Ӕ РӔСТУОДИ ТАЛАТӔЙ РАЙРӔЗТӔЙ ФАРНИ РӔЗБУН…
Нӕ Иристон кӕд естӕмӕй тухгин ӕма цӕрунгъон адтӕй ӕма нерӕнгӕ дӕр ӕй, уӕд, фиццаги-фиццагидӕр, ӕ дзиллӕй – уодиконди ездондзийнадӕй ӕнхӕст ка ’й, лимӕндзийнадӕ бӕрзонд цӕстиварди кӕмӕн ӕй, цардӕн ӕ хӕзна дӕр ӕма ӕ цубурдзийнадӕ дӕр ка лӕдӕруй ӕма ’й арфиаг гъуддӕгутӕй банхӕст кӕнунмӕ ӕвӕллайгӕй ка тундзуй, цийфӕнди лӕгӕвзарӕнтӕбӕл дӕр ӕхсаргинӕй ка ӕмбӕлуй, уонӕй. Уомӕ гӕсгӕ адӕм уӕлдай боз фӕуунцӕ, хумӕтӕги сӕрустурӕй нӕ фӕззӕгъунцӕ: «Ӕ рӕстуоди талатӕй райрӕзтӕй фарни рӕзбун..» Уӕхӕн адӕймаг адтӕй Легойти Къӕлӕмурзи фурт Анатолий. Гъулӕггагӕн, хуӕрзӕрӕги не ’хсӕнӕй фӕгъгъудӕй… Хъӕбӕр зӕрдристӕй бахъонц кодтонцӕ нӕ дзиллӕ еци уӕззау цауи фӕдбӕл… Абони ӕ рамӕлӕтбӕл ӕнхӕст кӕнуй дууинсӕй бони, ӕма ин ӕ рохс ном ерӕн сӕрмагонд ӕрмӕгӕй (кӕсетӕ ’й 4-5 фӕрстӕбӕл).