26 декабря 2024

«РЕСПУБЛИКИ ЦÆРГУТИ ÆМА ХЕЦАУДЗИЙНАДИ ÆХСÆН БАСТДЗИЙНАДÆ ГЪÆУАМА ÆНГОНÆЙ-ÆНГОНДÆР УА!..»

13.07.2024 | 22:05

Пресс-конференций райдайæни Сергей Меняйло æ радзубандий баханхæ кодта уой, æма абони нæ бæстæ ци уавæри æй, циуавæр ихæстæ лæууй æхсæнади размæ еци уавæри, радзурдта республики социалон-экономикон ирæзти мадзæлтти туххæй.

Пресс-конференций дзубанди нæ абони цардарæзти сагъæссаг æма æнæмæнгæ райаразуйнаг фарстати фæдбæл ке цудайдæ, уой рагацау хинцгæй, пресс-конференций видеобастдзийнади фæрци архайдтонцæ министрадтæ, ведомствитæ æма районти разамонгутæ.

 

Республики разамонæгмæ журналисттæ ци фарстатæ равардтонцæ, уонæй кæцидæртæ адтæнцæ сæрмагонд æфсæддон операций фæдбæл. Зæгъæн, Сергей Меняйло æхуæдæг æрæги куд фегъосун кодта, уотемæй арæзт ка ’рцæудзæнæй Советон Цæдеси дууæ хатти æма Манголи Адæмон Республики Бæгъатæр Плити Исси номбæл æфсæддон полк. Сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ æма республики цæргутæ фæрсунцæ, нæ дууæ батальони – «Шторм» æма «Алани»-йи бундорбæл æй исараздзæнæнцæ, ка ин дæтдзæнæй разамунд?

Дзуапп: Нæ намусгин æмзæнхон балхонæги номбæл полк аразæн ами, Иристони. Римæхстаг нæй, алли регионбæл дæр ес ихæсæвæрд сæрмагонд æфсæддон операцимæ адæм æрветуни туххæй. Нæ лæхъуæнтæй беретæ контракттæ бафинстонцæ нæхемæ, Иристони нæ, фал æндæр рауæнти. Нуртæккæ тохунцæ алли рауæнти æма сæ фæндуй, цæмæй сæ «Алани» кенæ «Шторм»-мæ рарветонцæ. Алкæд уæхæн фадуат нæ фæууй, уомæ гæсгæ рахастан унаффæ полк исаразуни туххæй, уодзæнæй 58-аг Æфсади дæлбазур. Е ’нæсцох дислокаций бунат уодзæнæй Иристони, Тарскийи гъæумæ хæстæг полигони сæ ахур кæндзæнæнцæ еу рæстæг. Контракт бафинсуни барæ си уодзæнæй айдагъ Иристони цæргутæн нæ, фал иннæ регионти минæвæрттæн дæр. Ами сæ исефтонг кæндзæнæнцæ, куд тугъдон дарæсæй, уотæ тугъди будури иннæ гъæугæ дзаумæуттæй дæр. Гæрзефтонг тухти разамунди хæццæ фарста лухгонд æрцудæй, куст цæуй гъуддагбæл. Батальон «Алани» еци полкки рæнгъитæмæ нæ бацæудзæнæй, «Шторм» ба си уодзæнæй хецæн батальонæй. Полккæн разамунд ка дæтдзæнæй, еци фарстамæ дæр кæсæн Уæрæсей Æфсади разамунди хæццæ. Махмæ ес нæхе кандидаттæ командæгæнгути бунæттæмæ, лæмбунæг сæмæ каст цæудзæнæй. Æфсæддон операци ку фæууа, уæд тугъдонтæй ке бафæндæ уа, е байзайдзæнæй контракти бундорæл службæ кæнгæй, иннетæ ба рацæудзæнæнцæ запасмæ. Уой хæццæ, еугур тугъдонтæ дæр социалон æгъдауæй уодзæнæнцæ гъæуайгонд. Полкки æнæсцох бунат уодзæнæй Мæздæги.

Сæрмагонд æфсæддон операций фæдбæл иннæ фарста ба адтæй ауæхæн: Уоми архайгæй не ’мзæнхонтæй еу, дууæ хатти фæццæф уни фæсте ку исдзæбæх уидæ, уæд бабæй нæуæгæй уордæмæ рандæуидæ. Фæстаг хатт ба уотæ рауадæй æма ин æ цæстæ æндæ кæнун багъудæй. Вишневскийи номбæл клиники ин исæвардтонцæ цæстигагуй имплант. Е æхеуонæй минкъийдæр разиндтæй, е – еу гъуддаг, фал ма ин кæрдæгхуз гагу исæвардтонцæ, кæд æхе цæститæ тар морахуз адтæнцæ, уæддæр. Загътонцæ ин, нуртæккæ, дан, нæмæ айдагъдæр уæхæнттæ ес, дæ бон æй, æма æндæр амалгъон адæймаги клиники балхæнай, циуавæр дæ гъæуй, уæхæн. Æхуæдæг æфсæрми кæнуй гъаст кæнунмæ, фал æ гæгъæдитæ æнцæ «Рæстдзинад»-и редакций.

Уой фæдбæл республики разамонæг загъта:

– Гъулæггагæн, нуртæккæ берæ цæф тугъдонтæ ес. Гæгъæдитæ мæмæ æрбахъæртун кæнæ, æма ин æфсæддон-медицинон академий бадзубанди кæндзæнæн, æ гъуддаг ин, æнæмæнгæ, исараздзæнæн.

Еума фарста ба адтæй: æрæги нæ республики фæзуатмæ ци æнæтæхæг аппарат æрбатахтæй, е циуавæр зиан æрхаста республикæн, æма ци арæзт цæуй еци цауи фæстеугутæ райеуварс кæнуни туххæй?

Дзуапп: Æгириддæр неци зиан æрхаста, фæстеугутæ ин нæ адтæй, фал, цæмæй уæхæн фæззиндтитæн бунат мабал уа идарддæр, уой туххæй арæзт æрцудæй штаб, уавæрмæ еудадзуг цæстæ даруй, ес имæ техникон фæрæзнитæ, ефтонггæрзтæ.

Пресс-конференций рæстæг ци фарстати туххæй цудæй дзубанди, уонæн сæ зингæ хай баст адтæй нæ абони цардиуаги æнæмæнгæ райаразуйнаг гъуддæгути фæдбæл.

Фарста: Дзæуæгигъæу æма республики цæргутæй беретæ фæрсунцæ, Дони станций ци берæуæладзугон цæрæнуæтти арæзтадæ райдайунмæ гъавунцæ, уой туххæй. Аци бонмæ арæзтади уавæр куд æй?

Дзуапп: Еци арæзтадæ æй инвестицион проект, æма бал имæ абони уæнгæ æртæ хатти æркастан æма имæ æййивддзийнæдтæ хæссæн. Инвестор ци зæгъуй, уомæ игъосæн, фал унаффæ хаст æрцæудзæнæй, айдагъдæр æхсæнади хæццæ еу гъудимæ ку ’рцæуæн, уæд. Нурмæ гъуддаг лухгонд нæма ’рцудæй. Ке зæгъун æй гъæуй, инвестори фæндуй æ проекти бундорбæл фулдæр æхца бакосун, фал нæ республикæн зиан ка ’рхæсдзæнæй, уæхæн унаффæ хаст не ’рцæудзæнæй аци фарстай.

Нуртæккæ бал хуæрзвадуæттæ арæзт цæуй Дони станций фæзуати, е æй проекти фиццаг къæпхæн. Кæд уотæ фегъосæн ес, проект ист æй æма нуриуæнгæ царди уагъд цæуй, зæгъгæ, уæддæр е раст нæй. Еу хатт дæр ма ’й зæгъун – нæ сахари цæргути размæ хаст æрцæудзæнæй проект, дзубанди ибæл кæндзинан еумæ, æхсæнади фæндæмæ, æнæмæнгæ, нæ гъос æрдардзинан.

Фарста: Сергей Ивани фурт, апърели æмбурдтæй еуеми, уæдта фæстæдæр дæр карзæй дзурдтай, Алагири æма иннæ районти дæр зæнхитæй ка байахæста æнæбундорæй æма си дачитæ, хæдзæрттæ ка исаразта, уони туххæй. Еци гъуддаги циуавæр куст цæуй?

Дзуапп: Куст цæуй æнæсцохæй æма идарддæр дæр цæудзæнæй. Абони уæнгæ бал тæрхондони ес, æркæсун кæмæ гъæуй, уæхæн 800 гъуддаги, æма сæ нимæдзæ аллибон ирæзуй. Æнæзакъонæй ахæст æрцудæнцæ хуæнхти фæхстæ, цæугæдæнтти билгæрæнттæ, сейсмологтæ тæссаг ке хонунцæ лæбурдтитæй, уæхæн зæнхи хæйттæ.

Æ рæстæги кадастрацигонд не ’рцудæнцæ национ паркти арæнтæ æма уотæ идарддæр. Абони еугур еци цаутæ дзурддаг иссæнцæ. Зæгъæн, нуртæккæ Алагири райони гъæутæмæ дон уадзæн, æма, куд рабæрæг æй, уотемæй донигурæн 49 анзей æмгъудмæ аренди райста кампани «Осетия Лац», уой хæццæ ин æ аргъ рагагъоммæ еугур еци æнзтæн дæр бафиста. Сутки дæргъи си 300 кубометри есуй дон, зæгъгæ, зæгъуй æ хецауадæ, фал æй бæлвурд ка зæгъдзæнæй, кæд æма ин счетчик нæййес, уæд? Нуртæккæ аци фарста закъони бундорбæл ниллух кæнунмæ гъавæн.

Иннæ уæхæн – æнæзакъонæй арæзт амæддзæгтæ Фиййагдони æма Иристони иннæ районти. Уонæй алкæмæ дæр хецæнæй æркæсдзæнæй, ци къамис исаразтан, е. Нуриуæнгæ бал респубики есбойнадæмæ раздахтан къуар зæнхи хаййи.

Фарста: Нæ республики цæргутæ хъæбæр тухсунцæ, æхсæнадон транспорти æдзæллаг кусти туххæй. Ке куд фæндуй, уотæ рацæунцæ кустмæ, æма бæлццæнттæ надбæл лæугæй байзайунцæ. Циуавæр мадзæлттæ аразуй нæ республики разамунд уавæр рæстмæ раййевуни туххæй?

Дзуапп: Куд зонетæ, уотемæй райдæдтан транспортон реформæ. Архайæн кæронмæ ’й рахъæртун кæнунбæл, фал е æнцон гъуддаг нæй. Аци къабази косунцæ, куд паддзахадон кампанитæ, уотæ амалгъонтæ дæр. Сæ еугурей хæццæ дæр хецæнæй радзубанди кодтан, æма уавæр гъæуама цæхгæрмæ фæххуæздæр уа, балхæдтан нæуæг автобустæ. Мах домæнтæбæл ка нæ исарази уа, уони маршруттæй рацæун багъæудзæнæй.

Пресс-конференций архайдтонцæ, куд республикон дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæрттæ, уотæ блогертæ дæр. Берæ ахсгиаг фарстатæ равардтонцæ республики Сæргълæууæгмæ, æма æнæ ’ргъудийæй неке ниууагъта. Лæмбунæг дзуæппитæ равардта, Алагири бассейн, Михайловски гъæуи ба спортивон фæзæ кæд исараздзæнæнцæ, Уæллаг Ларси нади уаццæгтæ фæффулдæр æнцæ, фал ма сæмæ бафтаун æнгъезуй æви нæ, Wildberries  республики ци иуарæн центр аразуй, уоми уодзæнæй 8 мин кусти бунати, æма сæмæ бунæттон цæргутæ есдзæнæнцæ æви нæ…

Сергей Меняйло кæд Мæскумæ, Уæрæсей Хецауади минæвæртти хæццæ фембæлдмæ цудæй еци бон республики ахсгиаг гъуддæгути фæдбæл, уæддæр пресс-конференций архайгутæй алкæмæн дæр равардта лæмбунæг дзуапп. Кæронбæттæни куд загъта, уотемæй республики цæргутæн лæггадæ кæнуй зæрдиагæй æма ин æхцæуæн æй, дууердæмæ бастдзийнадæ ин ке ес е ’мзæнхонти хæццæ, е.

*   *   *

Пресс-конференций ма дзубанди цудæй берæ æндæр фарстатæбæл, æма уони фæдбæл ба хецæнæй æрмæгутæ мухур кæндзинан нæ газети иннæ номерти.