27 декабря 2024

НОМГÆНÆГ АДÆМ ÆНЦÆ – НОМДЗУД ЛÆГ ДЗИЛЛÆН ÆЙ!..

12.10.2024 | 20:18

Цæгат Иристони адæмон поэт Хъодзати Æхсармæ (1937-2021) алæмæти бæрзонд цæстиварди адтæй Хетæгкати Къостай исфæлдистадæ, берæ зæрдæмæгъаргæ уадзимистæ ин иснивонд кодта. Мадта æ кустмæ цæугæй дæр æ над ракæнидæ, Къостайæн Сабурдзийнади проспекти аллейи æ номхæссæг паркмæ бацæуæни комкоммæ ци циртдзæвæн æвæрд æй, уобæлти. Дзæвгарæ рæстæг æ рази фæллæууидæ, æвæдзи, ин фæдздзоридæ нæ адæми сагъæссаг хабæртти фæдбæл æ зæгъуйнæгтæ. Ка ’й зонуй, уæхæн меддзубандитæй кæддæр равзурдæй Æхсари мæнæ аци æмдзæвгæ «Соскъиты Владимиры скульптурон куыст «Къоста»-йы цур бадгæйæ» дæр:

 

Мæхи Къоста, æрбадтæн та дæ цуры.

Уæдæ цы фæуон – иунæг дæн дæуау.

Фæфæнды мæ мæ риссæгтæ фæдзурын,

фæлæ кæмæн? Куы мын айста Хуыцау

 

мæ хорз æмгæртты. Нæй фæхæцæ, хион.

Æгъдауæй, фарнæй бавдæлон нæ зæхх.

Хæлæг æмæ хæлæфы дуг у. Исбон –

сæрфаты бæсты. Сафы нæ Фыдæх.

 

Нæ Ирыстонæй ривæддон ыскодтой

бынхор бындартæ, нал сын ис æфсис…

Зæриндзых поэт, азар-ма мын «Додой»,

æз бахъырнон… Бæрзонддæр ма йæ сис…

 

Хумæтæги нæ æримистан Хъодзати Æхсари аци æмдзæвгæ. Рæхги, 15 октябри, Къостай райгурдбæл исæнхæст уодзæнæй фондз æма астинсæй анзи (1859-1906). Уой фæдбæл берæ аллихузон мадзæлттæ арæзт куд не ’рцæудзæнæй, берæ аллихузон рæсугъд дзубандитæ Къостай æма æ хъазауатондзийнади туххæй. Етæ дæр, æвæдзи, еуцæйбæрцæдæр гъæунцæ, фал растдæр е уодзæнæй, æма ни алкедæр ку расагъæс кæнидæ, цæйбæрцæбæл рæстуодæй æнхæст кæнæн Къостай фæдзæхститæ, цæйбæрцæбæл фæнзæн нæ адæми амонди сæрбæлтау хъиамæт кæнунæй.

Мах ба абони Къостай номерæнæн нæ газети мухур кæнæн хецæн æрмæгутæ.