07 декабря 2024

СÆРУСТУР АН ÆРИГÆНТТИ ÆСКЪУÆЛХТДЗИЙНÆДТÆЙ!..

18.11.2023 | 14:11

БЕТЕТИ Фатимæ, Сергей МЕНЯЙЛО, ЦÆРИКЪАТИ Оксанæ, ПЛАТИ Альбинæ.

Æрæги, Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг Сергей Меняйло Хъамбердиати Мисости номбæл паддзахадон премийæй исхуарзæнхгин кодта, аййевадон литератури аци анз æнтæстгин къахдзæфтæ ка ракодта, еци æригон лауреатти: Цæгат Иристони Хетæгкати Къостай номбæл паддзахадон университети медиа коммуникацитæ æма журналистики кафедри хестæр ахургæнæг Цæрикъати Оксани дигорон æвзагбæл финст радзурд «Уидæ раздæр Иристони» æма Дзæуæгигъæуи 44-аг скъолай ирон æвзаг æма литератури ахургæнæг Бетети Фатими æмдзæвгити æмбурдгонд «Уалдзигон къæвдатæ» æма тæлмаци кустити туххæй.

Сергей Меняйло лауреаттæн зæрдтаг арфитæ ракодта æма хуарзбæл банимадта, æригæнттæ сæ исфæлдистади се ‘ргом ке æздахунцæ нæ рагфидтæлти цардиуаги хабæрттæмæ, нури уавæртæмæ гæсгæ син цæстуарзон аргъ ке кæнунцæ, уой. Куд загъта, уотемæй евгъуд рæстæгути æцæгдзийнадæ бæлвурдæй нæ базонгæй исонибон зæрдæмæдзæугæй аразæн нæййес.Æ радзубандий ма загъта:

– Сумахæн бантæстæй уе ‘сфæлдистади  истори æма бæстæзонуни фарстатæ æнхæстæй равдесун. Сумах финсетæ, мах ба уин агъаз кæндзинан, ци гæнæн æма амал уа, уомæй.

Мадзали ма архайдта нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæ.