РОХС ФÆНДИТÆЙ ЦАРДИ АМОНДМÆ БÆЛДТÆНЦÆ…
Уогæ ба цæйбæрцæбæл æгъатир æй карнæ: еуæй-еуетæн, сæ тæккæ цардгъон кари ку бацæунцæ æма нæ дзиллæн агъазиау хуарздзийнæдтæ аразунгъон ку исунцæ, уæд син сæ цардвæндаг æрбацубуртæ кæнуй. Уотæ рауадæй Тауасити Тауаси фурт Станислави карнæ. Аци анз 21 июли (1959-2014) ибæл фондз æма æртинсæй анзи бæргæ исæнхæст адтайдæ, фал, гъулæггагæн, дæс анзей размæ, хуæрзæригонæй, æдеугур ибæл финддæс æма дууинсæй анзи цудæй, уотемæй рахецæн æй æ уæлзæнхон цардæй. Фал уæддæр абони не ’хсæн æй – æ дессаги скульптурон куститæй, æ берæ арфиаг хуарздзийнæдтæй. Уой фæдбæл æрмæгутæ кæсетæ 4-5-аг фæрстæбæл.
Тауасити Станислави рохс ном имисгæй, махмæ гæсгæ, æнæмæнгæ зæгъун гъæуй, ци бийнонти ’хсæн исбайлæгъ æй, уони, уæлдайдæр ба æ ниййергути туххæй. Бийнонтæ ба, баруагæс уи уæд, дессаги хуæрзæгъдау æма адæмуарзон, уой хæццæ ба ма алæмæти искурдиадæгин разиндтæнцæ.
Тауасити Михали фурт Тауас æма æ цардæмбал Таирæ æмзунд-æмвæндæй аразтонцæ сæ цардиуаги хабæрттæ, уæлдай хъæбæрдæр ба бæлдтæнцæ, цæмæй сæ кæстæртæ сæ карни нæдтæбæл фæррæствæндаг адтайуонцæ, уомæ. Æма син сæ зæрдитæ бæргæ барохс кодтонцæ сæ дууæ фурти Руслан æма Станислав, дессаги искурдиадæгин скульптортæ си рауадæй, сæ аййевадæн æскъуæлхтдзийнæдтæй иссæнцæ зундгонд æнæгъæнæ Уæрæсей дæр, уæдта фæсарæнтæй дæр берæ рауæнти. Куд нæ цийнæ кодтайуонцæ мадæ æма фидæ, фал… Фал сæ цийнæ берæ нæ рахаста – нæ кæстæрти нин хуæрзамондæй фæххайгин кæндзæнæй, зæгъгæ, ци ирисхъæмæ æнгъæлмæ кастæнцæ, е сæбæл гадзирахаттæй рацудæй… Сæ дууæ цардбæллон фурти Руслан æма Станислав цардгъæуагæй банæхстæр æнцæ се ’носон дуйнемæ…
Тауас æхуæдæг берæ уæззауæй-уæззаудæр зиндзийнæдтæ бавзурста, уæлдайдæр ба Устур Фидибæстон тугъди рæстæгути. Æма си кæд æ зæрдæ еудадзугдæр ресидæ, уæддæр ин уони сæ еугурейдæр, куд фæззæгъунцæ, нихгæдта. Нæ ниффæразта еци æгæрон уæззау зиндзийнадæн. Æма еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте æхуæдæг дæр, гъулæггагæн, банæхстæр æй фуртти фæдбæл еци дуйнемæ.
Æма абони нæ дзубанди, Станислави райгурдбæл 21 июли фондз æма æртинсæй анзи ке æнхæст кæнуй (1959-2014), уой фæдбæл кæд æй, уæддæр, мæхмæ гæсгæ, раст уодзæнæй сæрмагондæй бал æ фидæ, Тауасити Михали фурт Тауаси æримисун… Руслан æма Станислав зундгонд скульптортæ ке иссæнцæ æма син ци устур æскъуæлхтдзийнæдтæ бантæстæй, е берæ цæмæйдæрти сæ фиди ауодундзийнади фæрци дæр адтæй. Æма абони мухур кæнæн, Тауаси туххæй Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæх ГАСИНТИ Жорж ци уац ниффинста, уомæй хецæн хæйттæ.
ÆГЪАТИР КАРНÆН НÆ БАСАСТÆЙ
Устур Фидибæстон тугъдмæ Иристонæй хуæрзæригонæй кæци фæсевæд рандæй, уонæй еу адтæй киристонигъæуккаг æстдæсанздзуд лæхъуæн Тауасити Тауас дæр. Немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ 1941-1942 æнзти карз тугъдтити рæстæг знагмæ уацари бахаугæй зиндæр уавæртæн ка ниффæразта, ка син нæ бакумдта басæттун, еци Тауас.
Мæ зæрдæбæл ма хуарз лæууй, Тауас, æ фиццаг фурти фурт Геуæрги ку райгурдæй, уæд куд цийнæ кодта: «Мæ берæ гъезæмæртти фæсте мæ Хуцау нæ феронх кодта, хъæбæр амондгун дæн!..», – хъæбæр бозæй дзурдта Тауас. Уотæ имæ кастæй, цума æ берæ зиндзийнæдтæ æма гъезæмæрттæ æцæгæйдæр феронх кодта. Фал ибæл æ еци цийни хæццæ ба цанæбæрæг рæстæги фæсте æрцудæй уæззау хабар – гъулæггагæн, анзи кæрони, декабри, Геуæргий фидæ, Тауасæн æ хестæр фурт Руслан æнæнгъæлти рамардæй, æма уомæй уæд æрвдзæфау фæцæй.
Алли адæймагæн дæр æхе цардвæндаг, æхе карнæ ес. Тауас райгурдæй 1922 анзи Киристонгъæуи Тауасити Михал æма Мисирхани (Тъурион) хæдзари. Астанздзудæй бацудæй скъоламæ. Хуарз ахур кодта, хузæ кæнунбæл дæр фæццалх æй. Тауас ахид æримисидæ, æ фидæ Михал бæхтæбæл догъти ку архайидæ, уæд уой куд аййевæй кæнидæ, уой.
Æримисидæ уой дæр, æма 1937 анзи А.Пушкини райгурди 100 анзей юбилеймæ куд искодта поэти бюст æргъæй æма ’й скъолайæн куд балæвар кодта. Бюсти къарæ уæд исиста къаресæг Гер æма ’й ниммухур кодта республикон газети. Тауас ма уæд финста скъоладзаутæ æма гъæуи цæргути хабæртти туххæй æрмæгутæ, ниммухур ин сæ кæниуонцæ газетти. 1938 анзи архайдта уацхæсгути æмбурди. Уæддæр Тауасæн æнæ скульптурæ æ цард адæ нæ кодта. Æма скъолай фæсте рандæй Мæскумæ, Сурикови номбæл институтмæ ахур кæнунмæ бацæуни зæрдтæй. Фæл æ фæндæ нæ фæррæстмæ æй, дæхебæл ма никкидæр бакосæ æма нæмæ уæдта æрцæудзæнæ, зæгъгæ, ин зæгътонцæ еци ахургæнæндони.
ЗÆРДТАГОН ИМИСУЙНÆГТÆ
ДЗБОЙТИ Михал, скульптор, Цæгат Иристони адæмон хузæгæнæг:
– Æз хуарз зудтон Тауасити Тауаси, исфæлдистадон искурдиадæй уоййасæбæл хайгин адтæй æма имæ рæсугъд исонибон бæргæ æнгъæлмæ кастæй, фал царди ци зулун-мулун нæдтæ ес, етæ ’й бакъулумпи кодтонцæ кæмидæрти… Æхецæн ци нæ бантæстæй, е бантæстæй æ дууæ фурти Руслан æма Станиславæн – мæ цæстити рази исирæзтæнцæ. Сæ фиди тогæй фæххайгин æнцæ, сæ фиди уæлтæмæнадæй хай райстонцæ. Станислав иссæй зундгонд скульптор, е ’нсувæр Руслан ба æ рæстæги адтæй Мæскуй Сурикови номбæл институти факультети декан… Гъулæггагæн, абони Тауас дæр, æ фурттæ Руслан æма Станислав дæр не ’хсæн нæбал æнцæ… Фал уæддæр сæ рохс нæмттæ ба нæ зæрдити цæрунцæ… Æностæмæ сæ имисунæй ихæсгин æй нæ дзиллæ, етæ Иристонæн ци агъазиау хуæрзти бацудæнцæ, уой нимайгæй…
Уæдмæ ’й, дууинсæймаг анзи æфсадмæ ракодтонцæ, службæ кодта Таллини. Уоми ‘й æрæййафта Устур Фидибæстон тугъди райдæд… Æма сæ еци сахарæй ракодтонцæ, багæлстонцæ сакъадах Дагоммæ. Немуцаг-фашистон æрдонгтæ уæдмæ байахæстонцæ сакъадах Воромси æма Тауасий-фурти е ’мтохгæнæг æмбæлтти хæццæ нæхеуæнттæ Дагомæй баластонцæ Езельмæ. Уоми цудæнцæ уæззау тугъдтитæ, берæ си фæммард æй сурхгвардионтæй æма матростæй. Иннетæ ба æртухсти бахаудтæнцæ. Сæ командир Тауасæн бардзурд равардта, уæддæр еу бæлæгъ æрбакæнæ, немуц кæми адтæнцæ, уордигæй æма бавзарæн æртухстæй райервæзун. Тауас дони билтæбæл гъузгæ-гъузгæй бурдæй æ губунбæл, накæ кодта дони бунти, фал æй немуцæгтæ уæддæр æрæстæфтæнцæ æма ’й æхсун райдæдтонцæ. Нæмгути æсхъестæй æ рахес къах æ уæрагæй сæрмæ дууæ цæфи фæцæй (еци цæфи фæсте къулухгомауæй цудæй). Фæстæмæ ма тухамæлттæй байервазтæй æ къуармæ. Тугъдтитæ уæдмæ никки карздæр фæцæнцæ. Сакъадæхтæ немуци гъудæнцæ плацдармæн Балтикæ æнæгъæнæйдæр байахæссунмæ. Æхсæвæй тугъд басабур æй, денгизи горизонтбæл цидæр сау æндæргтæ фæззиндтæнцæ. Маякæй нæхеуæнттæ сакъадæх гъæуайгæнгутæн фегъосун кодтонцæ, фæстæмæ уæ сакъадах Дагоммæ ракæндзинан, зæгъгæ. Тар æндæргтæ разиндтæнцæ бæлæгътæ, адтæй си дууæ матроси æма афицер, нæхеуонтæ. Тауас бæргæ гъавта бæлæгъмæ исхезун, фал æй етæ фæстæмæ донмæ расхустонцæ æма уотемæй райевгъудæнцæ… Ци гæнæн ма ин адтæй – Воромсимæ фæстæмæ фæннакæ кодта дууæсæдæ метри. Хъæбæр бафæлладæй, тухамæлттæй ма, нæхеуон цæфтæ кæми адтæнцæ, еци блиндажмæ бабурдæй.
Сæумæй ба немуц никки карздæрæй æмпурсун байдæдтонцæ. Советон æфсæддонтæ, ци гæнæн æма амал адтæй, уомæй кæронмæ сæ нихмæ бæргæ карз тох кодтонцæ, фал сæбæл знаг уæддæр фæттухгиндæр æй, уацари сæ райстонцæ.
Советон уацайрæгти немуц баластонцæ сахар Таллинмæ, уоми сæ ба сæ еу æрдæгихæлд заводи азгъунстмæ бакодтонцæ. Уордигæй кадæртæ раледзун бæргæ æвзурстонцæ, фал дзæгъæли…
Зумæги 1941-1942 æнзти концлагери адтæй цалдæр мин уацайраги, уæхæн уавæрти сæ дардтонцæ, æма сæдæгæйттæй мардæнцæ тифæй, æстонгæй.
– Нæ еугурдæр уотæ æгудзæг æма æнæхъаурæ адтан, æма ин зæгъæн дæр нæййес, хъæбæр зин æй уотид æ радзорæн дæр,– имисидæ Тауас. – Аэродроммæ нæ лагерæй ратæриуонцæ бæгъæнбадæй æма нæ къæхтæй надтан мет, цæмæй хуæдтæхгути æрбадæн фæзуат лигъздæр адтайдæ… Беретæ ни еци лæугæ-лæугæй мардæнцæ, ке ба фехсиуонцæ, неци пайда бал си ес, зæгъгæ. Раст зæгъгæй, немуцæгти ’хсæн адтæй фæлмæнзæрдитæ дæр. Сосæггай салд картофтæ æрбагæлдзиуонцæ мах æрдæмæ…
Гъе уæхæн гъезæмайраг уавæрти Тауасмæ разиндтæй фагæ хъаурæ æма нифс, равдиста лæгдзийнадæ, дигорон лæги уодисконд, е ’рдзон раст уодигъæдæ, æ фидтæлти тог æма æхсарæ. Æ нифс нæ расастæй, æууæндтæй, æ устур æма домбай бæсти рохсдæр исонибонбæл, цардамондбæл.
Фæстæдæр ци бацæнцæ, уой туххæй Тауас уотæ дзурдта:
– Ку фæссæрæндæр ан, уæд нæ æндæр лагермæ ракодтонцæ. Уордæмæ ба дзиуиттæгти нæ уагътонцæ. Немуцæгтæй еу уруссагау дзурдта, цалдæр зилди нæбæл æркодта, алкæмæ дæр ни лæмбунæг æркæсидæ. Мæн æрдæмæ дууæ хатти æрбазилдæй, фæккастæй мæмæ, уæдта мæ бафарста ци ’рдигон дæн, уомæй. Æз мæхе байамудтон, æма мæ уæд бафарста мæ муггагæй, мади, фиди номæй. Æ дæлбарæ æфсæддонтæй еуей рарвиста æма е æ хæццæ лагерæй ракодта уацайраг æригон лейтенанти. Е мæ хæццæ радзубанди кодта нæхе æрдигонау æма немуцæгтæй баруагæс æй, дзиуиттаг ке нæ дæн, е. Ирон лейтенант ба разиндтæй Заманхъулæй, цудайдæ ибæл дууæ æма инсæй анзи, асæй рæстæмбес… Еци лагери цæгаткавказæгтæй ка адтæй, уони багæлстонцæ Варшави бунмæ, Беноминово, зæгъгæ, уордæмæ. Ами махæй вермахти æфсæддонтæ искæнунмæ гъавтонцæ, сæхе уæледарæс нæбæл искодтонцæ…
Гъе уотемæй евгъудæнцæ рæстæгутæ, гъезæмæрттæ идзагæй… Раледзунмæ бæргæ багъавидæ, фал ин си неци уадæй.
– Уæддæр еу æхсæвæ ба багъузтæн цидæр хутормæ, рохс ци хæдзарæй калдæй, уордæмæ. Бийнонтæн балæдæрун кодтон, нæхеуонтæмæ ке цæун æма мæ баримахстонцæ. Етæ мин загътонцæ, фронти сæрти бахезун дин зин уодзæнæй, ку нæ дин бантæса, уомæ гæсгæ ба, дан, багæдзæ, куд зонæн, уотемæй не ’фсад хутор тагъд исуæгъдæ кæндзæнæй фашисттæй. Æма, æцæгæйдæр, дууæ суткей фæсте хутор нæхе æфсад байахæста.
Зæронд уосæ æма æригон кизгуттæ мин мæ немуцаг дарæс рагæлстонцæ æма мæ уæле искодтон цидæр хумæтæг дарæс. Бацудтæн нæхеуонтæй еу афицермæ, уацари хабæрттæ ин ракодтон. Курдтон, цæмæй мæ фронтмæ ракодтайуонцæ. Е мин карзæй уотæ: «Ду мах нæ гъæуис!» Еу æфсæддонмæ фæдздзурдта æма, ракæнæ ’й æма ’й фехсæ, зæгъгæ ин, ку зæгъидæ. Е ма ракодта æма мин уотæ: «Фегъустай бардзурд, фал дæ нæ марун, æригон ма дæ, цо Мариупольмæ, комендатурæмæ дæхе радтæ…» Автоматæй цалдæр хатти хæрдмæ фехста, гъома, ихæслæвæрд исæнхæст кодтон, зæгъгæ, æма рандæй.
Комендатури мин загътонцæ, дæу хузæнтти, дан, æрæмбурд кæндзинан æма уæ тугъдмæ рарветдзинан. Фал цалдæр боней фæсте нæ еу сæумæ вагæнтти бакалдтонцæ. Фæлластонцæ нæ сахар Шахтæмæ, уордигæй ба Новошахтинскмæ (лагерь госпроверки).
* * *
Ке неци хабар ми игъустæй, уомæ гæсгæ ба мæ нæхемæ мардбæл банимадтонцæ. Фал мæ финстæг ку райстонцæ, уæд мæмæ мæ мадæ Мисирхан æма мæ кæстæр æнсувæр Федар æрхъæрттæнцæ. Гъæуайгæнæг мин фегъосун кодта, дæхеуæнттæ дæмæ ’рцудæнцæ, зæгъгæ. Рацудтæн, синдзин телти медæгæй сæмæ мæ къохтæ телун. Не ’хсæн адтæй инсæй метри, мæ мадæ мæмæ тундзуй, кæуй, дзоруй мæмæ, мæ хъæболæ, æгас ма дæ, зæгъгæ. Гъæуайгæнгутæ ’й хæстæг не ’рбауагътонцæ, хæрдмæ æхстонцæ, фал кæми…
Цæйбæрцæдæр рæстæги фæсте, 1943 анзи феврали мин истæрхон кодтонцæ дæс анзи ахæстдони фæббадун, уой фæсте ба ма никкидæр фондз анзей дæргъи мæ гъæлæси бартæ адтæнцæ ист.
Ахæст адæми лагерь адтæй Ростови, уордигæй нæ ластонцæ завод «Ростсельмаш»-мæ, уоми кустан тайунгæнæн цехи. Мæ ихæстæ хуарз æма афойнадæбæл ке æнхæст кодтон, уомæ гæсгæ мæ æхсæз мæйи раздæр исуæгъдæ кодтонцæ. Е адтæй 1954 анзи, октябри.
Ме ’суæгъди туххæй нæхемæ рагацау нæ ниффинстон æма мæмæ æнгъæлмæ кутемæй кастайуонцæ. Тургъæмæ бахизтæн, исбадтæн хæдзарæмæ бахезæни къæпхæнтæбæл æма тамаку думгæй берæ фæббадтæн. Нæ мæ фæндадтæй мæ мади райгъал кæнун. Ме ’нсувæр Федар ба уæд æфсади службæ кодта. Тургъи фæррацо-бацо кодтон еуцæйбæрцæдæр, уæдта не ’рвадтæлти колдуар дорæй бахуастон. Адтайдæ сæуми цуппар сахатти. Ку базудтонцæ, Тауас дæн, уæд сæ кизгæ Алетæ, медæггаг хæдони рауайгæй, синхи адæми райгъал кодта, Тауас иссудæй, зæгъгæ.
Адæм нæ тургъæмæ æмбурд кодтонцæ. Алетæ мæ мади дæр райгъал кодта æма мæ е ку рауидта, уæд ма айдагъдæр исдзурдта: «Мæ биццеу…» Уæдта берæ рæстæг исдзорун нæбал фæразта…Хæдзари медæгæй лæмбунæгдæр ку ’ркастæн, уæд æй балæдæрдтæн, мæ мадæ еци æнзти дæргъи уотид пъолбæл ке фæххустæй, гъома, кæд мæ хъæболæ уæхæн уæззау уавæрти æй, уæд æз фæлмæн хуссæни куд уолæфон.
Тауас еци бон фæццудæй уæлмæрдтæмæ, фæхъхъонц кодта æ фиди зианбæл æма æ карнæбæл. Ци гæнæн адтæй, цард цард æй, æ хабæрттæ ин аразун гъудæй. Æма Тауас 1954 анзи фæсаууонмæ ахур кæнун райдæдта Мæскуй Н.Крупскайи номбæл Еугурцæдесон адæмон исфæлдистади Центрон хæдзари. Каст æй фæцæй хъæбæр хуарз бæрæггæнæнти хæццæ…
Тауасити Тауаси цардвæндаги туххæй ма, нæ равгитæ куд амононцæ, уомæ гæсгæ бæлвурддæрæй рахабæрттæ кæндзинан æндæр хатт, абони ба нæ фæндуй æ фурттæ Руслан æма Станислави туххæй зæгъун.
Ахури фæсте æ цард байеу кодта синдзигъæуккаг кизгæ Икъати Таири хæццæ. Райгурдæй син дууæ биццеуи Руслан æма Славик. Ку байрæзтæнцæ, уæд син сæ карни идарддæри хабæрттæбæл тухсгæй, Мæскумæ сæ ракодта. Биццеутæ фиццаг ахур кодтонцæ В. Сурикови номбæл хузæкæнуйнадон институти размæ сæрмагонд скъолай, уæдта институтæн æхеми, скульптори дæсниадæбæл. Æнтæстгинæй æй каст фæцæнцæ. Тауасæн æ царди уавæртæмæ гæсгæ ци нæ бантæстæй, скульптор исун, еци бæлдæ ин æнтæстгинæй исæнхæст кодтонцæ æ дууæ фурти – иссæнцæ айдагъ Иристони нæ, фал æнæгъæнæ Уæрæсей дæр æма дуйней берæ рауæнти дæр игъустгонд скульптортæ.
Руслан берæ æнзти дæргъи фæккуста, кæддæр каст ке фæцæй, еци ахургæнæндони Мæскуй В.Сурикови номбæл хузæкæнуйнадон институти, фæстагмæ си адтæй декан, исаккаг ин кодтонцæ профессори ном. Гъулæггагæн, æ карнæ ин æгæр цубур цардвæндаг исаккаг кодта – æдеугурæй аст æма дууинсæй анзи (1956-2004).
Станислав ба еци институти исахур кæнуни фæсте исæздахтæй Иристонмæ æма ами æнтæстгинæй æнхæст кодта е ’сфæлдистадон куст. Фал уомæн дæр,– уогæ ба карнæн ци загъдæуа!.. – æ цардвæндаг æгæр цубур рауадæй – зæгъун æнгъезуй, æ кари тæккæ тæмæни бацæугæй, рацох æй æ уæлзæнхон цардæй (1959-2014). Фал уæддæр абони æй не ’хсæн – æ берæ дессаги искурдиадæгин скульптурон куститæй. Ранимайдзинан си цалдæр: Дзæуæгигъæуæн æ бундорæвæрæг Бугъулти Дзæуæгæн циртдзæвæн (лæууй сахари, Штыби фæзи), Хонхи Санибай Устур Фидибæстон тугъди рæстæг ци фæсевæд фæммард æй, уонæн номерæн монумент, абони Дзæуæгигъæуи уиндгундæр рауæнти фæууинæн ес, номдзуд театралон архайæг Евгений Вахтанговæн æма номдзуд драматург æма финсæг Михаил Булгаковæн ци монументтæ искодта, уони æма ма берæ æндæр скульптуритæ..
Адтæй ма Дзæуæгигъæуи Намуси мемориалон комплекси исаразгутæй дæр еу. Станислав нимад адтæй айдагъ Цæгат Кавкази нæ, фал æнæгъæнæ Уæрæсей дæр монументалон скульптури дæснидæртæй еуебæл. Æнтæстгинæй архайдта аллихузон уæрæсейаг æма дуйнеуон аййевадон равдистити. Станислави куститæ ’нцæ Уæрæсей æма берæ фæсарæйнаг паддзахæдти музейти. Уой эскизтæмæ гæсгæ арæзт æрцудæнцæ аллихузон исфæлдистадон конкурстæ æма фестивальти лауреаттæ хуарзæнхæгæнæн призтæ. Зæгъæн, номдзуд профессор, техникон наукити доктор, Цæгат Кавкази хуæнхон-металлургион институти раздæри ректор Хуадонти Зураппи номбæл фонд хъæппæресæй арæзт Национ преми «Нарти фæткъу»-йæн. Нæкæси, Станислав æхуæдæг дæр æ рæстæги иссæй еци премий лауреат.