19 апреля 2024

ПРОЕКТ «БӔГЪАТӔРИ ГЪӔУНГӔ» ПРЕЗИДЕНТ БАНИМАДТА ХУАРЗБӔЛ

17.03.2021 | 09:54

Уӕрӕсей президент Владимир Путин Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронти хъӕппӕресгин проект «Бӕгъатӕри гъӕунгӕ»-ӕй хъӕбӕр арази ӕй.

Устур Фидибӕстон тугъди ветеран кӕми райгурдӕй, кенӕ кӕми цардӕй ӕма фӕллойнӕ кодта, ӕ ном ин еци сахари ӕхсӕнадон бунатӕн цӕмӕй раттонцӕ, уой туххӕй бӕгъатӕри адзали бонӕй цӕйбӕрцӕ рӕстӕг гъӕуама  рацӕуа, паддзахади разамонӕг муниципалитеттӕн бахаста еци ӕмгъуд исбӕрӕг кӕнуни фӕндон (еугуруӕрӕсеуон агъази акци «МахЕумӕ»-бӕл анз ке исӕнхӕст ӕй, уой кадӕн арӕзт ӕмбурди рӕстӕг Адӕмон фронти цӕгатиристойнаг штаби ӕмсӕрдар, уӕзгъос адӕми ӕхсӕнадон организаци «Мурти дуйне»-й разамонӕг, «МахЕумӕ»-йи бархеуон Роман Кудренко бӕсти Президентмӕ амунд курдиади хӕццӕ бахадта).

– Устур Фидибӕстон тугъди 75 анзей юбилейи кадӕн Адӕмон фронт берӕ дзиллон мадзӕлттӕ исаразта тугъди ветеранти кадӕн. Проект «Исӕнхӕст кӕнӕ бӕллец» ӕнхӕст кӕнгӕй, ветерантӕн хуайраг баластан ӕма син ӕндӕр уагӕй дӕр фӕййагъаз кодтан. Куд рабӕрӕг ӕй, уотемӕй нӕмӕ ес ӕнӕном гъӕунгтӕ. Зӕгъӕн, Фӕндзӕймаг ханхӕ, Ӕвдӕймаг ханхӕ, уотемӕй ба нӕмӕ ес берӕ бӕгъатӕртӕ. Бахастан Устур Фидибӕстон Бӕгъатӕрти ветеранти нӕмттӕ ӕхсӕнадон бунӕттӕн нӕуӕгӕй  дӕттун райдайуни фӕндон,– загъта Роман Кудренко.

Сахар Воронежи гъæунгтæй еу хæссуй дурдуйраг номдзуд тугъдон ДЗОТТИ Лазæри ном – е бæгъатæрæй фæммард æй аци сахари алфамбулай немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тугъдтити.

Нури уӕнгӕ Адӕмон фронти активистти ӕма муниципалон хецауӕдти ӕмархайди фӕрци регионти 150 сахайраг ӕхсӕнадон бунатемӕй фулдӕремӕн равардтонцӕ бӕгъатӕрти нӕмттӕ, фал еуӕй-еу муниципалитетти барадон нормитӕмӕ гӕсгӕ, адӕймаги ном сахайраг ӕхсӕнадон бунатӕн цалинмӕ раттонцӕ, уӕдмӕ аци адӕймаги адзали бонӕй гъӕуама рацӕуа бӕлвурд ӕмгъуд (ахид цӕрӕнбунати цӕргутӕ Адӕмон фронтмӕ курдиадӕ ке туххӕй барветунцӕ, амунд ӕууӕли анхосӕй еци фӕндон зинтӕй ӕнхӕстгонд ӕрцӕуй).

– Еугуруӕрӕсеуон адӕмон фронт бахаста хъӕбӕр хуарз фӕндон. Уӕлахези фӕрци  нӕ адӕмихатт, нӕ паддзахадӕдзийнадӕ багъӕуай кодта, ес нин цӕруни ӕма кӕстӕрти гъомбӕл кӕнуни фадуат. Амунд ӕмгъудтӕ гъӕуама федаргонд ӕрцӕуонцӕ муниципалон ӕмвӕзадӕбӕл, фал аци ӕууӕл нимайун формалон гӕрӕнбӕл. Дуккаг дуйнеуон тугъди бӕгъатӕртӕбӕл дзоргӕй, нӕ ихӕс ӕй гъуддаг ӕнӕ формалон гӕрӕнтӕй аразун,– Роман Кудренкой курдиади туххӕй дзоргӕй, загъта Владимир Путин.

– Ес мин ӕртӕ биццеуи. Нӕ зӕрдӕбӕл дарӕн, зӕгъгӕ, мӕ цӕуӕт цӕмӕй уотӕ  дзоронцӕ,  е мӕ нӕ фӕндуй. Нӕ бӕсти рагон царди хабӕрттӕ ӕма  нӕ бӕгъатӕрти комкоммӕ уагӕй зонӕн, зӕгъгӕ, мӕ цӕуӕт цӕмӕй уотӕ дзоронцӕ, уотӕ мӕ фӕндуй, – зӕгъуй Роман Кудренко.

Адӕмон фронти проект «Бӕгъатӕри гъӕунгӕ» ӕнхӕсткӕнуйнади фӕткӕмӕ гӕсгӕ, фӕстаг дууӕ мӕйей дӕргъи къуар географион бунатемӕн  равардтонцӕ зундгонд ӕмбӕстӕгти нӕмттӕ. Зӕгъӕн, Курски облӕсти сахар Курчатови фӕззиндтӕнцӕ Уӕлахези микрорайон ӕма  Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Евгений Мишини гъӕунгӕ. Волгогради облӕсти сахар Ленински нӕуӕг гъӕунгӕн равардтонцӕ Намуси ордени ӕнхӕст кавалер Владимир Финогенови ном. Адӕмон фронти активистти фӕндонӕй республикӕ Комий сӕйраг сахар Сыктывкари фӕззиндзӕнӕй Советон Цӕдеси Бӕгъатӕр Макар Бабикови гъӕунгӕ. Адӕмон фронти Белгороди облӕсти активисттӕ бахастонцӕ Никольскийи гъӕуи гъӕунгтӕн Советон Цӕдеси  Бӕгъатӕртӕ Дмитрий Москалеви ӕма Григорий Левини нӕмттӕ раттуни фӕндон. Цӕрӕн бунати администраци аци фӕндонбӕл исарази ӕй.