РАЙХЪАЛ У, ДОМБАЙ…
Зундгонд куд æй, уотемæй абони каст цæуй нæ республики паддзахадон æвзæгти туххæй Закъони проектмæ. Уæхæн гъуддаг фиццаг хатт арæзт нæ цæуй. 1992 анзи дæр каст цудæй Цæгат Иристони æвзæгти туххæй Закъони проектмæ. Уæд æ гъудитæ газет «Рæстдзинад»-и фæрстæбæл (1992 анзи 4 апърели) ка загъта, уонæй еу поэт æма публицист Урумти Петя. Æ уæди загъд гъудитæ, махмæ гæсгæ, абони дæр æркæсуни аккаг æнцæ.
* * *
Галдзарм, дам, адæмы æхсæнмæ куы рахæссай, уæд дзы уафсхор дæр нал баззайдзæн. Афтæ у æвзæгты тыххæй Закъоны проекты хабар дæр. Æнцон нæ уыд йæ саразын, бæлвырд зондæлхынцъ бындурыл æй самайын. Чысыл фыдæбон ыл нæ бахъуыд, цæмæй равдисай йæ ахадындзинад царды къабæзты, бавдисай сæ критикон авналæнтæ æмæ уагæвæрдты хуызы. Æппæт уыдæтты тыххæй хъуамæ бузныг зæгъæм йæ рафæлдисджытæн. Фæлæ йæ бындуры мæнг хæдæфсармдзинад кæй ис, ирон зæххыл ирон æвзаг сæйрагдæр кæй хъуамæ уа, уый зæгъын кæй нæма уæндæм æргом, уый Закъонæн фаг хъару, фаг тых нæ дæтты.
Æркæсæм ма царды æцæгдзинадмæ æмæ бамбарæм иу ахсджиаг хъуыддаг – рæстæг дарддæр афтæ куы хæсса, цæхгæр мадзæлттæ арæзт куд нæ ’рцæуа, уæд æвзаджы геноцид æркæндзæн нацийи сæфтмæ. Ууыл дзурæг сты нырыккон æвдисæнтæ.
Цæгат Ирыстоны, 630 мин адæймаджы кæм цæры, уым ирон чиныг уагъд цæуы мин экземплярæй, йæ сæйраг газет «Рæстдзинад» тыхтæй-амæлттæй ахæлиу вæййы 25-27 мин адæймаджы ’хсæн. Цæмæн афтæ у, кæй æмæ цæй аххосæй æрхаудтам ахæм уавæрмæ? Закъон исты ахъаз фæуыдзæн ирон æвзаджы рæзтæн, ныр куыд у, афтæмæй? Кæмæн фылдæр бартæ дæтты Закъон, ирон æви уырыссаг æвзагæн? Гъе, уыцы фарстатæн дзуапп раттын ис нæ зæрды. Рагацау хатыр курын газеткæсæгæй, мыййаг-иу, мæхи куы нал бауромон æмæ мæ ныхас ранæй-рæтты æгæр карз куы уа, уæд.
Закъон «ЦИ ССР-йы адæмты æвзæгты тыххæй».
Æрвылбон цы домбайыл дзурæм, æртхъирæн кæмæй кæнæм, уый сонт-монты нæ бафынæй. Кæддæр дзы фыдгултæ арвы талынгты лыгъдысты, æмæ ницы амал ардтой йæ басæттынæн. Цас фæцархайдтой йæ æрмахуыр кæныныл, цас тæрхæттæ фæхастой паддзахы галуанты йæ æрсабыр кæныныл, марадз, кæд сæ къухы исты бафтыд.
Зындгонд публицист Цæлыккаты Ахмæт йæ рæстæджы афтæ фыста: «Кавказ куы басастой, уæд уырысы администрацийы размæ сыстад ахъаззаг фарст: куыд сæрмахуыр кæной знæт хохæгты.
Æмæ æрхъуыды кодтой алыхуызон проекттæ. Сæ иу хохæгтæн знæт æмæ налат миниуджытæ сæ удыхъæды сты, зæгъгæ, ахæм хъуыдыйыл лæуд автортæ бахастой фæндон уыдоны музыкæйы фæрцы æрфæлмæн кæнын. Музыкæ, дам, ахæм хъуыддæгты хъомысджын у, рæстырдæм ауды адæймагыл. Иннæ проекты та уыд бынтон æвирхъау фæндтæ – хохæгты фыднозтыл, къамæй хъазынынл æмæ нырыккон цивилизацийы тæккæ æдзæсгомдæр, тæккæ æнæуагдæр митыл бафтауын». (Фæстаг проект, абоны цард куыд æвдисы, афтæмæй сæ къухы бафтыд).
Сæйрагдæр рахæцæн æвзаг у. Хорз æй æмбары алчидæр. Цалынмæ не ’взаг йæ гаччы сбада, уæдмæ тас у, æфсармæй, æгъдауæй, культурæйæ ма нæм цы мæгуыр муртæ ис, уыдон фесафынæн. Фæлæ раздæрау нæхимæ æлхъывд кæй кæсæм, рацарæзт бæстæ цæмæ æркодта, Уæрæсе цы фæндагыл æрлæууыд, уый фаг кæй не ’мбарæм, уый аххосæй нæ уæндæм нæ зæгъинæгтæ æргом зæгъын.
Кæцы адæмыхатт ис йæ номæй схонæн, кæд йе ’взагыл нæ дзуры, уæд? Æвзаг канд дзурыны мадзал нæу. Æвзагимæ баст сты адæймагæн йæ удыконд, йæ зондахаст, йæ уаг, йе ’гъдау, йæ цыт æмæ йе ’фсарм. Æвзаг у адæймаджы æххæст фæлгонц æвдисæг айдæн. Дарддæр нал дзурын, æвзагæн царды алы къабæзты, цы егъау ахадындзинад ис, ууыл. Æмæ иугæр не ’взаг йæхи бар нал у, иугæр ыл «интернационализмы» сæраппонд къахæй ахæцыдыстæм, уæд кæмæй цы домæм? Цæуыл мæсты кæнæм, стыр уынгты бирæ лæппутæй, чызджытæй уырыссагау æвзæр ныхас куы фехъусæм, æнæуагæй сæ куы фенæм, уæд? Уый уымæн афтæ у, æмæ ирон æвзагимæ сæ зонды, сæ туджы нæ ахъардта ирон æфсарм.
Чи у аххосджын? Мæнмæ гæсгæ, абон йæ кары чи бацыд, уыцы хистæр фæлтæр. Ахæм «хæрзæгъдау», «коммæгæсæй» сæхи равдыстой бæрнон бынæтты кусгæйæ æмæ диссаг. Уæрæсейы иннæ адæмтæй æппæты разæй згъордтой «интернационализмы» тырысаимæ. Афтæ систы, æмæ се ’взаг, сæ культурæйыл нал æрвæссыдысты, сæ удæй арт цагътой «хистæр æфсымæры» æвзагыл сыгъдæгдæр дзурыныл.
Уæрæсейы аивады, литературæйы исты «æвзæргæнæг» фæзынд, зæгъæм, Солженицын, Синявский, Даниэль… Уайтагъд партийы обкомы разамындæй нæхимæ джигул кæнын райдыдтам, цымæ нæм ницы националистон уацмыс фæзынд… Уайтагъд-иу фæллойгæнджыты æмбырдты сæ ныхмæ дзурджытæ фæци, кæд сын сæ нæмттæ дæр никуы фехъуыстой, сæ уацмыстæ дæр нæ бакастысты, уæддæр.
Мæ зæрдыл ма хорз лæууы иу хабар. Иу сæрды Ирыстонмæ ссыдысты Юрий Хазанов æмæ Юрий Даниэль. Стыр уац ныффыстой ирон сывæллæтты литературæйыл, уырыссаг æвзагмæ раивтой нæ поэттæй цалдæры æмдзæвгæтæ. Цыбыр рæстæг рацыдаид, афтæ дын арвы дзæхст – Даниэлы, дам, æрцахстой, антисоветон роман «Кремлевский паек» кæй ныффыста, Пастернакы роман «Доктор Живаго»-йы къухфыст æм кæй разынд, уый тыххæй. Уайтагъд кæмæдæрты фæсидтысты обкомы идеологон хайадмæ. Мæнмæ дæр. «Цавæр бастдзинад дын ис Даниэлимæ?» – фарста æвæрд уыд комкоммæ. Мæ бастдзинæдтæ уыдысты мыхуыры. Бафтауинаг сыл ницыуал уыд. Хуыцау хорз, æмæ 37-æм аз ахицæн… Фæлæ Даниэль… Хæрз хуымæтæг адæймаг. Бæзджын хъæлæс ын… Мадзура. Йæ уæлæдарæс, йæ фадыварц дæр – мæгуырау. Фæлæ йæ уды хъаруйæ сыстад, уæд «коммунизмы» чи цард (фæстæдæр Б.Н.Ельцин æргом кæй равдыста), уыцы Кремлы кусджыты царды ныхмæ. Махæй чи зыдта уыцы хабæрттæ, фæлæ Даниэль æмæ Синявскийы тæваг ссарын хъуыд ирон литературæйы дæр. Æвæццæгæн, æргомæй сæ къухы ницы бафтыд. Ацы хабармæ гæсгæ ныффыстон хæрзцыбыр æмдзæвгæ «Куыдзы рæйд».
Æнафон… Мæй худы… У тарф
фынæй хъæу…
Æрдз – сабыр… Дыргъбæлæстæ
джихæй лæууынц.
Æвиппайды айзæлд æнæбар «æу-æу»,
Уый срæйдта йæ фыны
дзæгъæлхæтæг куыдз.
Æппæт сыхты уый адыл стынг и «æйт-æйт»,
Уæ бындар æрбауат, цы куыйтæ
стут кæд!
Æппындæр æй ма ’мбар, цæуыл у
дæ рæйд,
Гъе, афтæмæй адæмы’ гъуыссæг фæкæн.
Чи зоны, æмæ зæгъат, ацы хабар æвзагмæ цы бар дары? Уæлæнгай æркæсгæйæ, ницы. Ныхас не ’рмахуырыл цæуы. Кæмдæр исчи исты зæгъæд, æмæ та мах – цæттæ. Æгас бæстæйы дæр чысыл нациты æвзæгтæ тагъддæр уырыссаг æвзаджы хъуыры ауадзыны охыл йæ рæстæджы фæзынд кæйдæр идейæ – адæмон ахуырад уырыссагмæ раивын. Нæ ныл сразы сты удмурттæ, тæтæр, башкиртæ… Мах кæддæриддæр – цæттæ, ирон æвзаг та факультативон. Цас зиан æрхаста уый нæ адæмæн! Абон дæр ма нæ интернационалон горæты кæцыфæнды адæмы æвзаг дæр фехъусдзынæ, иронау та – стæм ныхас. Фæсивæдæй йæ бирæтæ нæ зонынц, куы дзурой, уæддæр цъæррæмыхстытæй.
Æрмахуыр кæй систæм, уымæн уæлдай ирддæр æвдисæн уыд Одинцовы рæстæг. Абон «фæдис» чи хъæр кæны, уыдоны бардзырд уæд уыд – ирон хъæбатырты, инæлæртты, номдзыд лæгты кой ныууадзын. Уый, дам, национ хирвæссондзинады миниуæг у. Телеуынынады хъуырыл бахæцыдысты, араст, дам, ут æмæ киномæ сисут æмæ равдисут, мардмæ æгæр бирæ адæм кæй цæуы уый æмæ æндæр «талынг» æгъдæуттæ. Фæзындысты та ног, советон «æгъдæутты» æрфыстытæ. Ноджы ма Одинцовы культыл телерадиойы разамынд афтæ архайдта, æмæ суанг «Фæстаг хабæртты» дæр йæ раныхасæй скъуыддзаг нæй, зæгъгæ, уæд сæ эфирмæ нæ уагъта.
Мæсыг, дам, хи дурæй хæлы. Æхсины лæгтæ хицауадон къæлæтджынтыл куы æрбадынц, уæд сæ ферох вæййы сæ мад, сæ фыды ном дæр, нацийы хъысмæт сæ фæсонæрхæджы дæр нал вæййы. Æндæр, уæдæ, куыд æмбарæн уыд, бæрæгбоны телеравдыстытæ æрмæстдæр уырыссагау аразыны хъуыддаг.
Аххосджын нæхæдæг стæм. Ялтæйы фысджыты сфæлдыстадон хæдзары нæм йæ рæстæджы Владимир Солоухинимæ карз ныхас рауад национ хæдбардзинадыл, национ миниуджытыл. Æз ын йæ ныхмæ æрæвæрдтон, мæхимæ гæсгæ, уæззау джебогъ – иудадзыг, зæгъын, уырыссаг, уырыссаг цы кæнут (русская зима, русская масленица, русское поле æмæ а. д.). Мах дæр сем-сем кæнæм, уæхæдæг дæр.
Тынг зæрдæрисгæйæ дзырдта, уырыссаг адæм, дам, сæхи хуызæн нал сты, ферох кодтой сæ миниуджытæ, се ’гъдæуттæ. Æмæ, дам, нæ интеллигенци стыр мæты бацыд. Архайы алыхуызон уырыссаг адæмы традицитæ фæстæмæ сног кæныныл. Æз ын куы радзырдтон нæхи уавæры тыххæй, обкомы руаджы ног советон æгъдæуттæ куыд парахат кæнæм, суанг ма скъолаты уырыссаг æвзагмæ кæй раивтам, уыдæттæ, уæд мын алывыд ныккалдта, сомбон, дам, уæ рустæ хæрдмæ хафдзыстут, фæлæ уæдмæ ферæджы уыдзæн. Æрæджиау загъта, æнæ кавказаг темæйæ Пушкин, Толстой, Лермонтов абон афтæ бæрзонд кæй нæ лæууиккой. Дунейы мидæг советон литературæйæн ахæм кад нæ уаид, алыхуызон адæмыхæттыты фысджыты уацмыстæ дзы куы нæ азæликкой, уæд. Уыдоны фæрцы цæхæртæ скалы налхъуыт-налмасау.
Мах нæ цæрæнбонты нæ риугуыдыртæ хостам, интернационалисттæ стæм, зæгъгæ. Удыкондæй æцæг стæм: хæрам зонд никæмæ дарæм, фыдæхы цæстæй никæмæ кæсæм. Бæллиццаг хъуыддаг. Фæлæ нын нæхи афтæ кæй нæ нымайынц, уый нæм хардзау цæуылнæ кæсы? Цæрæнбонты нæ фарсмæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ чи фæцард, уый иу-дыууæ ирон дзырды базонын цæуылнæ бафæрæзта, нæ иу рæсугъд æгъдау цæуылнæ бафæзмыдта. Уый нæ, фæлæ ма нын æхсæнадон бынаты нæхи мадæлон æвзаг дæр нал уагъта («оставьте свои ардабонские разговоры), не ’гъдæуттæм дæр фæлæбурдта («пережитки прошлого»). Æз ахæм хуымæтæг æвдисæнтæ уымæн хæссын, æмæ сæ алчидæр зоны.
Уæдæ афтæ: æвзагимæ баст сты æппæт хъуыддæгтæ дæр. Ацы Закъонмæ гæсгæ та йæ æлхынцъбæстытæ нæ хæлынц, йе уæнгтæ уæгъддæр нæ кæнынц.
Фыццаджыдæр мæм афтæ фæкаст, цыма Закъон фыст у уырыссагау, æцæг ирон дзырдтæй, ранæй-рæтты у зын æмбарæн, ирон стилистикæйы бындурыл амад кæй нæу, уымæ гæсгæ. Куыд фæзæгъынц, дзæбæх «бахуымгæнинаг», «æхсæдинаг» у.
Закъон, мæн фидарæй уырны, æмхуызон бартæ дæтты ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæн, фæлæ ницы ахъаз у ирон æвзаджы рæзтæн, уымæн æмæ йæ зоныны хæс никæуыл æвæры. Æппындæр ницæмæ дары, уырыссаг æвзагæн царды цы хъулон уавæртæ ис, уыдон. Исчи ма уæ зæгъæд, фæстагдæр чи кæд уыд, иронау кæм дзырдтой, ахæм æмбырды? Суанг ирон адæмы съезды дæр ма Къостайы ныхæстæ схъым-схъымгæнгæ куы кастысты. Сæйраг Советы кæцы сессийы уыд ныхас иронау? Афтæмæй та депутаттæн сæ фылдæр хай ирæттæ сты. Закъоны та фыст ис: «Цæгат Ирыстоны ССР Паддзахадон æгъдауæй ауды ирон æвзаджы æппæтвæрсыг рæзтыл æмæ кæны афтæ, цæмæй йыл дзырдæуа паддзахадон оргæнты æмæ æхсæнадон организациты, культурæйы, наукæйы, хъомылады, æнæниздзинад хъахъхъæныны кусæндæтты æмæ æхсæнадон царды æндæр къабæзты».
Куыд нæ стæй. Бацæут-ма кæцыфæнды кусæндонмæ, министрадмæ, къантормæ – иронау дын салам дæр ничи ратдзæн. Æппæт рафæрс-бафæрс дæр уырыссагау. Уый уал дын «хистæр æфсымæры» æвзаджы рæзтæн йæ иу æууæл.
Закъоны амынд ис: «Цæгат Ирыстоны ССР-йы æхсæнадон-политикон, аивадон, наукон-техникон æмæ ахуырдон-методикон литературæ, газеттæ æмæ журналтæ, дзыллон информацийы иннæ фæрæзтæ уагъд цæуынц ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл». Стæй дæлдæр: «Республикæйы телеуынынады æмæ радиохъусынады куыст цæуы ирон æвзагыл, уырыссаг æвзагыл». Ам дæр та иу сусæггаг уавæр ферох: радио æмæ телеуынынад сæумæцъæхæй, фæсæмбисæхсæвтæм кусынц æрмæст уырыссаг æвзагыл. Бынæттон программæтæн цы мæгуырау рæстæг ис, уый дæр та, закъонмæ гæсгæ, юридикон æгъдауæй уæрст цæуы дыууæ æвзагыл. Уый дæр та дын «хистæр æфсымæры æвзаджы» рæзтæн йæ иннæ æууæл. Науæд кинотеатртæ не сты уырыссаг æвзаджы рæзтыл аудæг артдзæстытæ?! Афтæ биноныг куы равзарæм Закъоны уагæвæрдтæ, уæд рабæрæг уыдзæн «ирон æвзаджы бартыл дзургæйæ», Закъон кæй у нæ республикæйы уырыссаг æвзаджы дарддæры райрæзты фарсхæцæг.
Ахæм хатдзæг бар-æнæбары фæзыны адæймаджы зонды. Афтæ уыдзæн, цалынмæ республикæйы иу паддзахадон æвзаг сфидар уа, уæдмæ. Уый та хъуамæ уа ирон æвзаг. Æмбарын æй, мемæ бирæтæ не сразы уыдзысты. Æз дæр афтæ нæ зæгъын, æмæ иннæ æвзæгтыл бахъоды кæнæм. Уæдæмæ ирон æвзаг паддзахадон куы уа, уæд æй алчидæр йæхицæн хæсыл нымайдзæн уый зонын, уæд æй зæрдиагдæрæй ахуыр кæндзысты рæвдауæндæтты, скъолаты.
Æппынфæстаг нæ бамбарын хъæуы иу хъуыддаг: ирон æвзаджы рæзтæн уæвæн ис æрмæст Ирыстоны, æндæр зæххыл уый тыххæй иу закъон дæр нæ фæзындзæн – нæдæр Уæрæсейы, нæдæр Гуырдызстоны, нæдæр Сомихы, нæдæр Мæхъæлы. Гъе, уымæ гæсгæ Закъоны хъаймагъ хъуамæ ирон æвзагыл мæт уа. Кæд истæмæй рæдийын, уæд – хатыр. Æз дæр уый мæ цыбырзондæй, мæ хиуарзондзинады уацарæй нæ дзурын.
Уæдæ афтæ, ацы Закъон мæцъис куы фестид, уæд дзы фынæй домбайы иуæрдæм дæр нæ афæлдахис, уымæн æмæ тæссонд у. Тæрсын, домбайæн фынæйы хосы бæсты куы ацæуа æмæ куыннæ уал райхъал уа, уымæй.