08 майя 2024

РÆВДУД БИЙНОНТИ ФАРНÆЙ ФИДИБÆСТÆ ФЕДАР КÆНУЙ…

27.01.2024 | 14:04

БИТИТИ Алани конд хузæ.

Зундгонд куд æй, уотемæй аци анз Уæрæсей нимад цæуй куд бийнонти Анз. Æма уой фæдбæл арæзт цæуй берæ аллихузон ахсгиаг мадзæлттæ. Сæ еу – Уæрæсей Президент Владимир ПУТИН æрæги бафинста сæрмагонд Указ берæсувæллонгин бийнонтæн социалон агъаздзийнæдти туххæй. Уоми куд загъд ес, уотемæй Уæрæсей Федераций берæсувæллонгин бийнонтæбæл нимад æнцæ æртæ æма фулдæр сувæллæнтти хæццæ бийнонтæ. Уонæн сæ статус æй æнæмгъудон. Уæдта син социалон агъази мадзæлттæ лæвæрд цæунцæ, хестæрбæл цалинмæ 18 анзи кенæ ибæл, ахургæнæндони, комкоммæ уагæй ахургæнгæй, 23 анзи нæ исæнхæст æй, уæдмæ.

Уæрæсей Президенти Указмæ гæсгæ нисангонд цæунцæ берæсувæллонгин бийнонтæн социалон агъаздзийнади мадзæлттæ. Уони туххæй дзубанди цубурæй цæуй, абони нæ газети 2-аг фарсбæл ци æрмæг мухур кæнæн, уоми.

Зæгъуйнаг ма ан, уой дæр, æма уæ 8-аг фарсбæл ба зонгæ кæнæн бийнонти цардиуаги туххæй нæ адæмон исфæлдистадæй ист таурæхъти хæццæ.