19 апреля 2024

ПЛИТЫ ИССӔЙЫ ФЫД АЛЫКСАНДРЫ ХЪЫСМӔТ

21.08.2021 | 09:54

Ирыстоны дыууæ номдзыд лæджы, ПЛИТЫ Иссæ æмæ ХЪÆБÆЛОТЫ Билар рæстудæй тынг æнувыд уыдысты кæрæдзийыл.

Ӕртинсӕй анзей размӕ, 1961 анзи 5 августи партий Цӕгат Иристони обкоми фиццаг секретарӕй ӕвзурст ӕрцудӕй Хъӕбӕлоти Емӕзай фурт Билар ӕма еци бӕрнон бунати хъазауатонӕй фӕккуста сауӕнгӕ 1982 анзи уӕнгӕ. Уой фӕдбӕл ӕрмӕгутӕ ӕрӕги ку ниммухур кодтан, уӕд нӕмӕ нӕ газеткӕсгутӕй беретӕ ӕрбадзурдтонцӕ, арфӕ нин кодтонцӕ, ӕгайтима еци разагъди лӕги рохс ном ӕма арфиаг гъуддӕгути цитгин кӕнӕн, курдтонцӕ, цӕмӕй уӕхӕн ӕрмӕгутӕ фулдӕр мухур кӕнӕн. Адтӕй ма си уӕхӕн курдиадӕ дӕр: Хъӕбӕлоти Билар ӕма Плити Иссӕ хъӕбӕр хӕларӕй фӕццардӕнцӕ, кӕрӕдзебӕл ӕхцул адтӕнцӕ, ӕма, дан, хуарз уидӕ уой туххӕй дӕр ниффинсун. Раст зӕгъгӕй, уой туххӕй ма кӕддӕр финстан, фал еугӕр Плийи-фурти дӕр ӕримистонцӕ, уӕд мухур кӕнӕн еума ӕрмӕгутӕ – ӕ фидӕ Александр ӕма Иссӕн ӕхе туххӕй цубур ӕрмӕгутӕ.

 

Алы кӕмттӕй ралидзгӕйӕ, адӕм 1844 азы, ӕрцардысты Бӕтӕхъойыхъӕуы. Паддзах сын зӕххытӕ радта, цӕмӕй Мӕздӕгӕй Дзӕуджыхъӕумӕ фӕндаг ӕддагон ӕрбабырстытӕй хъахъхъӕной. Нӕ фыдӕлтӕ, Хъайтыхътӕ, Дзугкойтӕ ӕмӕ Созайтӕ, уыцы заман ралыгъдысты Ходы хъӕуӕй, Бӕтӕхъойыхъӕуы сӕхицӕн бынат ссардтой. Сӕхи схуыдтой Ход, цӕмӕй сӕ, кӕцӕй ралыгъдысты, уый рох ма уа.

Сӕ царды уавӕртӕ ӕнцон нӕ уыдысты, кусын дӕр хъуыд, фыдгӕнджыты ныхмӕ хӕцын дӕр. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, сӕ хъатаратӕ ӕдзухдӕр уыдысты семӕ. Фӕсивӕд рӕзыдысты хъӕбатыр, ӕргомныхас, кадмӕ тырнгӕйӕ. Ныхас фӕсайын худинаг уыд. Хъӕуӕй рацыд бирӕ номдзыд лӕгтӕ: паддзахы ӕфсады инӕлар Бигъаты Сослӕнбег, Плиты Иссӕ, Ходы Къоста, Бзарты Георги, Къубалты Алыксандр, Ходы Камал, Андиаты Сослан, Уататы Бибо ӕмӕ ӕндӕртӕ.

XIX ӕнусы райдайӕны ирон фӕсивӕд кусынмӕ цыдысты Америкӕмӕ. Хъӕуӕй дӕр бирӕтӕ афтыдысты уырдӕм. Плиты Иссӕйы фыд Алыксандр дӕр уыд семӕ. Мӕ фыды хойы лӕг мын радзырдта ацы хабар, Хъозатӕй уыд, йӕ ном Агыса, фӕцард 97 азы. Мӕ зӕрдыл йӕ мысинӕгтӕ бадардтон, ӕмӕ уын ӕй радзурон…

ПЛИТЫ Аминæт йæ фырт Иссæ æмæ йæ чызг Хадизæтимæ.

Иу бон Хъозаты Агыса лӕууы уынджы, хъӕуы лӕппутимӕ, сӕ рӕзты диссаджы рӕсугъд чызг донмӕ рацыд. Уый уыдис Ходы Бибойы чызг Зӕдукка (мӕ фыды хо). Агыса йӕ фӕстӕ кӕсгӕйӕ баззад, лӕппутӕ йӕ фӕрсынц, дӕ зӕрдӕмӕ, дам, цӕуы… Бӕргӕ, зӕгъгӕ, сдзырдта Хъозайы-фырт. Ракур ӕй, йӕм дзурынц. Уыдон, дам, хъӕздыг сты, дукани дӕр сӕм ис, ӕз та мӕгуыр, – сдзырдта Агыса. Цӕй, ӕмӕ йӕ аскъӕфӕм, дӕ уынд, дӕ конд – дзӕбӕх, – афӕнд кодтой лӕппутӕ…

Агыса дӕр сразы. Уыцы ‘хсӕв бӕхты къӕхтыл стыхтой нымӕты гӕбӕзтӕ, цӕмӕй сӕ хъӕр ма хъуыса, уый тыххӕй, сабыргай хӕдзармӕ бацыдысты. Мады дӕлфӕдтӕй Зӕдуккайы райстой, нымӕты йӕ атыхтой ӕмӕ афардӕг сты. Райсомӕй фӕдисы фесты, кӕм ис, Зӕдукка, зӕгъгӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ рахъӕр, Хъозаты Агыса йӕ аскъӕфта, зӕгъгӕ.

Мад, Госӕма, загъта, уыцы лӕппу мӕм ӕрбацӕуӕд, ныхас мӕм ис (уӕдмӕ Бибо ӕгас нал уыд). Хъозаты лӕппу йӕм фӕзынд, Госӕма йын афтӕ: «Цы ӕрцыд, уый ӕрцыд. Чызг аскъӕфын диссаг нӕу, фӕлӕ ма йӕ хӕссын дӕр хъӕудзӕн! Цӕмӕй дӕ цард саразай, уый тыххӕй Америкӕмӕ ацу, уым кусы Плиты Алыксандр. Ссар ӕй, ӕхца бакус, чызджы та ардӕм рахон. Куырдуаты дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсдзӕн. Уый фӕстӕ йӕ ӕгъдауимӕ ахӕсдзынӕ».

ПЛИТЫ Аминæт æмæ йæ фырт Кириллы цыртытæ æмвæрстæ сты Дзæуджыхъæуы уæлмæрдтæй иуы.

Агыса дӕр ницыуал загъта, Плиты Алыксандр хӕдзармӕ цы фыстӕг сӕрвыста, уый райста. Уыдис дзы йӕ адрис фыст. Ӕфсӕнвӕндагыл Германмӕ бахӕццӕ, уырдыгӕй сбадт науыл ӕмӕ денджызы аленк кодта. Америкӕмӕ бахӕццӕ, пъисмомӕ гӕсгӕ ссардта Плиты Алыксандры. Диссаг у, уыцы балцы цӕугӕйӕ Агыса ӕрмӕстдӕр ирон ӕвзаг зыдта.

Уыцы заман ӕнахуыргонд лӕгӕн цавӕр куыст радтаиккой? Саукуыст, белӕй зӕхх къахтой. Куыд дзырдта, афтӕмӕй тынг арф къахтой, ӕхсӕз метры йӕ арф ӕмӕ йӕ уӕрх.

Стыр дурыл-иу куы сӕмбӕлдысты, уӕд-иу ӕй кусджытӕ егъау бырауӕй бахуынчъытӕ кодтой, америкаг-иу йӕ алы хуынчъы дӕр динамит бавӕрдта. Кусджытӕ-иу сыджыты аууон ӕрхуыссыдысты, америкаг та динамит рӕмыгъта. Стӕй-иу бар радта дарддӕр кусынӕн. Иу ӕнӕхайыры бон, америкаг, рӕмыгъдтытӕ нымайгӕйӕ, фӕрӕдыдис, раздӕр радта кусыны бар. Ӕнӕзивӕг ӕмӕ рӕвдз лӕппу Плиты Алыксандр се ‘ппӕтӕй раздӕр ныггӕпп кодта дзыхъмӕ, дур срӕмыгъта ӕмӕ дӕ фыдгул, афтӕ… Лӕг дзыхъмард фӕцис. Ирон фӕсивӕдӕн сӕ хуыздӕр йӕ мӕлӕт кӕйдӕр хӕлиудзыхы тыххӕй ссардта. Мард Ирыстонмӕ ласын нӕ бауагътой, ӕмӕ йӕ уым, уӕлмӕрдты баныгӕдтой.

Хъозаты Агыса ма цасдӕр рӕстӕг бакуыста, 1914 азы нӕхимӕ рацыд. Куыддӕр Уӕрӕсемӕ ӕрбахӕццӕ, афтӕ Фыццаг дунеон хӕст райдыдта. Хъӕумӕ куы схӕццӕ, уӕд хӕдзармӕ базылд, дыууӕ галы ӕд уӕрдон балхӕдта, ӕгъдауӕй рӕсугъд Зӕдуккайы ӕрхаста. Рӕстӕг змӕст уыд, Ирыстоны адӕм бирӕ фыдӕбӕттӕ федтой, уӕлдайдӕр та Бӕтӕхъойыхъӕуы цӕрджытӕ. Мӕхъхъӕл сыл гадзрахатӕй цыдысты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын сыгътой. Фӕлӕ Плиты Апыксандры бинонты сыгъзӕрин Уастырджи йӕ рахиз базыры бын бакодта.

Плиты Алыксандр архайдта йӕ бинонты фӕдарыныл, куыста фӕсарӕнты, дуркъахӕнты фӕмард. Кӕд Иссӕ гыццыл уыд, уӕддӕр йӕхи хъаруйӕ сахуыр кодта, ссис ӕфсӕддон. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты йӕхи хъӕбатыр ӕмӕ хъайтар инӕларӕй равдыста, ирон адӕм ыл кады зарӕг скодтой. Йӕ ном айхъуыст дунейыл. Уыдӕттӕ, тӕхуды, йӕхи цӕстӕй куы федтаид, мӕгуырӕг, Плиты Алыксандр.

ХОДЫ Къола,

Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостай номыл премий лауреат.

 

РЕДАКЦИЙӔЙ.

Плити Александри бийнонтӕ еци ӕверхъау цауи фудӕй ӕнӕ фидӕй ке райзадӕнцӕ, е сӕ хъӕбӕр уӕззау уавӕрти багӕлста. Фал еугур зиндзийнӕдтӕ ӕма нӕхъӕртондзийнӕдтӕн дӕр бафӕразтонцӕ. Сӕ мадӕ Аминӕт уоййасӕбӕл хъаурӕгин разиндтӕй уодӕй дӕр ӕма зундӕй дӕр, ӕма ӕ цӕуӕти царди раст надӕй фӕккеун нӕ бауагъта, исгъомбӕл сӕ кодта ӕма адӕми ‘хсӕн федауцӕй сӕ царди гъуддӕгутӕ ӕнхӕст кодтонцӕ.

Сӕ бийнонтӕ ци берӕ зиндзийнӕдтӕ ӕма гъезӕмӕрттӕ бавзурстонцӕ, уой Иссӕ ӕ царди фӕстаг бӕнтти уӕнгӕ дӕр ӕ зӕрдӕбӕл, ӕвӕдзи, дардта.  Ӕма уомӕ гӕсгӕ ба уӕлдай лӕмбунӕгӕй ауодудта, тухст уавӕри ка бахауидӕ ӕма ӕ агъаз ке багъӕуидӕ, уонӕн.

Уогӕ еци хабӕрттӕ нӕ дзиллӕн, махмӕ гӕсгӕ, хуарз зундгонд ӕнцӕ. Уӕдта ма уотӕ дӕр ӕнгъӕл ан, ӕма син цӕмӕдессаг уодзӕнӕй, мӕнӕ идарддӕр ци ӕрмӕг мухур кӕнӕн – фӕллойни ветеран ӕма финсӕг ЗАКАТИ Александри фурт Алексейи имисуйнӕгтӕ Плити Исси хӕццӕ фембӕлди туххӕй – е дӕр.