06 октября 2024

«РАСТ АДÆМ, ЗÆГЪАЙТÆ, ’РГОМ КЕ УИ НÆ ФÆНДУЙ ХУАРЗ УН?..»

14.09.2024 | 22:10

***

Хатир никкæнæ, финсткæсæг,

Фал исуæлдай кæнæ рæстæг,

’Ма дин мæ загъд кæд нæй гъулæг,

Уæд финст бакæсæ лæмбунæг.

 

Миййаг, ку уа фæлмаст йе ’взаг,

Мурау ку не ’скæна зæлланг,

Гъудитæн к ’ уа рæдуд сæ уаг –

Хатир корун уæд, о зæнхаг!

 

Фал кæд дзорон дин æз æцæг,

Уæд уо мæ хæццæ æмдзæуæг.

Дзиллæн æ цийнæ ’ма æ маст

Æнцæ мæ зæрди æлхий баст.

 

Нур сæ мæ финсти ихалун,

Мæ цæстисугтæ æгъзалун,

Кæми мæ маст æма зинæй,

Кæми ме ’дзулди, мæ цийнæй.

 

Æй уомæ гæсгæ ба мæ зар

Кæми хор бон, кæми мæйдар.

Зæрдæй ниввардтон си мæ уод –

Адæмæн æй кæнун нивонд.

 

ИРОН ПРОМЕТЕЙ

Фенкъусунмæ зæйти хуæнхти къохи

Фæгъгъæуй ма хатгай топпи гъæр,

Нæ мæгур адæми дæр сæ тохи

Фезмæлунмæ гъудæй лæги сæр.

 

Уæхæн лæг разиндтæй хуæнхти тари

Нæхе Къоста, адæмæн сæ фурт.

Бауагъта нæртон хъаурæ æ зарти,

Ирон фæндур фестадæй æ дзурд.

 

Иристони поэтти æ доги,

Зæрдтаг зартæй нимбарзта ’хсицгон,

Бони рохсæй и стъалути дзоги

Никкодта цума хор æ йаууон.

 

Исиста тохи зар арви уæнгæ,

Фæууингæй куд кæлуй ирон къæс,

Æ седзæргæс нийдайгæй гъарæнгæ

Никкæнуй лæги зæрдæ къæс-къæс.

 

Игъусуй нури уæнгæ æ зарти, –

Куд неуй фуд æлдар берæгъау,

Куд фицунцæ ’фхуæрд адæм уой арти.

Рæхистæй баст уогæй, цагъарау.

 

Ци зин не ’взурста, ци, тохи карзи

Косæг адæми туххæй æ уод,

Фал уæддæр нæ гъудæй æй мин анзи

Уони ’ной хуæздæр цард, ’ма амонд.

 

Се ’знæгтæ ин сугътонцæ æ зартæ,

Сæ маргæй ин хастонцæ адзал.

Басæттунмæ ба ин и лæгмартæ

Гъе уæддæр не ’ссердтонцæ амал.

 

Прометейау е ба æ къабæзтæ,

Нæ адæмбæл нийтигъта итинг.

Равардта нин æ уод, о, нæ бæстæ,

Цæмæй ма ниххустайдæ нæ зинг.

 

ХИДИРТИ Ехйа æ райгурæн гъæуи скъолай ахурдзаутæн фиццаг дзæнгæрæги фæдбæл мадзали кæсуй æ финст æмдзæвгæ.

ЦÆМÆЙ САГЪÆССАГ ÆЙ ЦАРД

Ку нæ лæууй æгириддæр

Размæ ледзгæй нæ рæстæг,

Адæймагæн кæддæриддæр

Æ йадзал, гæнгæй, хæстæг!

 

Е ’руорамун ба нæ равгæ

Ку н’ амонуй, ци кæнон! –

Æносон цард нæй æрдавгæ,

Ес райдайæн ’ма кæрон.

 

Фал уобæл нæй мæ гузавæ

Зонгæ гъуддаг æй адзал,

Æносмæ ’й дæхе ма давæ,

Адзалæн нæййес мадзал.

 

Æууелуй мæн æндæр сагъæс,

Æндæр мæтæй дæн æнкъард, –

Ку ан адзалæй æнæ сагъæс,

Сагъæссаг цæмæй уæд цард?!

 

Адзали уæнгæ ’стур незтæй

Адæймагæн ке ’й тæссаг,

Ке неци ес цардæй хестæр,

Гъеуомæй æй сагъæссаг!

 

ГУЗАВÆ

КУЧИТИ Аслæнбег «Бæлццæнттæ».

Мæ зумæг æма мæ сæрдæ

Ниууадзгæй сæ фæд хæртау,

Исресуй куддæр мæ зæрдæ

Нидæн сугъд кæнгæй артау.

 

Æнаййеп цард нæй æрдавгæ,

Еугурæй номдзуд не ’ссан.

Уобæл æй æрмæст гузавæ,

Раст ке не ’ргъæвун нисан.

 

Зæрди фæндон Фидибæстæн

Некæд неци ’сдæн агъаз,

Ку ин фединæ е ’хæстæ,

Уомæ бæлгæй хъæбæр карз.

 

Æмгъуд кæнгæй æ хъиамæттæ

Нæ бафистон мæ мадæн,

Дзæгъæл æхст кæнун мæ фæттæ,

’Ма ми боз нæ ’нцæ адæм.

 

Боз нæ уогæй мæ гъуддагæй,

Мæ хурфæмæ игъосун,

Фал мæ зæрдæ ци мæрдтаг æй,

Ку нæ уадзуй æ косун!

***

Раст адæм, зæгъайтæ, ’ргом

Ке уи нæ фæндуй хуарз ун?

Марди дæр гъæуй хуарз ном,

Хуарзи ном æз дæр уарзун.

 

Фал цæй фæдбæл ес, цума,

Уæхæн хуарз гъуддаг нæ тоги?

Еци бацеуи къума

Райгон фæгъгъæуй не ’взонги.

 

Æхе меднимæр алке

Лæдæруй, æвæдзи, уой:

Мед адæм цæрун зин ке ’й,

Ку нæ ди цæуа хуарз кой.

 

Уомæ гæсгæ адæймаг

Хуарз цардмæ бæлгæй æдзох

Ку иссеруй раст фæндаг,

Хуарз унбæл кæнуй уæд тох.

 

Афонæбæл æй адæм

Нæ балæдæргæй дзæбæх,

Нæ ин раттунцæ кадæн

Хуарзи ном се ’хсæн арæх.

 

Хуарзи ном æма хуарз ун,

Баст уогæй, æнцæ хецæн.

Хуарз ун зин æй, ма ’й уарзун,

Ном ба уагътæ уæхецæн.

 

МÆ РОХСАГГАГ ÆНСУВÆР МÆХÆМÆТÆН

КЕЛЕХСАТИ Магрез «Хуæнхбæсти».

Фæккодтай нæ мадæн лæдзæгеуæг

Æ седзæргæс надбæл биццеуæй,

Нæ уогæй дæ ауæдзи раййевæг

Ку фæххумæ кодтай дæ реуæй!

 

Де ’стур уæргъти хæццæ дзилли астæу

Догъи уайгæй рарвистай дæ цард.

Нур дæбæл, цæветтон, топп феваст æй,

Ку ракодтай уоййау æваст мард!

 

Ниххезун куд бакумдтай сау циртмæ,

Никкæлгæй æнафони дæ цард?

Ку бахастай дæ хæццæ сигитмæ

Дæ берæ сагъæстæ, дæ фæллад!

 

Ку байзадан дзиназгæ дæ циртмæ,

Куд нæбал бакодтай мах сагъæс?

Ку нæ хезис зæрдæй æгириддæр,

Дæ мард ни ку нæма ’й æруагæс!

 

Дæ цæуæти туххæй устур зинтæ

Ку фæккодтай нурмæ дæхецæн,

Куд дæ уорæдтонцæ уæд мæрсинтæ,

Фæди-фæдмæ кæнгæй си хецæн?

 

Ра-сæ уагътай фæрнæй царди тонхи,

Ис-сæ гъомбæл кодтай тухгин раст,

Куд ниууагътай сæ уæд нур иронхи,

Куд нæ син бахизтай сæ къæрц гъаст?

 

Куд бухсис нæ адæмбæл дæ цирти,

Дæ уод син ку нæ кодтай æвгъау.

Нурмикконау сæ цийнæ, сæ зинти

Куд нæбал син дæттис, куд, æгъдау?

 

Сæ кустаги син, цит, уод ку уагътай,

Ку игъустай уонæй дæр арфи дзурд,

Уæд æносмæ дæ куст куд ниууагътай,

Куд нæбал син дæ нур зæрингурд?

 

Куд хъиамæтгун лæг адтæ адæмбæл,

Куд син кодтай зæрдæй фуртеуæг.

Рабаргæй дин дæ уод уодбарæнбæл,

Ку загъта дæ уæлмард уой еу лæг.

 

Бафистай царди уаги де ’хæстæ,

Ниууагътай дзилли ’хсæн кади ном,

Фæрристæнцæ дæубæл нæ гъæубæстæ

Имисуй дин дæ ном Дигоргом.

 

АФОНÆ

МÆРГЪИТИ Таймураз «Цмыти».

Рæстæгбæл нæййес идонæ,

’Ма тæхуй мæ рæзти карз;

Алцæмæн ба ес афонæ,

Алци æ йафони – хуарз.

 

Ес дæр тасуй ес афони.

Саг ба рандæй æмгъудбæл,

Хуарз гъуддаг дæр æнафони

Нæ нимайун рæсугъдбæл.

 

Топпæй фехсгæй тæхгæ фатæн

Фæстæмæ ’здæхæн нæййес,

Мæ евгъуд царди ме ’фсардæн

Раййевæн нур нæбал ес.

 

Æмгъудгæнгæй, хори цæстæ

Афонæбæл æз не ’стæн.

Нæма бафистон ме ’хæстæ

Ма мадæ ’ма мæ Бæстæн.

 

Ци рæстæг ма ес мæ къохи,

Е кæнуй донау цæхъал.

Эх, ку уайдæ цардбæл тохи

Кадæ-радæй мæ адзал.

 

НÆ ХУÆНХБÆСТÆ

Нæ хуæнхбæстæ мин Кавкази

Зæрин хорæн æй е ’рхъез,

Адгиндæр къум мин уой рази

Зæнхи цъарæбæл нæййес.

 

Уорамунцæ нæ уорс хуæнхтæ

Къæйдор цæгиндзитæй арв,

Ниххизтæнцæ æд къæдзæхтæ

Мæнæн ба мæ зæрди арф.

 

Сослани ’нгурæ æ сæрти

Ку рагæлдзуй Дигоргом,

Хори тунтæн сæ лæгъзæрти

Уæд байгом уй арви ком.

 

Муди бæдмæнттау нæ гъæутæ –

Кустуарзон æма кадгин,

Фæрнæйдзагæй æд æгъдæуттæ –

Куд нæ уонцæ мин адгин!

 

Нæ хуарз адæм нæ хуæнхбæсти

Разиндтæнцæ цæугæ хонх,

Рæсугъд цардбæл мингай æнзти

Фæнзуйнаг иссæй сæ тонх.

 

О, мæ райгурæн хуæнхбæстæ,

Мæ уод дин кæнун нивонд.

Ку ди не ’фсæдуй мæ цæстæ,

Ку ди не ’скъунуй мæ уод!

 

КИЗГАЙМÆ

ДЗИУАТИ Батраз «Ирæзæ, лæгигъæдгунæй, ирæзæ!..»

Æй зæрдесгæ дæ бакаст,

Нæртон кизгау дæ хуæрзконд.

Бакодтон дæ зæрдтаг уарзт,

Ехх, ку уайсæ мæн амонд!

 

Дæу имисгæй мин нæййес

Кусти медæгæ фæллад,

Нæ хуссис ду дæр де ’фсес –

Нæ ’й дæ зæрдæ, нæ, æнцад.

 

Дзилли царди ивæрун

Æз ихæстæ мæхецæн.

Дæу сорæт нифсæн дарун,

Цæмæн ан гъе уæд хецæн?

 

НЕ ’ВЗАГ

Нæ рагæнттæ цардбæл тохи

Ку къæртт кодтонцæ фæндаг,

Зундау син уæд царди тонхи

Сæ уодбæл хуæстæй не ’взаг.

 

Фæлтæргай æй мингай æнзти

Искодтонцæ хуæрз гъæздуг,

Бакодтонцæ ’й мах бæрнæхсти

Сæ фæсмæрдæ еудадзуг.

 

Недзамантæй ба мах уæнгæ

Ка ’рхъæртун кодта не ’взаг,

Еци фидтæлтæн се ’ууæнкæ

Куд фæссайон, мæ зæнхаг.

’Ма куд баййевон абони

Æндæр æвзагбæл не ’взаг,

Мæ минкъий фуртæн æ коми

Куд æрлух кæнон йе ’взаг.

 

Ме ’взонг цъæх кизгæн æ тоги

Куд нæ бауадзон не ’взаг?

Куд æй фæккæнон æ доги

Нæ адæмæй æскъуддзаг?!

 

Мæ ниййергутæн сæ циртмæ

Ке ’взагæй зæгъон: – рохсаг?

Куд син зæгъон дæлсигитмæ:

«Исхæран мин æй уе ’взаг»!

 

Кенæ Къостай «Ирон фæндур»

Куд ниууадзон æни ’гон,

Куд нæ дарон мæ зæрдрæбун

Геуæргий «Ирæф» æнгом.

 

Гъе уотæ кæнгæй, тæрхæнттæ

Кæбæл дæн æз зæрдихудт?

Не ’взаг гæлдзгутæ зæгъæнтæ,

Кæд, миййаг, æнцæ æвуд!

 

Сæ еу мин си уотæ зæгъуй:

«Иссæй не ’взаг уæлдай уаргъ!» –

Нæ лæдæруй, ке нæ тæхуй

Æнæ базур сæргой маргъ.

 

Иннæ ба мин уотæ зæгъуй:

«Денгизмæ хауй Терк дæр» –

Денгиз Теркбæл куд æфтуйуй,

Уой ба не ’ргъæвуй æ сæр.

 

Минкъий æвзæгтæ фæууæнтæ

Цæугæдæнттæ, зæгъдзинан,

Устур æвзæгтæ зæгъæнтæ,

Мах ба, зæгъгæ, денгиз ан.

 

Фал цалдæнгæ денгизтæ уа,

Уодзæнæй уæдмæ дæнттæ,

Не ’взæгтæн уæд ци киндæуа?

Адæми фæндон уæнтæ.

 

Мæн ба ку ниввæрай цирти,

Уарздзæнæн уæддæр не ’взаг,

Мæ циртдзæвæнбæл – Хидирти –

Ниффинсетæ мæ муггаг.

 

УÆЛМÆРДТÆ

Лæууй гъæугæрони уæлмæрдтæ,

Не ’гъусуй си таус, сибиртт,

Ай-гъай, еу афони, ме ’мгæрттæ,

Се ’хсæн февзурдзæнæй мæ цирт.

 

Æма зæнхи буни æносмæ

Мæ хаурæ лæудзæнæй æнцад,

Фал мæ циртдзæвæни уæлгъосмæ

Уæд кæми гъæудзæнæй къахнад?

 

Кæсай, рагон мæрдтæн сæ цирттæ

Иссæнцæ зæнхи хæццæ ’млагъз,

Иссæнцæ ’ргъæ се стæг сæ фидтæ,

Нæ хъонц ба син неци ’й агъаз.

 

Мæрдтæй цалдæнгæ нæма исдæн,

Уæдмæ æгæсти нимайун,

’Ма сæ сагъæстæй низзæрдрист дæн,

Сæ хæццæ догъи дæр уайун.

 

’Ма мæ раст дзурдæй, мæ анхосæй

Еске ку йронх кæна æ маст,

Уæд гъе уой цийнæ, гъе уой бозæй

Мæхе нивгун хондзæн тухуаст.

 

Гъе уотæ алкæддæр мæ царди

Гъуддаг дзилли ’хсæн ку хæссон,

Уæд неци гъæудзæнæй мæ марди,

Дуйнейæй уæд мæ хай райстон.

 

Фал ци æнкъард æнцæ уæлмæрдтæ?

Æносмæ федуйуй си цард.

Цума дзорунцæ нæмæ мæрдтæ:

«Нур бал лæууетæ ни идард».

 

МАДИ УАРЗТ

Хæфсæмæ дæр æ бæдолæ

Хори тунæ, дан, кæсуй,

Мадæмæ дæр æ хъæболæ, –

Цъифи дæр ин æй нивдолæ, –

Цидæр хори гъар хæссуй.

 

Сувæллонæй æй æ рони

Радав-бадав фæккæнуй.

Ку ин бахауй зин бони,

Уæд уой азарæй æмбони

Сах æ хурфи никкæуй.

 

Æ хъæболи исбаргъоммæ

Берæ æнзти фæббæллуй.

Ку ин рандæ уй изолмæ,

Уæд фенкъарддæр уй комкоммæ,

Æрхунæй ибæл мæлуй.

 

Æ хъæболæ царди тонхи

Ку рацæуй æд æгъдау,

Нæ фæуунцæ уæд иронхи

Æ зин бæнттæ царди тонхи

’Ма ходуй гъе уæд хорау.

 

Æ хъæболæ цардивæрди

Ку рæдуйа еудадзуг.

Тæхсгæ фудтæ, сæдæ марди

Æрфестæг уй уæд æ царди,

’Ма хуæруй æй цæстисуг.

 

Мади уарзтæн ци ’й æ цори

Е цъæх денгиз, е цъæх арв?

Ци ’й æ цори зæнхи къори,

Кæд æма молуй зинг хори,

Æ уарзтæй тавгæй, йе мах?

 

ФИНГÆ

Нæ дигорон тумбул фингæ

Хори цалхбæл адтæй карст.

Нæ кæнуй некæд идуйгæ,

Дзилли зæрдæбæл æй барст.

 

Нæуæг мæйау æ уæлгъосмæ,

Исесуй æхе синон.

Раковуй, цæмæй æносмæ

Хæссунгъон уæн кади ном.

 

Ниууорамуй æ мийнасæй

Йе ’ртæ къахебæл гъæугувд:

Бакæнуй, цид, цæстингасæй

Е ’уазгути хуæрзрæвдуд.

 

Æ берекет æнæдауæ

Некæмæн кæнуй æвгъау.

Зæгъун ибæл гагидауæ:

Макæд фесæфæд не ’гъдау!