«НУР БА НÆ ИХÆС ÆЙ АДÆМИ ЕРВÆЗУН КÆНУН…»
Беслæни фудбæлахи амæттæгти имисуни туххæй арæзт мадзæлтти рæстæг Беслæни фиццаг скъолай тургъи, 2004 анзи фиццаг сентябри террористтæ уордæмæ ку балæбурдтонцæ, уæд амæнати ци адæми райстонцæ, уони кумæ батардтонцæ æма æртиккаг сентябри ци æвуд 334 адæймаги бастъалдæй, еци спортивон зали тæккæ комкоммæ æвæрд æрцудæй италийаг скульптор Ренцо Вандий конд скульптурæ «Беслæни гъæр». Аци скульптурæ ’й, Ренцо Ванди ке исфæлгонц кодта æма 2006 анзи италийаг сахар Сан-Мариной æвæрд ка ’рцудæй, еци скульптурæ «Æгуппæг гъæр»-и æмхалдех. Аци циртдзæвæн байгон кæнуни фæдбæл мадзали архайунмæ æ исфæлдесæг æхуæдæг дæр Италийæй æрбацудæй Иристонмæ сæрмагонд делегацийæй – æ хæццæ ма си адтæнцæ игъустгонд флейтисткæ Моника Морони æма Хонсар Иристони фæсарæйнаг гъуддæгути сæрмагонд минæвар Италий Мауро Мураджа.
Ренцо Ванди æхуæдæг куд радзурдта, уотемæй æ исконд скульптури халдех Иристони адæмæн балæвар кæнуни гъуди имæ æрцудæй, Беслæни фудбæлахи æрцудбæл инсæй анзи ке æнхæст кæнуй, уомæ гæсгæ.
– Æнæгъæнæ дуйней дзиллитæ зæрдæскъуд фæцæнцæ еци æверхъау цаути фæсте, – зæгъуй Ренцо Ванди.
Скульптори эскизтæ æхемæ байзадæнцæ æма сæ Уæрæсебæл исæмбæлун кодтонцæ, уордигæй ба Цæгат Иристонбæл. Ами ба Зæнгиати Таймурази æрмадзи арæзт æрцудæй еци циртдзæвæн.
Скульптури сорæт фæлгонцгонд æрцудæй бæлвурд биццеуи къарæмæ гæсгæ – 2024 анзи скъолай ци æверхъау цау æрцудæй, уоми ка бахаудтæй æма си цардæгасæй ка райервазтæй, уонæй еу адтæй авданздзуд Георгий Ильин. Æрдæгбæгънæг биццеу цъæхахст кæнгæй уæди зиндонæй куд райервазтæй, уотемæй ин исистонцæ æ къарæ. Æнгъæлдæн, абони дæр бæрæг нæма ’й къаресæги ном, фал къарæ ба берæ бæстити газетти фæрстæбæл æрцудæй мухургонд. Берæ адæм æй фæууидтонцæ. Уодаист тарст биццеуи къарæ фæууидта Ренцо Ванди дæр æма имæ уотемæй уайтæккæдæр фæззиндтæй уой сорæт бронзи исфæлгонц кæнун. Автор куд зæгъуй, уомæ гæсгæ скульптурæ ку исаразта, уæд æй гъавта Беслæнæн балæвар кæнун, фал ин Сан-Мариной сахари разамунд балигъстæ кодтонцæ, цæмæй æй уоми исæвардтайуонцæ.
– Мах гъæуама нæ зæрдитæбæл дарæн, ци ’рцудæй, уой, уомæн æма, гъулæггагæн, зæнхи цъарæбæл берæ бæстихæйтти цæргутæ лæдæргæ нæ, фал гъуди дæр нæ ракæнунцæ, дуйней иннæ кæрони ци фудбæлæхтæ цæуй, уой, – зæгъуй скульптор. Ку зæгъæн, е æхуæдæг дæр архайдта, Беслæни ци имисæн мадзæлттæ арæзт æрцудæй, уонæми.
Адæм цæунцæ скъоламæ, хæссунцæ деденгутæ, сувæллæнтти къарти рази иссодзунцæ мудадзин цирæгътæ. Зæрдæскъудтæ фæцæнцæ италийаг делегаций иуонгтæ, Беслæни ци фудбæлах æрцудæй, уони комкоммæ базонгæй æма фæууингæй.
– Еу гъуддаг æй, идардæй хабæрттæмæ кæсун, – æндæр хабар ба ’й, еци фудбæлахи ке сувæллæнттæ бацарæфтуд æнцæ, еци мадтæлти размæ балæуун, ратæфирфæс син кæнун, дæ хъури никкæнун, сæ хæццæ æмхъонцгæнæг ун, – зæгъуй Ренцо Ванди.
Устур аргъ искодта Ванди, æ скульптури халдех исаразæг уæрæсейаг скульптортæн. Куд загъта, уотемæй еци халдех æ оригиналæй æгириддæр нецæмæй хецæн кæнуй. Скульптор æхуæдæг æргомæй уой дæр зæгъуй, æ куст биццеуи къарæмæ гæсгæ ке исаразта, уæдта Георгий Ильини хæццæ дæр комкоммæ ке базонгæ ’й.
Георгий Ильин æхуæдæг дæр кæд æма имисæн бонти мадзæлтти архайдта, уæддæр скульптурæ игон кæнуни рæстæги ба уордæмæ нæ бацудæй, еуварс лæудтæй æма уордигæй кастæй. Уомæй æй, æвæдзи, балæдæрун æнгъезуй… Нæкæси, Георгий абони косуй Беслæни сæйгæдони реаниматологæй.
– Еци фудбæлахи ка бахаудтæй æма ма си уодæгасæй ка райервазтæй, уонæн нур сæхе ихæс æй адæми гъæуай кæнун, багъæуаги ба сæ ервæзун кæнун, – загъта Георгий Ильин.
ГИБИЗТИ Регинæ