ПОЭТИ НОМБÆЛ ПРЕМИЙ АККАГ КА ИСУОДЗÆНÆЙ…
Номдзуд поэт Хъамбердиати Мисости номбæл паддзахадон премий фæдбæл къамис игъосун кæнуй, 2021 анзи литератури къабази преми иснисан кæнуни туххæй уадзимистæ есун ке райдæдта, е.
Паддзахадон преми лæвæрд цæуй æртæ номинаций («прозæ», «поэзи» æма «драматурги»), 35 анзи кæбæл нæма исæнхæст æй, аллихузон литературон уадзимисти еци автортæн. Уадзимисти гъæуама лæмбунæг æргомгонд æрцæуонцæ уодварни гъомус æма патриотизми темитæ. Æркæсунмæ ист цæунцæ ирон æма уруссаг æвзæгтæбæл 2019-2020 æнзти финст æрмæгутæ.
Гæгъæдитæ бадæттæн ес 2021 анзи 1 майи уæнгæ уæхæн адресбæл: Дзæуæгигъæу, Сæребари фæзæ,1, хецауади Хæдзарæ, 337-аг кабинет, тел.: 53-33-94. Еугур гæгъæдитæ дæр бацæттæ кæнун æнгъезуй Хъамбердиати Мисости номбæл паддзахадон премий туххæй уагæвæрди (федаргонд æрцудæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги 86-аг Указæй 2013 анзи 1 апърели) бундорбæл.
Лæмбунæгдæр æрмæг базонæн ес Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Культури министради сайти: http:/ mk/alania/gov.ru/news /2436.