06 декабря 2024

ПОЭТ ӔМА СКУЛЬПТОР

23.01.2021 | 11:12

Аци къарӕмӕ кӕсгӕй адӕймаг куд нӕ расагъӕс кӕндзӕнӕй: Хетӕгкати Къостайӕн аци циртдзӕвӕн исаразӕг номдзуд скульптор Соскъити Владимир ӕ рази дзоццӕги ӕрбадгӕй, цума ӕ медсагъӕсти ин ци дзоруй…

Ӕвӕдзи зӕгъуй: «Нӕ цитгин Къоста, дӕ рӕстуодӕй ниххатир кӕнӕ, дӕ аци циртдзӕвӕни нихмӕ дзӕнгӕда ка цӕгъдуй, уонӕн… Нӕ ‘й лӕдӕрунцӕ, цитӕ кӕнунцӕ ӕма сӕ дзубандитӕй ци тӕрегъӕдтӕ хӕссунцӕ, уой… Нӕ лӕдӕрунцӕ дӕ ӕма сӕ сагъӕсти кӕрони дӕр нӕй, дӕ карнӕ цӕйбӕрцӕбӕл гъезӕмайраг рауадӕй, уой… Ӕма кӕд естӕбӕл тухсунцӕ, уӕд айдагъдӕр уобӕл, цӕмӕй дӕ цитгийнаг номи фӕрци сӕхе кой дӕр райгъуса… Мӕн ба фӕндадтӕй, цӕмӕй бӕлвурдӕй разинна дӕ зӕрдрист, адӕми хуарздзийнадӕбӕл уодуӕлдайӕй архайгӕй цӕйбӕрцӕбӕл ӕнӕрайдзаст рауадӕнцӕ дӕхе царди хабӕрттӕ…»

Нӕ зонӕн, Соскъий-фурт ӕ медсагъӕсти уотӕ гъуди кодта ӕви нӕ, уой. Фал бӕлвурдӕй нӕ бон ӕй уой зӕгъун, ӕма Къостайӕн ци циртдзӕвӕн исаразта, уоми ин алӕмӕти ӕцӕгдзийнадӕй бавдиста ӕ сорӕт. Уомӕй нӕ хӕццӕ исарази уодзӕнӕнцӕ Къостай ӕцӕгӕй ка уарзуй, ӕ карнӕ циуавӕр рауадӕй, уой ӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг ка есуй, ӕцӕг аййевадӕ лӕдӕрунгъон ка ‘й, етӕ.

Мах ба ма абони уой зӕгъуйнаг ан, ӕма, ӕнӕгъӕнӕ дуйней дӕр агъазиау кадӕгонд кӕмӕн цӕуй, нӕ еци номдзуд скульптор Соскъити Бариси фурт Владимирбӕл ӕрӕги, 14 январи исӕнхӕст ӕй цуппаринсӕй анзи.

Зӕрдиагӕй дин арфӕ кӕнӕн, Владимир, ӕнӕнездзийнадӕ ӕма дӕ царди хабӕртти райдзастдзийнадӕй зӕрдрохс уо!