12 декабря 2024

РАСТ НАДБÆЛ ЛÆУД ÆМЗУНД АДÆМИ РАЗИ ХОНХ ДÆР НЕЦИ ÆЙ!..

23.11.2024 | 15:32

Нæ дзубанди ба нæ райдайун фæндуй Уасгергий таурæхътæй еуемæй. Зундгонд куд æй, уотемæй нæ адæмон исфæлдистади медæггойни хъæбæр берæ аллихузон таурæхътæ ес Уасгергий туххæй. Уонæй кæцидæрти медесбæл лæмбунæг ку расагъæс кæнай, уæд си дæхецæн æнæмæнгæ иссердзæнæ зундæфтауæг гъуди. Мæнæ абони ци таурæхъ мухур кæнæн, уой дæр уомæн равзурстан, æма си ес, нæ абониккон царди хъæбæр ахсгиаг ка ’й, уæхæн фæдзæхстдзийнадæ. Циуавæр, уой туххæй ба зæгъдзинан, таурæхъ ку бакæсайтæ, уæд. Ка ’й зонуй, уæхуæдтæ дæр æй ниттергади кæндзинайтæ…

УАСГЕРГИ ИУАЗÆГУАТИ

Еу уаргæ бони сæумæрдæмæ Уасгерги уорс бæхбæл бадгæ сергæ-сергæ еу дзæбæх устур ирон гъæуи астæути урдугмæ æрцæйцудæй æма æхенимæри фæндæ кæнуй: «Æнæмæнгæ мин аци бон æнæ базонæн нæййес, мæгур лæгæй æма гъæздуг лæгæй кæрдзиндæттондæр ка ’й, уой».

Уæдмæ æ бæх фездахта еу гъæздуг лæги тургъи дуармæ æма уордигæй медæмæ еци-еу гъæр бакодта:

– Гъей, хæдзари хецау, иуазæг нæ уадзетæ уæхемæ?

Гъæздуг лæги хæдзарæй æндæмæ неке кæсуй. Уасгерги бабæй дуккаг хатт багъæр кодта.

– Гъей, хæдзари хецау, иуазæг нæ уадзетæ?

Æрæгиау гъæздуг лæг æхуæдæг рацудæй – мæтъæл, ронбæгъд, бæгъæнсарæй æма дзоруй:

– Ка дæ, ци кæнис, ци дæ гъæуй?

– Иуазæг нæ уадзетæ, иуазæг?

– Иуа-а-ззæг, рацо, гъæйдæ, фал нæмæ дæ бæхæн бунат нæ уодзæнæй.

– Гæрр, æма мадта нур мæ бæх ци фæккæнон?

– Ци дæ фæндуй, уой æй фæккæнæ, махмæ дæ бæхæн бунат нæййес…

Нур гъæздуг лæгбæл хуарз æрцæуидæ, Уасгерги уордигæй фæстæмæ ку раздæхидæ, уæд. Уасгерги уайтæккæ базудта гъæздуг лæги нæфæндондзийнадæ. Нецибал исдзурдта, фал æ бæх фæстæмæ еци рауæнæй фездахта æма бабæй гъæунги урдугмæ сергæ фæццæуй. Æ бæх ба еу мæгур лæги тургъи дуармæ фездахта æма бабæй еци-еу гъæр бакодта:

– Гъей, хæдзари хецау, иуазæг нæ уадзетæ?

Мæгур лæг æ хæдзарæй еци-еу гæпп ракодта æма исдзурдта:

– Иуазæг – Хуцауи иуазæг. Медæмæ нæмæ рацо æма æрхезæ дæ бæхæй.

Уасгерги æрхизтæй æ бæхæй.

Мæгур лæг ин æрбаста æ бæхи еу ставд кауи мехбæл, сæхуæдтæ бацудæнцæ хæдзарæмæ, æрбадтæнцæ дууемæй дæр фæрсæй-фæрстæмæ.

Мæгур лæги уосæ нартихуари кæрдзин, цæнхæ æма дон фингæбæл райвардта Уасгергий æма мæгур лæги размæ.

Уасгерги е ’хсаргард исласта æма ’й æрæвардта æ фарсмæ.

Мæгур лæг дæр æ хъæма исласта æма ’й æрæвардта æ фарсмæ.

Уасгерги райдæдта хуæрун. Куддæр хуæрд фæцæй, уотæ мæгур лæги цæсгонмæ мæстгун каст бакодта æма ’й фæрсуй:

– Зæгъай мин, дæ хъæма цæй туххæй исластай, уой?

– Нæ, фал гъæуама æз дæу бафæрсон: ду мæ хæдзари иуазæг уогæй, мæнæй раздæр дæ кард цæй туххæй исластай?

– Мадта æз дæ хæдзари мæ кард дæуæй раздæр уомæн исластон, æма дин æз дæ хæдзари цæттæй цидæриддæр æрбаййафтон, уомæй уæлдай куддæр хуæздæр хуæруйнæгтæ мæн туххæй агурдтайсæ, уотæ дин æз мæнæ мæ кардæй дæ бæрзæй рахаун кодтайнæ… Гъæйдæ, нур ду ба дæ хъæма цæй туххæй исластай, уой зæгъай?

– Мадта æз дæр мæ хъæма уой туххæй исластон, æма мин ду мæ хæдзари цæттæ цидæриддæр æрбаййафтай, уомæй уæлдай ма хуæздæр еститæ ку агурдтайсæ, уотæ дин æз мæнæ мæ кардæй дæ бæрзæй рахаун кодтайнæ.

Уасгергийæн æ цæсгон фæррохс æй мæгур лæги дзубандитæмæ æма игъæлдзæгæй мæгур лæги къох райста æма ин радзурдта:

– Табуафси, мæ фусун, табуафси, хъæбæр арфиагæй ди цæун! Гъæйдæ, нур хуæрзбон кæнетæ, мæ фусунтæ, фал ма уин еу-дууæ дзурди зæгъун.  Гъæздуги цæстæй ка кæсуй æма уотемæй фæллад иуазæги æ тургъи дуарæй медæмæ ка нæ уадзуй, уонæн сæ цард бæлвурд фæмминкъийдæр уодзæнæй. Сумахæн ба уæ цардбæл абонæй фæстæмæ фондзинсæй хатти фулдæр бафтуйæд. Уотемæй, хуæрзбон кæнетæ, æз дæн Уасгерги!

Æма еци бонæй фæстæмæ гъæздуг лæг æма мæгур лæги цардбæл Уасгергий дзурд æрцудæй.

* * *

Мæнæ ’й раздæр дæр ку загътан, гъома, уæхуæдтæ дæр æй, æвæдзи, ниттергади кодтайайтæ аци таурæхъи фæдзæхстдзийнади хузи гъуди – адæймаги цард уомæй федауй, æма зæрдхæлар ку уа, тухст уавæри ка уа, уомæн фæййагъаз кæнун æ бон ку уа, уæд уомæй  æхе ку нæ еуварс кæна, харакет куд уа…

Уобæл дзоргæ бæргæ кæнæн – сауæнгæ нæ рагфидтæлтæй ба абони уæнгæ, фал… Уомæн æрхæсдзинан еу дæнцæн. Не ’мзæнхон номдзуд паддзахадон архайæг æма финсæг Цæликкати Ахмæт (1882-1928) ниффинста æ рæстæги игъустгонд роман «Æнсувæр æнсувæри нихмæ рацудæй» («Брат на брата»). Раст зæгъгæй, æвдист си цæунцæ, Уæрæсе евгъуд æноси райдайæни революцион æма æндæр æзмæнстити азари ку бафтудæй, уæди рæстæги хабæрттæ æма цаутæ.  Уонæй ервæзт нæ фæцæнцæ Иристони дзиллæ дæр. Æма уой фæдбæл Цæликки-фурт ци гъудитæ зæгъуй, етæ, махмæ гæсгæ, сагъæссаг нин æнцæ абони дæр. Е уæлдай бæлвурддæр æй романи кæронбæттæни, кæций мухур кæнæн абони.

ÆНСУВÆР ÆНСУВÆРÆН ИСÆЗНАГ УЙ

Адæми цæмæй балæдæрай, уой туххæй син сæ уодигъæдæ базонун гъæуй. Æма, цума, циуавæр æй мæ ирон адæми уодигъæдæ? Лæги зæрдæмæ ка никкæсдзæнæй æма ин æ сосæг гъудитæ ка базондзæнæй? Неке. Адæмтæ кæрæдземæй хецæн кæнунцæ сæ уодигъæди менеугутæй. Æма еци менеугутæй сæйрагдæр кæци æй? Мæнмæ гæсгæ, ирон адæм æнцæ кадæбæл мард. Ходуйнагæй хъæбæрдæр нецæмæй тæрсуй ирон лæг. Æ лæгъуз миутæ ку рагъæр уонцæ, уæд æ ходуйнаги кой райгъусдзæнæй. Лæгъуз миуæбæл имæ фæсмон некæд æрцæудзæнæй, æ зæрдæмæ ’й нæ бахæсдзæнæй. Лæгъуз миуæ ка бакæна, уомæй фæззæгъунцæ, цæсгон ибæл нæййес. Гъома, æ цæсгон нецæмæй фæссурх уодзæнæй. Æма е æй тæккæ фулдæр уайдзæф. Адæм си ци зæгъдзæнæнцæ, уомæй хъæбæрдæр нецæбæл сагъæс кæнуй ирон лæг. Уомæ гæсгæ ’й хонун кадæбæл мард.

Цийфæнди гъæздуг уосгор дæр ездон муггагæй ку нæ уа, уæд ин цийфæнди мæгур ездон дæр æ кизги нæ ратдзæнæй. Сау муггаг ба тундзунцæ киндзæ цийфæндийæй дæр ездон муггагæй ракорунмæ. Цæйбæрцæфæнди ирæд бафедунмæ дæр цæттæ ’нцæ. Уæд ма кадæбæл мард ба ци фæууй?

Ирон лæг галуæрдунæй фæццæуй гъæди астæу. Абæргутæ имæ топпæргъæвдæй рагæппитæ кодтонцæ. Æ бон æй галтæ ниууадзун æма æ сæр бафснайун. Куд нæ! Æ сæр бафснайуни бæсти сæ хæццæ истухтæй. Гъома, бæгъатæр æй кенæ имæ æ галтæ æвгъау кæсунцæ, уой туххæй нæ, фал тæрсуй: æ галтæ ин ку байсонцæ, уæд æ ходуйнаг райгъусдзæнæй. Уой бæсти абæргути хæццæ тугъди мæлæт иссеруй.

Ирон лæг æцæгæлон адæймаги æ хæдзарæмæ æрбахонуй æма ’й хуарз фæххинцуй. Æнгъæлетæ, стонги бафсадуни туххæй? Нæ, æ гъуди бустæги æндæр æй – кæддæр æма кæмидæр æй иуазæг растаудзæнæй: Тотраз кенæ Сослæнбеги хæдзари мæ ци дзæбæх фæххинцтонцæ. Кадæбæл мард фусун.

Тугъди будури ирон лæгæн е ’мбæлттæ размæ ку ’мпурсонцæ, уæд æй нæ бафæнддзæнæй кæмидæр фæскъилдуни бæхтæрæгæй байзайун. Цийфæнди тæрсагæй дæр тугъди будурмæ тундзуй: «Æз иннетæй æгудзæгдæр дæн? Æхе баримахста гъæуама зæгъа мæнæй еске? Ходуйнаг.

Ирон лæг æ фæстаг стори равгæрдуй хистæн æма гæвзуккæй байзайуй. Мадта! Адæм уотæ ку зæгъонцæ: «Æ мæрдтæ ци бахуæронцæ, е син нæййес». Ходуйнаг.

Ирон лæг æз циргъдæр дзубанди зæгъунбæл æхе гъаруй æ кой райгъусуни туххæй… Еу иннемæн дзоруй:

– Æ хæдзарæ фехæла, Хаби ци загъта, уой нæ фегъустай?

– Ци? – цæмæдесæй æ цæститæ исæрттивтонцæ Болайæн.

– Хаби иуазæги бахудта зулундзаст Габомæ. Иуазгутæн цай æрæвардта Габо, сæкæр син рахаста. Минкъийдæр си куд бахуæронцæ, уотæ ’й листæг къæрттитæ никкодта. Хаби æ агувзи еу къæртт ниггæлста, дуккаг, æртиккаг, цуппæрæймаг, фæндзæймаг. Габо имæ кастæй, æма æхе нæбал бауорæдта:

– Хуцауи туххæй, зæгъай, Хаби, еу цирти цал марди æвæрд фæууй?

– Мард циуавæр уа, уомæй аразгæ ’й, нæ хуарз фусун. Исæвгун ку уа, уæд еу, фуцъулуз ку уа, уæдта цалдæр, – дзуапп равардта Хаби.

– Уотæ ма дин еске зæгъа!

Æма Хабийи кой гъæуæй-гъæумæ райгъустæй. Æхецæй куд нæ ниббоз æй.

Ходуйнаг хатир некæмæн зонуй.

Еу хуæнхаг гъæуи адтæй гъазтизæр. Кафгæ-кафун Пецой комбæлбос раскъудæй æма æ хæлаф æрхаудтæй. Ходуйнаг! Еци бонæй фæстæмæ Пецой цард цард нæбал æй. Адæми ’хсæн кæми фæззинна, уоми еске æнæмæнгæ зæгъдзæнæй:

– Æллæх, æллæх, Пецо, дæ хæлаф…

Пецой хæлафи хабар æнæгъæнæ комбæсти райгъустæй. Пецойæн æндæр гъæумæ рандæуæн нæбал ес, уомæн æма фегъосдзæнæй:

– Æллæх, Пецо…

Дæс æма инсæй анзи рацудæй уæдæй ардæмæ, фал Пецойæн адæми ’хсæнмæ рацæуæн нæййес: «Æллæх, Пецо…»

Еу джимиаг кæддæр дзамани сауæдони фæммизта. Уæдæй нурмæ джимиаги ку бафæрсай: «Кæцæй дæ?», уæд дин «Джимийæй» некæд зæгъдзæнæй, уомæн æма ин бафедис кæндзæнæнцæ: «А, мæнæ сауæдони ка фæммизта, уонæй дæ?»

Ходуйнаг адæми царди медæгæ агъазиау хотух æй, æцæг хотух кæцирдæмæ аразгæ ’й, уой зонун гъæуй. Æма еци ихæс интеллигенцимæ хауй æма син уомæй ахсгиагдæр куст нæййес. Ходуйнаг кудфæстæдæр, уотæ исæфун райдæдта ирон адæми ’хсæн. Уруссаг революци ходуйнаг æма æфсæрми нæ лæдæруй, фудæзнæгтæбæл сæ нимайуй, уотемæй ба етæ гъæуама æ ахсгиагдæр цæгиндзитæ уонцæ. Мадта ци киндæуа? Нæ ’й зонун…

Мæ сагъæстæ æма гурусхитæ Мæхæмæтмæ ниффинстон, æма мин уайтæкки дæр дзуапп равардта: «Дæ гъудитæ мæмæ раст æма зундгин кæсунцæ. Амæй размæ ирон адæймаги цард райдайæнæй кæронмæ ходуйнагбæл æнцадæй. Фал революций фудæй исæфун райдæдта ходуйнаг, зæгъгæ, дæ еци гъудий хæццæ арази нæ дæн. Ходуйнаг революций размæ фæккъех æй…»

Фæззигон уаруни æртæхтæ тæдзунцæ хæдзари сæрæй. Стъоли уæлгъос цирагъи фарсмæ бадун. Донхæлæмулæ фæтæгени рохс æй нидæн æма борбун. Уати къуми Дзиги ниллæг къелабæл бадуй æма сæрак æууæрдуй, зæнгæйттæ искæнуйнаг мин æй…

Мæхæмæт дзоруй революций сæрбæл. Ходуйнаг, дан, революций фудæй нæ фесавдæй. Ду, дан, æгæр уæлæнгай цæстæй кæсис цардмæ. Алцидæр хæдзаради системæй аразгæ ’й. Ирон адæм патриархалон цардæй капиталистон цардæвæрдмæ нæма рахизтæнцæ, уотемæй сæ æрæййафта капитализми уадтумугъ. Дæс æма инсæй анзей размæ дæр ма сæ цард арæзт адтæй айдагъ æгъдаумæ гæсгæ. Æгъдау амудта адæймаги алли къахдзæф дæр авдæнæй цирти уæнгæ. Фал хуæнхаг гъæумæ уруссаг сахари тæвагæ ку бахъæрттæй, уæд æгъдау цардæй фæстеггæй изайун байдæдта. Æма ходуйнаг дæр уæд райдæдта исæфун.

Мæхæмæт дзæвгарæ финсуй экономики æма æгъдауи бастдзийнади туххæй…

А-гъа, мæнæ Кавкази цитæ цæуй, уонæмæ дæр æрхъæрттæй. Куд финсуй, уотемæй инæлар Деникини æфсад Кубанæй æрбампурсуй, сурх æфсади æ гъæлæси рахаста. Æ турусабæл финст ес «Великая, единая, неделимая Россия». Кумæдæриддæр бахъæртуй, уоми нæуæгæй исæвæруй паддзахи дзамани æгъдæуттæ. Гъæуи кенæ сахари сæйраг фæзи исаразунцæ ауиндзæн æма бафæрсунцæ: «Коммунисттæ æма уæмæ комиссартæ ес?» Коммунистти фæйнæгбæл дæлгоммæ æрæвæрунцæ æма ин е ’рбадæнтæ сампалæй фæннæмунцæ, комиссари ба æрауиндзунцæ. Уой фæсте адæмæн сæ мулк байсунцæ, фæсевæди ба æнæбари æфсадмæ ракæнунцæ. Хецаудзийнадæ сæ къохтæмæ райсунцæ æфсæддонтæ, жандармтæ æма пъæлицæйæгтæ.

ДЗАНАЙТИ Азанбеги конд хузæ «Рагон хуæнхаг зар»

Идарддæр Мæхæмæт финсуй Уæрæсей еумæйаг политикон уавæри туххæй. Мах æ дзамани историон материализм ахур кодтан æма зонæн: æууæлтæ ку нæма исæвзуронцæ, уотемæй ку райса пролетариат хецаудзийнадæ, уæд додойаг æ сæр æй. Додойаг разиндтæнцæ уруссаг адæм. Уæрæсе дууæ дехи фæцæй – сурхитæбæл æма уорситæбæл. Нуртæккæ уорситæ хуайунцæ сурхити, ка ’й зонуй, сауæнгæ сæ Мæскуй уæнгæ фæттæронцæ. Уæдта бабæй гæнæн ес, æма сурхитæ сæ гъæлæси рахæссонцæ уорсити. Еци тох кæдмæ цæудзæнæй, уомæн ка ци зонуй? Урус фондзинсæй миллиони ’нцæ. Дæс миллиони си ку фæгъгъæуа, уæддæр ма дæс æма цуппаринсæй миллиони байзайдзæнæнцæ. Махæй ба мин ку фæгъгъæуа, уæддæр нæбæл хъæбæр фæззиндзæнæй. Нæдæр уорситæ, нæдæр сурхитæ хуарзæй неци æрхæсдзæнæнцæ махæн. Уорсити хæццæ нæ гъуддаг нæ рацæудзæнæй – хуæнхаг адæмтæн цагъарæй æндæр неци æрхæсдзæнæй. Мадта нæ карнæ большевикти хæццæ бабæттун ба бустæги æнæсæр гъуддаг разиндзæнæй. Ци нин æрхастонцæ большевиктæ? Кæрæдзей хурфити рауадан æма нæмæ керменисттæ фæззиндтæй. Ка ’нцæ керменисттæ? Пролетартæ дæр ма ку уайуонцæ, фал люмпен-пролетартæ: æнæхæдзæрттæ, стъегъгутæ, разамунд ба син дæттунцæ аллихузон фæливд, уæдта дууæ-æртæ æвзонг студенти: сæхецæй политикон архайгутæ райаразунмæ исцибæл æнцæ. Адæми тог парахаттæй кæлуй. Дигори керменистти ку бафарстонцæ, баделиати нихмæ карз тох цæй фудæй исамадтайдæ, зæгъгæ, уæд сæ бон бацæй айдагъдæр еунæг дзуапп раттун – цæмæннæ, дан, нæбæл æнвæрсунцæ æма нин сæ кизгутти киндзи цæмæннæ дæттунцæ…

Хуæнхæгтæ æма коммунистон идеологи кард æма фидæй уæлдай нæ ’нцæ, сæ байеу кæнуни гъуди айдагъ æдулий сæри исæвзурдайдæ. Æма еци сæргъæн гъуди куд тагъддæр рагæлдзæн, уотæ хуæздæр уодзæнæй. Уотæ нæй?

Мæхæмæти гъудимæ гæсгæ гъæуама нæхуæдтæ нæхебæл басагъæс кæнæн æма Кавкази уруси экономикон, политикон æма моралон дзæмбутæй ратонæн. Кавкази адæмти бæллецтæ æмхузон ке ’нцæ, уомæ гæсгæ цæугæ дæр гъæуама еумæйаг надбæл кæнонцæ… Мæхæмæт мæ æ хæццæ хонуй Гурдзимæ, уæдта Дагестанмæ. Мæ хъауритæбæл æ зæрдæ даруй, райгурæн бæстæ ке уарзун, уой зонуй. Раст зæгъун гъæуй, мæ политикон зундирахаст ин лæдæрдгонд нæй… Æвæстеуатæй дзуапмæ æнгъæлмæ кæсуй. Гурдзимæ куд гæнæн ес, уотæ тагъддæр цæугæ ’й. Æнæмæнгæ зæгъун гъæуй Фæскавкази политикон уавæр…

– Дзиги, ардæмæ рацæуай.

Уайтæкки мæ рази ’рбалæудтæй. Æ цъæх-цъæхид цæститæй мæмæ никкастæй:

– Ци зæгъис, мæ хор?

– Мæ фарсмæ ’рбадæ. Æма дин ци зæгъон, уомæ байгъосæ. Дзиги мæ дæлфæдтæмæ ниллæг къелабæл æхе æруагъта, æ сæр мæ уæргутæбæл æрæвардта, мæ дууæ цæстемæ кæсуй. Æз ба гъуди кæнун: нуртæккæ мæ дзубандитæ циргъ судзийни хузæн нихæсдзæнæнцæ æ зæрди, æ цæстисугтæ ’ркæлдзæнæнцæ.

– Дзиги, мæ минкъий хуæрæ… – æ лигъз фаст сæр ин мæ армитъæпæнæй рæвдаугæ æрсæрфтон. – Хуарз хабар дин нæ зæгъдзæнæн, Дзиги.

– Ма мин дзорæ лæгъуз хабæрттæ… Фагæй фулдæр адтæнцæ нæ уæззау хабæрттæ.

– Мадта, ду куд æнгъæлис, уæхæн уæззау хабар нæй. Ардигæй мин цæугæ ’й.

– Цитæ дзорис?! – фесхъиудтæй Дзиги.

Цума нуртæккæ ку исистон æма рандæуон, уомæй мин фæттарстæй, уой хузæн æ дууæ къохемæй мæ хъурбæл ниттухстæй.

– Кумæ исфæндæ кодтай?

– Нæуæгæй бабæй тохунмæ? Нæ дæ рауадздзæнæн. – Никки хъæбæрдæр мæбæл ниттухстæй. – Дæуæй æндæр неке ес мæнæн. Некумæ дæ рауадздзæнæн. Ме ’нсувæрæй æнæхай цæмæн гъæуама фæууон?

Æ цæстисугтæ ’ркалдæнцæ.

– Нæ, Дзиги, æнæмæтæ уо: тохунмæ нæбал цæун. Адæймаги марунæй илгъагдæр гъуддаг неци ес. Раст зæгъун гъæуй, еу хатт æнæбон цæф адæймаги дæр рамардтон, фал æй æгириддæр мæ зæрдæмæ нæ хæссун. Нæ, тохун мæ нæ фæндуй. Цæмæ бæллун, уой зонис? Куд дин æй балæдæрун кæнон? Сæребарæмæ бæллун нæ хуæнхбæстæн… Сæребарæмæ! Зæрди фæндон цæруни фадуат нин куд уа, уотæ… Нæ мæ балæдæрдзæнæ, Дзиги…

Дзиги мæтъæлæй ниссабур æй, æ сæр бабæй нæуæгæй æрæвардта мæ уæргутæбæл.

– Дæ рунтæ дин бахуæрон, мæ хор, –  зæгъуй зæронд уоси хузæн. – Сæйгæ нæ дæ, миййаг?

– Сæйгæ дæн, мадта ци дæн, Дзиги. Мæ незæн хуасæ дæр мæхуæдæг зонун.

– Зæгъай æй, циуавæр хуасæ ’й? Æз нуртæккæ Осмæни сахармæ рарветдзæнæн, æма ’й балхæндзæнæй.

– Циуавæр хуасæ ’й, зæгъис? Сæребарæ, мæ къона Дзиги. Уомæй ахсгиагдæр неци ес царди.

– Сæребарæ… Сæребарæ… Æма сæребарæ нæ дæ?

– Нæ дæн, мæ къона, нæ дæн.

Дзиги нецибал дзоруй. Гъудити ке ранигъулдæй, е æ цæсгонбæл бæрæг æй. Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте æ медбилти бахудтæй.

– Ци рагъуди кодтон, уой дин ку зæгъон, уæд мæмæ не ’смæстгун уодзæнæ?

– Ескæд дæр ма дæумæ исмæстгунгæнæн ес, Дзиги? Зæгъæ ’й, ци æй?

– Дæ незæн æз дæхецæй хуæздæр хуасæ зонун.

– Циуавæр æй?

– Бустæги хумæтæг хуасæ… – фæссабур æй, уæдта æхе фæгъгъæддух кодта. – Уосæ ракорæ.

Мæ къохмæ февналдта æма си къæйнихи туххæй хатир корæгау æ рос цалдæр хатти æрсæрфта.

Ходæг мæбæл бахуæстæй.

– Уосæ, дан, æрхæссæ… Ха-ха-ха… Уæллæй хъæбæр æй загътай, Дзиги! Ха-ха-ха… – Уæдта мæ цæсгон фæммæстгунхуз кодтон.

– Уомæн æгæр базæронд дæн, Дзиги.

– Гъо, куд нæ! Нур ма хъæбæр æригон дæ. Уæртæ Ахболатæн æ сæр ку исуорс æй, уотемæй уосæ æрæги ку ракурдта.

– Æнзтæ неци давунцæ, Дзиги, адæймаг зæрдæй æригон ку уа, уæд. Цæй, етæ хуарз, мæ минкъий хуæрæ, фал мæн цæун гъæуй.  Бæргæ мæ нæ фæндуй, фал æндæр гæнæн нæййес. Ду нанамæ рандæ уодзæнæ хонхмæ. Сау даруни рæстæг райевгъуйдзæнæй уæдмæ, уæдта…

– Уæдта ци?

– Уæдта бабæй киндзæхсæвæр.

Дзигий цæсгон барохс æй, къелайæй фестадæй.

– Ке киндзæхсæвæр?

– Дæу, æндæр ке.

– Мæн? – æ гъостæбæл нæ баууæндуни хузæн имæ никкастæй Дзиги. Уæдта къохмæрзæн фелваста, æ цæсгон си рамбарзта æма богъ-богъæй никкудтæй, æ бауæр æнæгъæнæй дæр фестъæлф-фестъæлф кæнуй. Фестадтæн æма Дзигий мæ гъæбеси ’рбакодтон, зæрдитæ ин æвæрун:

– Ци кодтай? Ма ко, Дзиги, бафхуардтон дæ, æма мин ниххатир кæнæ. Гириз кодтон.

Дзиги кæугæ-кæун исдзурдта:

– Нæ мæ уарзис æгириддæр… Гъо, гъо, æгириддæр… Нана, фæххæссæ мæ дæхемæ… Цæмæн мæ ниууагътай?..

– Дзиги, басабур уо – гиризгæнгæй загътон…

 

Уодзæнæй ма