РАСУГ ЛӔГ – ХОДУЙНАГГӔНӔГ
Расугдзийнадӕ нӕ адӕммӕ алкӕддӕр ӕведауцӕдзийнадӕбӕл нимад адтӕй, расуггӕнагӕ ба – ӕгадӕбӕл. Уой фӕдбӕл нин нӕ фидтӕлтӕй берӕ циргъзунд хабӕрттӕ байзадӕй.
Мӕ синхаг, дӕ биццеуи цӕмӕн фӕннадтай? Е уанӕбӕрӕг кӕми фӕффудгин ӕй дӕ рази?
– Расуг адтӕй!
– Гъома ӕй уотӕ хъӕбӕр цӕмӕн ниццавтай?
Расуг адтӕн.
Еууӕхӕни дин Дзег ӕма Дзой къулух ниуӕзтгунӕй ӕрбацӕунцӕ ӕма Дзег, хӕкъурццитӕгӕнгӕ, загъта:
– Уӕллӕй, Дзой, абони дӕбӕл мӕ зӕрдӕ фӕххудтӕй.
– Мӕнӕ дессаг, Дзег, уанӕбӕрӕг дин ци кодтон?
– Ци кодтай, ци, ме ‘нӕнездзийнади туххӕй нӕ баниуазтай.
– Ӕ-ӕз, дӕ бонӕй уай, Дзег, ӕз де ’нӕнездзийнади туххӕй дӕр, уӕдта иннети ӕнӕнездзийнади туххӕй дӕр уойбӕрцӕ фӕнниуазтон, уойбӕрцӕ, ӕма мӕхе ӕнӕнездзийнадӕ фесафтон.
Саугин балций адтӕй ӕндӕр гъӕуи ӕ хӕрӕгбӕл. Ӕхсӕвӕ ӕ лимӕни хӕдзари байзадӕй. Фусунти ӕфсийнӕ арахъ уагъта. Саугин байевдалдӕй, ӕма ин бафсес нӕбал адтӕй фиццаг уайӕнӕй. Ӕхсӕвӕ еуафони ӕ зӕрдӕ схастӕй. Фесафта хуссӕнтӕ. Донӕй ба ин бафсӕдӕн нӕбал адтӕй. Фӕрристӕй, ниффудкӕндтӕ ‘й, уотемӕй фестадӕй. Мӕ хӕрӕгӕн дон радтон, зӕгъгӕ, ӕй донмӕ фӕлласта. Хӕрӕг донмӕ не ‘рӕвналдта. Хецау ин туххӕй ӕ сӕр дони нитътъунста, уӕддӕр марауадзӕ зӕгъай, еу хупп искӕнун бакумдта!
Уӕд ин фусуни синхаг саугинӕн уотӕ зӕгъуй:
– Цума уи ка зундгиндӕр ӕй: ду ӕви дӕ хӕрӕг? Хӕрӕги ниуазун нӕ фӕндуй ӕма нӕ комуй. Ду ба арахъӕй де ’фсес нӕ зудтай.