06 октября 2024

НИФСÆН – НИФС ДÆТТУНГЪОН, ТУХÆН – ТУХÆ ÆФТАУНГЪОН!..

28.09.2024 | 20:25

ГÆРЗЕФТОНГ ТУХТИ ЦÆТТÆДЗИЙНАДÆ ГЪÆУАМА БÆРЗОНДÆЙ-БÆРЗОНДДÆР КÆНА

Уомæй Уæрæсей Президент Владимир Путин, аци гъуддаг кæмæй аразгæ ’й, уони байхæсгин кодта, айразмæ видеобастдзийнади фæрци ци æмбурд исаразта, уоми. Архайдта си Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Аци æмбурди дзубанди ба цудæй сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг нæ бæсти Гæрзефтонг Тухти идарддæри ирæзти фарстатæбæл – нуриккон домæнтæн æнхæстæй дзуапп дæттунгъон æма сæ размæ æвæрд ихæстæ æнтæстгинæй æнхæст кæнунгъон куд уонцæ, уомæ гæсгæ ба абони уавæрти алцидæр æнхæстæй аразун гъæуй, цæмæй еудадзугдæр хъаурæгиндæр æма гъомусгиндæр кæнонцæ.

Фембæлд игон кæнгæй, Владимир Путин куд баханхæ кодта, уотемæй нуртæккæ паддзахадæ устур æргом æздахуй æфсад æма флоти техникон æгъдауæй ефтонггонддзийнадæмæ. Сæрмагонд æфсæддон операций фæлтæрддзийнадæ нимайгæй, æфсади еугур къабæзти дæр тохæнгарз æма техникæ тактикон æгъдауæй тухгиндæр кæнунцæ, куст цæуй тохæнгарзи нæуæг хузтæ исаразунбæл.

Еци тугъдон фæлтæрддзийнадæ лæмбунæг æртасунцæ наукон-æртасæн институтти, цæмæй бæлвурддæрæй бæрæггонд æрцæуа, Уæрæсей æфсади гъомус кутемæй фæхъхъаурæгиндæр гæнæн ес, æма уой туххæй ба еци хатдзæгтæмæ гæсгæ сæрмагонд мадзæлттæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ. Уæрæсей Президенти дзубандимæ гæсгæ, нуртæккæ царди уадзунцæ æфсад æма флот комплексон æгъдауæй исефтонг кæнуни программæ. Уой фæдбæл уотæ загъта:

– Уотемæй æфсадмæ хъæртун кæнунцæ нуриккон технологон, нисанмæ арæзт бæрзонд æхсæн фæрæзнитæ, бронетехникæ, авиаци, æфсæддон хæйттæн разамунд дæттуни æма сæ медастæу бастдзийнади, уæдта знаги рауæнтæ иссеруни æма уой батарейти нихмæ тохуни равналæнтæ. Уой дæр еугай хузтæ нæ, фал берæгæйттæ. Æнæмæнгæ, фулдæр æргом æздæхт цæуй æма идарддæр дæр цæудзæнæй æнæтæхæг авиасистемитæмæ. Уонæй пайдагонд цæуй знаги батарейти нихмæ тохи, минитæ агоруни гъуддаги, кæнунцæ кунæггæнæн куст. Еци фарстатæмæ лæмбунæгдæр каст æрцæудзæнæй Тугъдон-промышленнон къамиси иннæ æмбурди.

Бæсти разамонæг ма куд загъта, уотемæй тохæнгарзæй ахедгæ хузи испайда кæнунæн гъæунцæ хъæбæр дæсни экипажтæ æма къуæрттæ, уонæй испайда кæнунæн багъæудзæнæй Гæрзефтонг Тухти цæттæдзийнадæ:

– Аци рауæн гъæуама испайда кæнæн еугур фадуæттæй, æфсади рæнгъитæмæ фæдздзурди размæ исуйнаг æфсæддонти рагацау кæми фæццæттæ кæнунцæ, еци тренажерти базитæй, уæлдæр æфсæддон ахургæнæндæнттæй, ахурадон-методикон центртæй æма полигонтæй. Гъæуама уобæл косæн æмхузонæй – бæстæ гъæуайгæнæн ведомствæ, Уæрæсей разамунд, регионтæ.

Æмбурди ци дзубанди рауадæй, уой хатдзæгтæмæ гæсгæ федералон æма регионалон разамунди размæ æвæрд æрцудæнцæ Гæрзефтонг Тухтæмæ хуарз цæттæгонд æфсæддонтæ æрветуни фæдбæл бæлвурд ихæстæ.

Аци хабæрттæ нин фегъосун кодта Цæгат Иристони Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ.

 

УÆРÆСЕЙ ÆФСАДИ БÆРЦÆ ФÆФФУЛДÆР УОДЗÆНÆЙ

Уæрæсей æфсад рæхги дзæвгарæ фæффулдæр уодзæнæй æма æ бæрцæмæ гæсгæ дуйней иннæ паддзахæдти æфсæдти хæццæ рабаргæй байахæсдзæнæй дуккаг бунат.

Уæрæсей Президент Владимир Путин æрæги бафинста бардзурд, нæ бæсти Гæрзефтонг Тухти рæнгъити ка гъæуама службæ кæна, уони нимæдзæ фæффулдæр кæнуни туххæй. Аци анзи декабрæй фæстæмæ, æфсæддон уагдонади федаргонд фæткæмæ гæсгæ ка уодзæнæй, уони нимæдзæ исирæздзæнæй 2 миллиони æма 185 мин адæймагей уæнгæ, уонæй ба 1,5 миллиони уодзæнæнцæ æфсæддон службæгæнгутæ.

Амæй размæ ма Уæрæсей Гæрзефтонг Тухти рæнгъити архайгути нимæдзæ æййивд æрцудæй 2023 анзи. Уæд сæ еумæйаг бæрцæ хъæрттæй 2 209 130 адæймагей уæнгæ, уони хæццæ ба 1 320 000 адтæнцæ æфсæддон службæгæнгутæ.

Уотемæй зумæг ралæууни размæ уæрæсейаг æфсæддон службæгæнгути бæрцæбæл бафтуйдзæнæй 180 мин адæймаги.

Статистикон бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, нуртæккæ æфсæддон службæгæнгути бæрцæмæ гæсгæ раззаг бунæттæ ахæссунцæ Китай (2 миллиони 350 мин адæймаги), Инди (1 миллион 445 мини) æма Америки Еугонд Штаттæ (1 миллион 328 мини). Цубур дзурдæй, Уæрæсе æ фæсте фæууадздзæнæй Инди æма Америки Еугонд Штатти.

Уæрæсей гъæуайкæнуйнади Министради куд зæгъунцæ, уомæ гæсгæ не ’фсæддон службæгæнгути нимæдзæ фулдæргонд цæуй, НАТО æма æ хъозæнтти знаггадæхæссæг архайд карзæй-карздæр ке кæнуй, уой туххæй.

Уæрæсей Гæрзефтонг Тухти рæнгъити æфсæддонти нимæдзæ фулдæргонд цæудзæнæй усмæгай, бадзурдтæ ка аразуй (гъома, барвæндонæй контракт ка бафинса), уони фæрци.