффӕгӕнӕги цин.