29 апреля 2024

СÆРМАГОНД ХУÆРЗЕУГУТÆ – СÆ ЛÆГДЗИЙНАДИ ТУХХÆЙ

14.04.2023 | 21:43

Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсей гъæуайкæнуйнади Министради хуæрзеугутæ равардта Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги æма Хецауади Администраций разамонæг Гобети Ибрагим æма сæрмагонд æфсæддон операций архайæг, къуар «Аланистон»-и раздæри разамонæг, нур ба тагъд уагахæсти къуари командæгæнæг Гæбути Игорæн.

Республики разамонæг син равардта «Сæрмагонд æфсæддон операций архайæг»-и майдантæ, ци устур бæрнон ихæстæ сæбæл æвæрд цæуй, уони æнтæстгинæй ке æнхæст кæнунцæ, уой туххæй син райарфæ кодта. Куд ма бафтудта, уотемæй син æ зæрдæ зæгъуй æнæнез æма арæхстгин ун.

Уæрæсей гъæуайкæнуйнади Министради майдан «Сæрмагонд æфсæддон операций архайæг» федаргонд æрцудæй 2022 анзи 10 августи. Бундорæн райстонцæ «Сурх Стъалуй» советон орден. Хузæрдæмæ си бæрæг æй «Сурх Стъалу», е советон доги рæстæг адтæй кадгин хуæрзеуæг. Сæрмагонд æфсæддон операций нисантæ æнхæст кæнуни ка фескъуæлхтæй, етæ си хуарзæнхæгонд цæунцæ.