НИФСӔЙ ТУХГИН АДӔМ – УӔЛАХЕЗОН!..
Ӕрӕги Дзӕуӕгигъӕуи Сӕребари фӕзи ци патриотон мадзал «Ӕз – Мах – Уӕрӕсе!» арӕзт ӕрцудӕй, уомӕй Цӕгат Иристони дзиллӕ еузӕрдиуонӕй бавдистонцӕ, нӕ бӕсти Президент Владимир Путини ӕма Донбасси операций архайӕг тугъдонти фарс ке ‘нцӕ, уой.
Аци мадзали архайдтонцӕ фӕллойнӕгӕнгутӕ, ӕхсӕнадон-политикон косгутӕ, уӕлдай ахсгиаг ба е ӕй, ӕма си еузӕрдиуонӕй архайдтонцӕ нӕ республики еугур ахургӕнӕндӕнтти ахурдзаутӕ.
Мадзали райдайӕни радзубанди кодта Цӕгат Иристони Хецауади Сӕрдар Дзанайти Барис. Ӕма загъта:
– Нӕ адӕми фӕрнугади сӕрбӕлтау, еудзийнади фӕрци, мах фӕууӕлахез уодзинан еугур зинтӕбӕл. Абони нӕ минкъий республики фурттӕ тугъдон операций бӕгъатӕрӕй гъӕуай кӕнунцӕ нӕ бӕсти сӕрбӕлтау. Арфӕ син кӕнун, лӕгдзийнадӕ ке ӕвдесунцӕ, уой туххӕй.
Ӕ радзубандий ма уой дӕр загъта, ӕма нӕ зӕрдӕбӕл ке дардзинан, ӕ ихӕс Фидибӕсти размӕ ӕхсаргинӕй ка ӕнхӕст кӕнуй, уони. Ӕмзӕрдӕй бӕллӕн Донбасси ка тох кӕнуй, етӕ еугурӕйдӕр сӕрӕгасӕй сӕ хӕдзӕрттӕбӕл куд исӕмбӕлонцӕ.
Донбасси ӕфсӕддон сӕрмагонд операций архайгӕй, не ‘мзӕнхон ӕфсӕддонтӕй ка фӕммард ӕй, уони рохс нӕмттӕ ӕдзӕмӕй ралӕугӕй ӕримистонцӕ.
Мадзали рӕстӕг ка радзубанди кодта, уони гъуди еу адтӕй:
Уӕрӕсей Федераци сӕрмагонд ӕфсӕддон операци уомӕн райдӕдта, ӕма идарддӕр бухсӕн нӕбал адтӕй, Америки Еугонд Штаттӕ ӕма НАТО сӕ тохӕнгӕрзтӕ Уӕрӕсей арӕнтӕмӕ хӕстӕг ӕрӕвӕрунбӕл ке архайдтонцӕ, уони мӕнгарддзийнади фудӕй Мински нисангонд бадзурдтӕ ӕнхӕстгонд ке нӕ цудӕнцӕ, уомӕн.
Уӕрӕсей Федераций национ ӕдасдзийнадӕн хъӕбӕр тӕссаг иссӕй, ӕма уал анзей дӕргъи уавӕри ӕцӕгдзийнадӕ рӕстзӕрдӕ загъдӕй ка нӕ лӕдӕрдтӕй, уони нихмӕ багъудӕй ӕвӕстеуатӕй сӕрмагонд ӕфсӕддон операций фӕрци архайун, цӕмӕй айдагъ Донбасс нӕ, фал еугур Украинӕ дӕр ервӕзтгонд ӕрцӕуа национализми бӕлӕхтӕй.
Мадзали рӕстӕг ма патриотон зартӕ ракодтонцӕ нӕ республики игъустгонд артисттӕ. Архайдта си «Росгварди»-й сӕрмагонд нисанеуӕги 49-аг бригади оркестр дӕр.