Ӕ РОХС НОМ ЦӔРУЙ ӔМА ЦӔРДЗӔНӔЙ НӔ ЗӔРДИТИ…
Нӕ национ аййевадӕ ӕ агъазиау ӕскъуӕлхтдзийнӕдтӕй кадӕ ӕма намуси уӕлтӕмӕнади бӕрзӕндтӕмӕ ка исиста, уонӕй еу адтӕй Байти Владимири кизгӕ Альбинӕ. Номдзуд кафӕг, Цӕгат Иристони адӕмон кафти Падзахадон академион ансамбли солисткӕ ӕма аййевадон разамонӕг, Уӕрӕсей ӕма Цӕгат Иристони адӕмон артисткӕ – нӕ дзилли зӕрдити байзадӕй куд дессаги искурдиадӕгин аййевадон архайӕг, куд хуӕдӕфсармӕ, хумӕтӕг адӕймаг. Ӕруагӕс ни кӕнуй, ӕностӕмӕ дӕр нӕ адӕм фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ имисдзӕнӕнцӕ ӕ рохс ном, кадӕ ин кӕндзӕнӕнцӕ. Цардӕгас ма ку адтӕй, уӕд уой кадӕн хъӕбӕр берӕ бийнонти нӕуӕгигурд кизгуттӕн лӕвардтонцӕ ном Альбинӕ. Абони дӕр уотӕ ’й, идарддӕр дӕр уотӕ уодзӕнӕй. Абони ба Байти Альбини имисӕн, 17 декабри ӕ райгурдбӕл цуппаринсӕй анзи (1941-1993) ке ӕнхӕст кӕнуй, уой фӕдбӕл. Номдзуд Альбини туххӕй ӕрмӕг кӕсетӕ 4-5-аг фӕрстӕбӕл. Мухур ӕй кӕнӕн уруссаг ӕвзагбӕл – уомӕн ӕма нӕ республики цӕрӕг еугур адӕмихӕттити еугур минӕвӕрттӕн дӕр Байти Альбинӕ хъӕбӕр зӕрдтагон адтӕй, ӕгӕрон уарзтӕй ӕй уарзтонцӕ ӕма ‘й абони дӕр ма имисунцӕ, уомӕ гӕсгӕ ба раст уодзӕнӕй, уонӕн дӕр равгӕ ку фӕууа Альбини туххӕй ӕрмӕг бакӕсунӕн.
Ирина ГУРЖИБЕКОВА
АЛЬБИНА БАЕВА
Так тяжело, что не хватает слов.
Окончен танец. Сцена опустела.
От невесомых трепетных шагов
Остался звук, неслышный и несмелый.
О как была дорога нелегка!
Как знала ты, речам хвалебным внемля,
Что чем охотней носят на руках,
Тем и сильней швырнут потом на землю.
Ты поднялась. Ты выиграла бой.
Чтоб вновь уйти, смирясь с жестокой силой.
И даже всенародная любовь
Не сберегла тебя. Не защитила.
Все умирает: дни и города.
Все умирают: и богач, и нищий.
Но лишь творца высокая звезда
Сквозь вечность к нам всегда пути отыщет.
Я голову повыше запрокину,
И хотя боль еще в виски стучит,
Но, может быть, звезду моей Альбины
Меж звезд других увижу я в ночи…