НОМДЗУД БИЛАРИ ЦИТГИН НОМИ АККАГ ÆНЦÆ
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг ТУЙГЪАНТИ Ларисæ си сæрдареуæг кодта, уотемæй адтæй, Хъæбæлоти Билари номбæл, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Хецауади сæрмагонд паддзахадон стипенди райсуни фæдбæл, кандидатти æвзаруни экспертон къамиси æмбурд. Æргом гъæлæс кæнуни мадзали бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, æвзурст æрцудæнцæ 10 лауреати.
Аци анз уæлдæр амунд стипенди райсунмæ курдиадитæ балæвардтонцæ, паддзахадон ахурадон организацити 46 кандидати. Уонæй 43, Уæрæсей институтти бонигон ахури студенттæ, иннетæ ба астæуккаг профессион ахуради организацити ахурдзаутæ.
Номхигъди ’нцæ, уæлдæр æма астæуккаг ахуради фæсевæди хуæздæртæ: наукон-æртасæн, исфæлдистадон архайди сæрмагонд дипломтæ, сертификаттæ, кади гæгъæдитæй хуарзæнхæгонд, олимпиадитæ, фестивалтæ, Еугурадæмон æма Еугуруæрæсеуон конкурсти уæлахездзаутæ. Федæни дохтиртæ, ахургæнгутæ, инженертæ, агрономтæ, музыканттæ, ахургæндтæ æма хумæтæг фæллойнæгæнгутæ.
Экспертон къамис, нæ республики Хецауади æма Парламенти иуонгтæ, наукæ æма бизнеси æмæхсæнади минæвæрттæ исфедар кодтонцæ хуæздæр студенттæ æма ахурдзаути номхигъд. Уотемæй, уæлдæр ахуради лауреаттæ иссæнцæ:
Цæгат Иристони медицинон академий студенттæ: Абайти Кристинæ æма Уанити Ибрагим;
Саратови, Н.Г. Чернышевскийи номбæл националон-æртасæн университети аспирант Багати Ибрагим;
Цæгат Кавкази федералон университети студент Юрий Дейч;
Цæгат Кавкази хуæнхон-металлургон университети студенттæ: Вячеслав Донченко æма Екатеринæ Лопушняк;
Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл университети студенткæ Саламати Аланæ, Гнесинти номбæл музыки уæрæсейаг академий студент Тедети Азæмæт æма Хуæнхон аграрон университети студент Туати Алан.
Профессион ахурадон организацити хуæздæрбæл ба нимад æрцудæй:
Дзæуæгигъæуи 5-аг училищей ахурдзау Черчести Дзерассæ.
Еугур стипендианттæ дæр анзи дæргъи есдзæнæнцæ, сæ сæйраг стипендимæ ма уæлæнхасæн 10 мин соми алли мæйæ дæр. Æхцай фæрæзнитæ фист цæудзæнæнцæ республики бюджетæй.
Хъæбæлоти Билари номбæл нæ республики Хецауади сæрмагонд паддзахадон стипенди федаргонд æрцудæй 2017 анзи, зундгонд паддзахадон архайæги ном исæносон кæнуни æма ахури надбæл лæуд фæсевæдæн, студенттæн сæ интеллектуалон æма исфæлдистадон ирæзтæн фæййагъаз кæнуни мадзæлттæ аразуни нисантæн. Алли анз дæр бæрæггонд цæуй 10 лауреатти.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади пресс-службæ