06 декабря 2024

«ӔНГОМДЗИЙНАДИ НӔМУГ ТАУЕТӔ, ЦӔМӔЙ ФЕДАР ЗӔНГӔ ИСУАДЗА!..

15.04.2022 | 13:59

МÆРЗОЙТИ Сергей æ цардæмбал Анетæ æма æ фурт Ацæмæзи хæццæ Пицунди уолæфгæй.

Нӕ номдзуддӕр лӕгтӕй еу, Мӕрзойти Тимофейи фурт Сергей кӕддӕр ӕ радзубандий уотӕ загъта: «Ӕнгомдзийнадӕй хуӕздӕр неци ес, ӕма ин ӕ фарни муггаг ниггӕлдзетӕ мӕрӕмӕ, федар зӕнгӕ тауӕ куд исуадза!..» Ӕма ӕ еци фӕдзӕхст фиццаги-фиццагидӕр ӕхуӕдӕг кӕрӕй-кӕронмӕ ӕнхӕст кодта ӕ федауцӕ цардиуагӕй, ӕ рӕстуод фӕллойнӕй, ӕ берӕ арфиаг хъиамӕттӕй.

Мӕрзойти Сергей райгурдӕй 1927 анзи 10 апърели Хъарман-Синдзигъӕуи зӕнхкосӕг бийнонти ‘хсӕн. 1944 анзи каст фӕцӕй Ирон педагогон училище, 1948 анзи Ирон паддзахадон педагогон институт, 1951 анзи – Цӕгат Иристони наукон-ӕртасӕн институти аспирантурӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, саунгӕ пенсий рацӕуни уӕнгӕ куста аллихузон бӕрнон бунӕтти: адтӕй киунугути республикон рауагъдади аййевадон литературон хайади хестӕр редактор, газет «Социалистическая Осетия»-йи редакций культури хайади сӕргълӕууӕг, журнал «Мах дуг»-и сӕйраг редактор, альманах «Советон Иристон»-и бӕрнон секретарь, наукон-ӕртасӕн институти хестӕр наукон косӕг. 1966-1970 ӕнзти Мӕрзойти Сергей куста Цӕгат Иристони финсгути Цӕдеси правлений бӕрнон секретарӕй, 1970-1976 ӕнзти ба – финсгути Цӕдеси сӕрдарӕй. Ӕ исфӕлдистадон фӕллойнӕн ин бӕрзонд аргъгонд ӕрцудӕй – 1967 анзи ӕ киунугӕ «Бон цӕуы ӕмӕ фарн хӕссы»-йи туххӕй ин лӕвӕрд ӕрцудӕй Цӕгат Иристони Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон преми.

Мӕрзойти Сергейӕн ӕ исфӕлдистадон архайд райдӕдта евгъуд ӕноси 50-аг ӕнзти. Куд критик ӕма литературӕртасӕг, уотӕ ӕ искурдиадӕ рабӕрӕг ӕй ӕ фиццаг монографион кусти – «Ӕвӕрццӕг хъайтари проблемӕ Нигери поэзий» (1956 анз). Уой фӕсте фӕззиндтӕнцӕ ӕ иннӕ ӕсгарӕн куститӕ нӕ национ литератури ахсгиаг фарстати фӕдбӕл. Алцӕмӕй дӕр ӕнхӕст ӕма зӕрдӕмӕдзӕугӕ рауадӕнцӕ ӕ уацтӕ нӕ финсгутӕй цалдӕрей цард ӕма исфӕлдистади туххӕй: Коцойти Арсени, Хъамбердиати Мисости, Гулути Андрейи, Мамсурати Дӕбей, Епхити Тӕтӕрий, Цӕгӕрати Максими ӕма иннети туххӕй.

МÆРЗОЙТИ Сергей æ фурти фурт Хетæги хæццæ

Ӕ еци куститӕ агъазиаубӕл нимад кӕд ӕнцӕ, уӕддӕр Мӕрзойти Сергейи исфӕлдистади сӕйрагдӕр бунат ахӕссуй ӕ аййевадон прозӕ – радзурдтӕ, уацаутӕ ӕма романтӕ. Ӕ фиццаг радзурдтӕ мухури фӕззиндтӕнцӕ 1958 анзи, 1962 анзи ба рацудӕнцӕ хецӕн киунугӕй – «Мӕ сӕфт хуры хай».

Фӕстӕдӕр кӕрӕдзей фӕсте хецӕн киунугутӕй рохс фӕууидтонцӕ ӕ зингӕ уадзимистӕ. Роман «Дзӕбуг ӕма хъӕсдарӕг»-и дзубанди цӕуй,  мӕгур адӕми амондбӕл ӕма хуздӕр царди рохсмӕ тундзунбӕл ка тухсуй, еци ӕригон искурдиадӕгин хуӕнхаги туххӕй.

Роман «Къӕхтысӕр»-и ӕвдист ӕрцудӕнцӕ Гизӕлдони ГЭС аразгути сорӕттӕ. Электростанцӕ арӕзт ӕрцудӕй Уӕрӕсей электрификаций фӕдбӕл Ленини пъланмӕ гӕсгӕ.

Мӕрзойти Сергейи уадзимистӕй беретӕ тӕлмацгонд ӕрцудӕнцӕ уруссаг, гурдзиаг, чувашаг, кӕсгон, Уӕрӕсей ӕма раздӕри Советон Цӕдеси ӕндӕр адӕмихӕттити ӕвзӕгтӕмӕ, уӕдта болгайраг, словакаг, польшаг, немуцаг, англисаг, испайнаг ӕвзӕгтӕмӕ.

Куд искурдиадӕгин финсӕг ӕма курухон хестӕр, уотӕ Мӕрзойти Сергей цӕстуарзонӕй ауодудта фӕсевӕдбӕл, нӕ национ литератури ӕдзӕстхезӕй архайӕг ӕригон фӕлтӕртӕбӕл. Зӕрдиагӕй син агъаз кодта, рӕстуодӕй бӕлдтӕй, цӕмӕй еци зӕрдӕфтауӕн талатӕй уиндгун рӕзӕбӕлӕстӕ рауадайдӕ.

… Мӕрзойти Сергей раги кӕддӕр е ‘мдзӕвгитӕй еуеми уотӕ финста:

 

Кӕд Къоста – нӕ номхӕссӕг,

нӕ зарӕг,

Кӕд Чермен – нӕ фыдӕлты

хъӕсдарӕг,

Кӕд Иссӕ  – нӕ балхонӕг, нӕ

барӕг,

Кӕд Бало – рӕсугъддзийнады

бардуаг…

Аци ӕмдзӕвгӕ хумӕтӕги нӕ ӕримистан – абони ин ӕхе дӕр баргинӕй нимайӕн, нӕ дзиллӕ сӕрустур кӕмӕй ӕнцӕ ӕма ӕности дӕр  сӕрбӕрзонд кӕмӕй уодзӕнӕнцӕ, еци кадгин адӕймӕгути ӕмрӕнгъӕ. Кӕд абони, гъулӕггагӕн, цардӕгас нӕбал ӕй, уӕддӕр ӕ берӕ арфиаг фӕллӕнттӕ ни иронх нӕ ‘нцӕ, нӕ  зӕрдити цӕруй ӕ искурдиадӕгин уадзимистӕй…

Цӕйбӕрцӕбӕл цитгийнаг ӕй Мӕрзойти Сергей нӕ адӕмӕн, е ба бӕлвурд ӕй, нӕ иннӕ номдзуд адӕймӕгутӕ уой туххӕй ци гъудитӕ загътонцӕ, уомӕй дӕр.

 

БОГАЗТИ Умар:

«Мӕрзойти Сергейи исфӕлдистадӕбӕл дзоргӕй, нӕ бон зӕгъун ӕй, зӕгъгӕ, ӕ сӕйраг темӕ ӕй абони цард, ӕ сӕйраг архайӕг – не ’мдогон. Рӕстӕги комуолӕфтӕй исдомбай ӕй ӕ искурдиадӕ. Финсӕги бӕгъатӕртӕ ӕнцӕ, адӕми ’хсӕнӕй ка рацудӕй ӕма сӕ хуарз менеугутӕй хайгин ка ‘й, уӕхӕнттӕ. Аци фарстабӕл дзоргӕй, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, ӕнӕмӕнгӕ цӕстӕ радарун гъӕуй нӕ адӕми хъисмӕтбӕл, нӕ бӕсти ирӕзти надбӕл. Уой туххӕй ба хуарз ӕма лӕмбунӕг зонун гъӕуй евгъуд цард, уомӕн ӕ алли къӕпхӕн ӕма фӕззелӕн дӕр. Сергей историон темӕмӕ ке бавналдта, е ӕй, ка гъӕуй, уӕхӕн гъуддаг. Абони темӕ сӕйраг ӕй. Фал ма мах ӕнӕмӕнгӕ гъӕуй уадзимистӕ евгъуд царди туххӕй дӕр. Зӕгъӕн, Мӕрзойти Сергейӕн ӕ роман «Дзӕбуг ӕмӕ хъӕсдарӕг» кӕд евгъуд царди туххӕй финст ӕй, уӕддӕр ин ӕ медесмӕ гӕсгӕ ес нуриккон ахедундзийнадӕ.

Бӕгъатӕр ӕма рӕстӕг – е ӕй Сергейи исфӕлдистади сӕйраг темӕ, ӕ медес. Ӕ фӕнзуйнаг бӕгъатӕртӕ, ке зӕгъун ӕй гъӕуй, еугурӕйдӕр ӕнцӕ активон, уомӕн ӕма сӕ финсӕг алкӕддӕр ӕвдесуй ӕцӕг царди, хайгин ӕнцӕ цардӕгас адӕймӕгути менеугутӕй. Сӕ еугур дӕр ӕвдист цӕунцӕ фӕллойни медӕгӕ…

…Хуарз цард ӕма ӕнцойнӕдзийнӕдти алкедӕр бафӕраздзӕнӕй. Уоми дессагӕй неци ес. Фал гъӕуама багъӕуаги сахатти, цийфӕнди зин уавӕри ку бахауай, уӕддӕр ӕхсардзийнадӕ равдесай. Уӕхӕн рауӕн исбӕрӕг унцӕ бӕгъатӕри менеугутӕ. Ӕма уӕхӕн уавӕрти ӕвдесуй Мӕрзойти Сергей дӕр ӕ хъайтарти».

 

ХӔДАРЦАТИ Азӕ:

«Мӕрзойти Сергей ӕ царди ӕмбес равардта аййевадон исфӕлдистадӕн. Райдайӕни финста радзурдтӕ ӕма уацаутӕ, фал аци литературон формити арӕнтӕй рахизтӕнцӕ ӕ арф гъуди, ӕ аййев искурдиадӕ. Етӕ сӕхе иссирдтонцӕ романи эпикон итигъдади.

Сергей фӕд-фӕди ниффинста дууӕ романи: «Дзӕбуг ӕмӕ хъӕсдарӕг» ӕма «Къӕхтысӕр». Кӕд сӕ финсӕг кӕрӕдзебӕл нӕ бӕттуй, уӕддӕр цума федар баст ӕнцӕ, уотӕ нӕмӕ кӕсуй.

Фиццаг романи хъайтартӕ ӕрцудӕнцӕ революцион тохмӕ сӕ уӕззау цардбӕл сагъӕс кӕнгӕй, сӕ развӕндаг агоргӕй. Ӕхсарӕ ӕ фиди фӕндӕмӕ гӕсгӕ бацудӕй ахурмӕ сӕ гъӕуи курдон Тохтиймӕ ӕма райста косӕги фиццаг фӕлтӕрддзийнадӕ.

Дзӕбокӕ ӕма хъӕсдаргъ, хъисмӕт ӕма лӕгигъӕдӕ… Дувудон арти содзуй адӕймаг. Гъӕуама дзӕбокӕ ӕма хъӕсдаргъи ‘хсӕн бахседа, гъӕбесӕй хуӕцун фӕраза ӕ хъисмӕти хӕццӕ. Е нӕййес, уӕд – ӕфхуӕрд, дӕлбарӕ, кӕуйнаг. «Хуцауӕн ковӕ, уой нин нӕ фидтӕлтӕ ниууагътонцӕ, фал хуӕнхаг лӕг хъӕбӕрдӕр ӕхецӕй хӕссуй ӕ нифс», – уотӕ ахур кӕнуй Тохти Ӕхсари.

…Ӕхсарӕн ес прототип – Баймӕтати Циппу. Уой туххӕй автор ӕргомӕй финсуй романӕн ӕ фӕсдзурди.

…Революций темӕ еу ӕма дууӕ уадзимисеми не ’ссирдта бунат, фал Сергейи роман «Дзӕбуг ӕмӕ хъӕсдарӕг»-и революций темӕ байеу ӕй рохси теми хӕццӕ ӕма уомӕй исхизтӕй нӕуӕг къӕпхӕнмӕ.

Уӕхӕн хъайтартӕн нӕ адтӕй ниууадзӕн ӕрдӕгнадбӕл, гъома, ӕ бӕллец ку нӕма исӕнхӕст ӕй, еци рауӕн, ӕма 1981 анзи рацудӕй Мӕрзойти Сергейи дуккаг роман «Къӕхтысӕр». Ниффинста ӕй 1978 анзи. Автор ӕй нӕ хонуй ӕ фиццаг романи идарддӕри хай, фал гъуддаг ӕхуӕдӕг ӕхе ӕвдесуй: уинӕн рӕстӕги идарддӕри нивӕнст, сӕйраг хъайтари историон хъисмӕт. Ӕрмӕст нур ӕ ном Ӕхсарӕ нӕбал ӕй. Райста е ’цӕг ном – Баймӕтати Циппу.

…Фиццаг ракъахдзӕфӕй Циппуй сорӕт ӕй хъӕбӕр зӕрдесгӕ. Е кӕддӕриддӕр адӕми дзӕбӕхдзийнадӕбӕл архайуй, гъӕуи, ӕ коми, алкӕд адӕми фарнӕбӕл гъуди кӕнуй…

ДЗАБОЛАТИ Хазби:

 

«…Ӕцӕг финсӕг кӕддӕриддӕр лӕдӕруй, адӕм кӕд алли дӕсниӕдтӕбӕл хуӕст ӕнцӕ, уӕддӕр еу гъуддаг ке кӕнунцӕ ӕма ин еугуремӕй хъазардӕр фӕууй, адӕймаг уоми ци бунат ахӕсса, еунӕг е нӕ, фал гъуддагмӕ ци цӕстӕй кӕсуй, ци зундирахаст ӕма имӕ ци зӕрдиуагӕ ес, уой дӕр.

Еци менеуӕг ирдӕй зиннуй Мӕрзойти Сергейи нӕуӕг киунугӕбӕл дӕр. (Дзубандий цӕуй, «Ирон хӕсмӕ тындзӕн нӕй», зӕгъгӕ, еци киунугӕбӕл. – Ред.)

Адӕймаг, уомӕн ӕ цард ӕма ӕ хъисмӕт, ӕ амондбӕл тох, етӕ ӕнцӕ киунуги сӕйрагдӕр дзубандиаг».

 

 

ХЪОДЗАТИ Ӕхсарӕ:

 

«…Мӕрзойти Сергей хуарз арӕхсуй ӕ хъайтарти меддуйне, сӕ гъудитӕ ӕма психологий фӕззелӕнтӕ ӕвдесунмӕ. Еци менеуӕг ирдӕй зиннуй ӕ радзурдти, уӕдта ӕ уацауи. Ӕ уадзимистӕ еугурӕйдӕр арӕзт ӕнцӕ хумӕтӕг сюжеттӕбӕл… Сергей ӕ архайгути кӕддӕриддӕр нивӕ кӕнуй тӕссаг сахатти, царди ести гъуддӕгутӕ лухгонд ку фӕццӕунцӕ, уӕд. Ӕма алкӕддӕр фӕууӕлахез унцӕ хӕлардзийнадӕ, ӕнӕхийнӕ уодтӕ…

 

Мӕрзойти Сергейи киунугӕ «Ирон хӕсмӕ тындзӕн нӕй» ӕй нӕ нуриккон прози хуарз ӕнтӕстдзийнадӕ, ӕ арф гъудитӕ, ӕ рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ ӕма поэтикон аййевдзийнадӕй ӕлхӕнуй киунугӕкӕсӕги зӕрдӕ».

 

 

МАЛИТИ Васо:

«…Мӕрзой-ти Сергейи ро-

ман «Дзӕбуг ӕмӕ хъӕсда-рӕг»-и цаутӕ хаунцӕ евгъуд ӕноси кӕрони ӕма мах ӕноси фиццаг цуппӕрӕймаг хаймӕ. Уадзимиси архайгути цард ӕнгон баст ӕй политикон ӕма социалон-историон цаути хӕццӕ: къласон тохи хӕццӕ. Е фадуат дӕттуй нӕуӕгдзийнадӕ ӕма фуддзийнадӕн се ’хсӕн ци тох адтӕй, уой равдесунӕн, рохс кӕнуй, киунуги бӕгъатӕртӕ революцимӕ ци зин нӕдтӕ лӕгарстонцӕ, уони.

Тохти Ӕхсарӕ уӕд Донбасси, уӕд Цӕгат Кавкази ӕма Фӕскавкази балӕууй. Е дзӕгъӕли-хумӕтӕги рацо-бацо нӕй, фал агоруй рӕстдзийнадӕ ӕма амонд, ӕ фарни хай. Ӕма ӕй иссирдта социалон цаути, большевикти рӕстдзийнади. Уоми ин байагъаз кодтонцӕ Громов, Туманян ӕма ӕндӕр большевиктӕ. Тохти Ӕхсарӕ бахаудтӕй царди зелдохӕнти ӕма иссирдта заводти, арӕзтӕдти, райгурӕн хуӕнхти косӕг адӕми ‘хсӕн ӕцӕг ӕмбӕлттӕ».