21 ноября 2024

СÆЙРАГДÆР ÆРГОМ – СОЦИАЛОН ФАРСТАТÆМÆ

16.09.2023 | 15:18

Еу адæймагæн мæйæмæ фæццæрунæн тæккæ минкъийдæр хæрзти бæрцæ 2024 анзи исуодзæнæй 13729 соми: косгæ ка  кæнуй, уонæн – 14965 соми, пенсиесгутæн – 11807 соми, сувæллæнттæн – 13331 соми. Аци нæуæг бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ ба фулдæргонд æрцæудзæнæй социалон феддонти бæрцæ дæр. Уой туххæй фегъосун кодтонцæ æрæги республикон Хецауади æмбурди.

Еума ахсгиаг фарстабæл дæр ма æрдзубанди кодтонцæ аци æмбурди. Арæзтадæ æма  архитектури министри хуæдæййевæг Бæзати Дмитрий куд фегъосун кодта, уотемæй 2022-2023 æнзти республики æнхæстгонд цæунцæ федералон бюджети инфраструктурон æфстæутти фæрци цалдæр социалон ахедгæ проекти: комплекс «Аква-Сити»-й инженерон инфраструктурæ Дзæуæгигъæуи, берæфадуатгин туристон-рекреацион комплекс «Къæхтисæр», Горæтгæрон райони, Дæргъæвси, уæдта Дзæуæгигъæуи астæуккаг хаййи Терки билгæрон цæрæн æма коммерцион арæзтадæ.

Æ радзубандий ма Бæзай-фурт загъта:

– Сæрмагонд къазнайæй æфстæуттæ есуни барæ нин фадуат дæттуй инженерон инфраструктурæ æма социалон æгъдауæй вазуггин объекттæ аразунæн нæ республики. Нуриуæнгæ арæзт цæунцæ цæрæнуатон æма туристон комплекстæ. Æдеугурæй 2022 æма 2023 æнзти Цæгат Иристонæн гъæуама лæвæрд æрцæуа 1,5 миллиард соми. Уомæй уæлдай ма нин нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйлой  байархайди фæрци уæлæнхасæн ма радех кодтонцæ 2,5 миллиард соми, кæцитæ харзгонд æрцæудзæнæнцæ инженерон инфраструктури райрæзтбæл, æхсæнадон транспортон фæрæзнитæ балхæнунæн, устур æхсæнадон ахедундзийнадæ кæмæн ес, уæхæн объекттæ исаразунбæл.